Уыдон сты нæ фидæны историйы хъайтартæ, сæ нæмттæ фыст æрцæудзысты историйы, мысдзысты сæ фидæны фæлтæртæ æмæ суыдзысты хъæбатырдзинад æмæ ныфсхастдзинады дæнцæг, афтæ ма суыдзысты Уæрæсеимæ æнусон хæлардзинадæн дæр æвдисæнтæ.

Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы нæ республикæйæ цы фæсивæд исынц хайад, уыдонæй бирæтæ систы бæрзонд хорзæхты аккаг. Æрæджы, не ‘мзæххон, Магкоты Тамерлан Уæрæсейы Президент Владимир Путины Барамындæй хорзæхджын æрцыд – Уаз Георгийы IV-æм къæпхæны дзуар æмæ Жуковы майданæй. РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрад та йæ схорзæхджын кодта Хуыбылты Валерийы номыл майданæй. Тамерлан уыцы бæрзонд кады аккаг ссис Украинæйы фашизмы ныхмæ тохы активон хайад исгæйæ цы хъæбатырдзинад равдыста, уый тыххæй. Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй уый бахауд алыгъуызон карз тохты, фæлæ йын æвæццæгæн, хъысмæтæй лæвæрд уыд йæ райгуырæн бæстæмæ сæрæгасæй æрыздæхын.

Тамерлан райгуырд 1999 азы, каст фæцис нæ горæты 9-æм астæуккаг скъола. Йæ ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыд сæ уарзондæр ахуыргæнинæгтæй иу. «Тамерлан йæ уроктæм никуы æрбацыд æдзæттæйæ. Ахуыр кодта хорз æмæ уымæй дарддæр та уыд бафæзминаг ахуыргæнинаг», – загъта Тамерланы  тыххæй 9-æм скъолайы ахуыры хайады гæс Дзигойты Ритæ.

Тамерлан йæ ахуыр адарддæр кодта ХИПУ-йы юридикон факультеты, уым ахуыргæнгæйæ ма бацыд Цæгат Ирыстоны ХМИ-йы электрикæ æмæ электротехникæйы факультетмæ. Йæ кармæ гæсгæ йæм æрсидтысты Уæрæсейы æфсады рæнхъытæм. Йе ‘фсæддон хæс Мæскуыйы областы Балашихы горæты цæсгомджынæй сæххæст кæныны фæстæ службæ кæнынмæ бацыд нæ республикæйы 4-æм Уæрæсейаг æфсæддон базæмæ контракты бындурыл. Украинæйы сæрмагонд операци куы райдыдта, уæд Тамерланæн фæуд кодта йæ контракты рæстæг, фæлæ йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй йæ сæрмæ не схаста ахæм рæстæджы йæхи бааууон кæнын æмæ адарддæр кодта йæ контракт.

Æрыгон хæстон лæппу хайад райста Донецк, Запорожье, Мариуполь æмæ æндæр горæттæ ссæрибар кæныны хæстон архайдтыты,  хайад иста завод Азовсталы ссæрибар кæныны тохты дæр. Тамерланы хæстон æмгар Цхуырбаты Астемыр куыд зæгъы, афтæмæй уый цалдæр хатты комкоммæ каст мæлæты цæстытæм, бахауд тæссаг уавæрты, фæлæ-та иу фервæзт.

«Мариуполы хæстон тохты рæстæджы Тамерланæй чысыл фалдæр æрхаудис егъаукалиброн снаряд, фæлæ йæ фердæхтдзинады руаджы, афоныл бааууон кодта йæхи. Дыккаг хатт, дæр æм тынг æввахс æрхауд  снаряд, æмæ  уæд та, Хуыцауы фæндæй, снаряд не схæцыд».

Тамерланы Ирыстоны зæдтæ аирвæзын кодтой снайперы комкоммæ æхстытæй дæр.

«Апрелы мæйы кæрон мах рахызтыстæм радон хæстон хæслæвæрд æххæст кæнынмæ Мариуполы. Æз æмæ ме ‘мхæстон Тъехты Чермен, кæрæдзийы хъахъхъæнгæйæ, цыдыстæм нæ позицитæм. Нæ фæдыл цæуæг хæстонтимæ уыд цхинвайлаг лæппу Пилта (афтæ йæ хуыдтой йе ‘мбæлттæ). Мах æй нæ федтам, фæлæ æхст куы æрсабыр ис, уæд æй Чермен ауыдта, – уыд уæззау цæф æмæ  зæххыл ахаудис. Хъыгагæн, ууыл нæ уыд нæдæр каскæ, нæдæр бронежилет. Махæн нæ бон нæ уыд æввахс æм бацæуын, кæм уыд, уыцы бынат комкоммæ зындис знаджы позицитæм æмæ мах дæр, æнæмæнгæй, фехстаиккой. Раци мæм бæргæ уыд, фæлæ йæ зарядкæ сбадтис. Бамбæрстам, афоныл æххуысмæ кæй никæцæй ис æнхъæлмæ кæсæн»,- радзырдта Тамерлан.

