Нæ республикæйы территорийыл, уæлдайдæр та дæлвæз бынæтты хæрзвадат уавæртæ кæй ис дыргъгуыст райтынг кæнынæн, уый бахынцыдта не ‘мбæстаг Бекъойты Леуан æмæ ацы аз уалдзæджы, Къостайыхъæуы æрæвнæлдта дыргъдон аразынмæ. Дыргъдонæн йæ фæзуат у 45 гектары бæрц. Уымæй 18 гектары фæзуатыл ныссагъта 60 мин 450 фæткъуыйы талаты ахæм сорттæ, куыд «Голден», «Гала» æмæ «Нестор». Талатæ æрластой Италийæ. Ацы сорттæ та уымæн ныссагътой, æмæ Леуан куыд зæгъы, афтæмæй уыдон тыллæг дæттын райдайынц фыццаг аз дæр. Æрбалæууыд фæззæг æмæ дыргъдон радта æцæгæйдæр йæ фыццаг тыллæг.

Ацы бонты дыргъгуысты ног хæдзарад ауагъта хæрзаудæн акци – йæ фыццаг æркæнгæ тыллæгæй фæхай кодта республикæйы цалдæр социалон æмæ ахуырадон уагдонæн. Райдианы уал машинæ фæткъуытæй йедзаг асыччытимæ Къостайыхъæуæй рараст ис æмæ æрцыд Цхинвалы скъола-интернатмæ. Бекъойты Леуан куыд загъта, афтæмæй фæйнæ 150 килограммы фæткъуытæ уыцы бон балæвар кодтой куыд Цхинвалы скъола-интернатæн, афтæ Ленингоры сывæллæтты хæдзар, реабилитацион центр «Ныфс» æмæ зæрæдты хæдзар «Аудындзинад»-æн. Уыдон ма сæ дыргътæй фæхайджын кодтой Къуайсайы скъола æмæ скъолайы агъоммæйы цалдæр уагдонæн.

Хæрзаудæн акцийы инициатор у компани йæхæдæг. Уыдон аскъуыддзаг кодтой, цæмæй фыццаг тыллæг иууылдæр байуарой ахæм уагдæттыл.

Цхинвалы скъола-интернатмæ бацæугæйæ, уыдоныл æхсызгонæй сæмбæлдысты йæ кусджытæ. Хъомыладон куысты фæдыл директоры хæдивæг Бибылты Фатимæ сын загъта стыр бузныг æмæ банысан кодта, зæгъгæ, интер-наты ахуыргæнинæгтæн уыдон фæткъуытæ фæкæнынц æлхæнгæ æмæ сын ныр ацы дыргътæ сты хорз лæвар.

Интернаты директор Тедеты Роланд дæр загъта йæ хъуыды, цæмæй æмгуыст кæной, æмæ сывæллæттæн организаци кæной фæллойы уроктæ компанийы дыргъдæтты. Уый, зæгъгæ, ахуыргæнинæгтæн ахъаз кæндзæнис куыстыл сæ цайдагъ кæнынæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ сывæллæттæн сæ бон у æххуыс сын кæной фæткъуытæ тонынæн кæнæ сæ æвзарынæн. Уалдзæджы та зонгæ кæндзысты, куыд зилын хъæуы дыргъбæлæстæм. Уый ма куыд загъта, афтæмæй интернаты сы-вæллæттæн сæ фылдæр хъæутимæ баст кæй сты, уымæ гæсгæ уый уæлдай пайдадæр уыдзæн уыдонæн.

Дыргътыл райгондæй сæмбæлдысты медико-социалон центры дæр. Йæ директор Теблойты Чермен куыд загъта, афтæмæй йын æхсызгон уыд, нæ республикæйы ахæм егъау хæдзарад кæй фæзынд, уый. Уæлдай æхсызгондæр та йын вæййы, кæй нæм разынынц ахæм адæймæгтæ, кæцытæ сæ продукцийæ фæхай кæнынц ахæм æххуысхъуаг адæймæгтæн  куыд зæрæдтæн.

Хæрзаудæн акци аразджытæн буз-ныджы ныхæстæ загъта реабилитацион центр «Ныфс»-ы сæргълæууæг Къæбысты Эрна дæр. Уый куыд загъта, афтæмæй сын балæвар кæнынц чингуытæ, уæлæдарæс, фæлæ дыргътæ лæвары хуызы райстой фыццаг хатт.

Фæткъуытæ сты хæрзгъæд. Уый бафидар кодта ветеринарон æмæ фи-тосанитарон хъусдарды паддзахадон службæ. Йæ къухдариуæггæнæг Мæр-гъиты Алан куыд зæгъы, афтæмæй сæ басгæрстой æмæ сæ нитраттæ нор-мæйæ фылдæр нæй.

Бекъойты Леуан ма куыд загъта, афтæмæй фæткъуыбæлæсты сорттæ æмткæй тыллæг дæттын куы райдайой, уæд дзы иу гектарæй райсæн уыдзæнис 50 тоннæйы бæрц. Æмæ сæ уæд уæй кæндзысты канд нæхи базæртты нæ, фæлæ нæ республикæйæн æддейæ дæр.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы дыргъдоны сы-рæзт канд йæ дыр-гъты тыххæй пай-да нæу, фæлæ ма стыр ахъаз фæцис хъæуы цæрджы-тæн дæр, уымæн æмæ сын фæзынд куысты бынæттæ.

Бекъойы фырт бузныг у нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауырæй, стыр хъусдард æм кæй аздæхтой æмæ йын инвестор ссарынæн кæй баххуыс кодтой, уый тыххæй.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ бæлæстæм кæй зилынц бынæттон агрономтæ. Уыдон сæрмагонд курсытæ бакастысты Уæрæсейы Федерацийы æмæ райстой хорз зонындзинæдтæ. Инвестор йæхæдæг дæр Уæрæсейæ æрхоны, хорз фæлтæрддзинад кæмæ ис дыргъгуыст райтынг кæныны, ахæм кусджытæ æмæ уыдон сæ хъуыддагыл цайдагъ кæнынц бынæттон кусджыты.

Леуаны уырны, хъæууон хæдзарады ацы къабаз пайда кæй хæссы, æфтиагджын кæй у æмæ нæ республикæйы климатон уавæрты йæ хъуыд-даг рæстмæ кæй ацæудзæнис æмæ пайда кæй æрхæсдзæнис æмткæй нæ республикæйы цæрджытæн, стæй – нæ экономикæйæн.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.