Уавæр хынцгæйæ, Магкоты лæппу, йæ цардыл æнауæрдгæйæ, атагъд кодта Пилтайæн æххуыс бакæнынмæ æмæ йæхæдæг дæр фæцис цардæн тæссаг цæфтæ: «Чермены ныууагътон позицийыл æмæ мæхæдæг аздæхтæн, райдайæны цы позицитыл уыдыстæм, уырдæм. Уыдыстæм Азовмаш-ы заводы агъуысты, æмæ мæ хъуыд заводы территорийæ кусгæ моторты хсæнты ахизын. Сæйраг позицимæ  дæс метры дæрддзæгæн уыд тыгъд быдыр, нæ уыд, кæм бааууон кодтаин мæхи, уыцы уавæртæ. Раст уыцы ран фæ-дæн снайперы æхсты бын – нæмыг сæмбæлдис мæ бæрзæйы ‘рдыгæй, каскæйыл», – дзырдта Магкойы фырт. Стыр Хуыцауы æххуысæй, снайперы нæмыг буармæ каскæ нæ бауагъта, ахызт каскæйы иннæрдыгæй фæрсты. Лæппу нæ фæцæф,  фæлæ блиндажмæ иу метры дæрддзæгæн ахауд размæ æмæ бауадзыг. Æххуысмæ йæм ратагъд кодтой йе ‘мхæстонтæ æмæ йæ бааууон кодтой. Уыдон куыд загътой, афтæмæй Тамерлан йæхимæ куы ‘рцыд, уæд йæ фыццаг фарст уыд, Чермен æмæ  Пилтайæн æххуысмæ искæйы арвыстой,  æви нæ.

«Æз тарстæн Пилтайæн, афоныл ын æххуыс куы нæ уыдаит, æмæ йæ цæфтæ куы нæ сфæрæзтаит. Уымæй дарддæр Чермен позицийыл баззад иунæгæй, йæ нæмгуытæ куы фæуой, уæд уымæн дæр йæ уавæр уыд тæссаг. Мæхи куы æрæмбæрстон, уæд сæм атагъд кодтон, фæлæ байрæджы. Хъыгагæн, Пилта нæ фервæзтис», – радзырдта Тамик.

Тамик дыккаг хатт ссис украинаг снайперы нысан, фехста та йæ, æмæ та цæф сæмбæлд, йæ сæрыл цы каскæ уыдис, ууыл. Ныппырх ис каскæ, фæлæ йæхæдæг дæр æвыдæй нæ аивæрзт – ахауд æмæ та бауадзыг. Фæстæдæр ын йе ‘мхæстонтæ куыд загътой, афтæмæй æнхъæлдтой амардис, ныппырх йæ сæр, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ йæм æввахс бацæуын йæ зæрдæ никæйы хаста. Фæлæ æцæгæлон зæххыл, уæлдайдæр та хæсты быдыры, æмтуг адджын у, удуæлдайæ йæм бахъуызыд Козаты Руслан, рахаста йæ, æмæ та Магкойы фырт райгуырд дыккаг хатт… Дæргъвæтин рæстæджы фæцис Волновахы рынчындоны, стæй йæ ракодтой Докучаевскы æмæ стæй та Донецкы æфсæддон госпиталмæ. Уым ын медицинон æххуыс бакæныны фæстæ йæ рарвыстой Ростовмæ æмæ стæй та йæ  райгуырæн Ирыстонмæ.

Хæст хæст у, æнæ тугкалд нæ вæййы æмæ бахъæуы тагъдыл фыццаг медицинон æххуыс. Æсæддон операцимæ цæугæйæ, Тамерлан йæ хъус æрдардта медицинон зонæнтæм дæр. Йæ командир Сергей Верас фæцис уæззау цæф æмæ йын Тамерлан бакодта фыццаг медицинон æххуыс, кæцыйы руаджы аирвæзтис мæлæтæй.

Тамерланы хæстон æмгæрттæ куыд загътой, афтæмæй ма уыд ахæм цау, цыран йæ ротæ бахауд карз æхстыты бын. Уæд Тамерлан ныххауд йе ‘мгарыл æмæ йæ бахъахъхъæдта, йæ цардыл нæ ауæрдгæйæ.

Æрыгон хæстон лæппуйы буарыл ис цалдæр нæмыджы схъисы цæфтæ дæр, фæлæ йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй уыдонæй уыййас нæ тыхсы. Тынгдæр æй тыхсын кæнынц сæры тыхджын рыстытæ. «Æрвылбон дæр фæриссы мæ сæр, хостæ дæр мын уадиссаг не `ххуыс кæнынц. Æфсæддон хайы басгæрстыты рæстæджы мын сæрмагондæй ницы сбæрæг кодтой, фæлæ мæхи фæрæзтæй ацыдтæн республикæйæн æддæмæ, уым мын дохтыртæ куыд загътой, афтæмæй, цæмæй ме ‘нæниздзинад ма фæцуда, уый тыххæй мын хъæуы æвæстиатæй хос скæнын».

Æдæппæт 23 азы йеддæмæ нæма цæуы Тамерланыл, фæлæ Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад райсгæйæ,бамбæрста царды аргъ, райста бæрзонд æмвæзадыл хæстон фæлтæрддзинад. Стыр аргъ кæны йе ‘мхæстонтæ Козаты Ричард, Руслан, Тъехты Чермен æмæ Тедеты Арсены хъæбатырдзинадæн. Йæ фæнды ис, йе ‘нæниздзинад фæфидардæр кæныны фæстæ, ногæй уыдоны æмрæнхъ слæууын хæсты быдыры.

ХУЫГАТЫ Миленæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.