«Зынаргъ редакци! Уæ газеты фæрцы мæ бузныг зæгъын фæнды æвзонг дохтыр, фæлæ йæ хъуыддаджы æцæг специалист Джиоты Моникæйæн. Æвæццæгæн, нæ царды, уæлдайдæр та ацы знæт рæстæджы ахæм адæймаг нæ разындзæн дохтыры сæр кæй нæ бахъæуы. Рынчынæн, дам, йæ дзырды сæр  йæ низы кой вæййы. Æрæджы тагъд æххуысы станцы сæр бахъуыд мæн дæр. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ мæ зæрдæйы куыст схæцццæ, уæлдай куыст кодта æмæ мæ бинонтæ фæдзырдтой тагъд æххуысы станцмæ. Ацы хъуыддаджы та стыр нысаниуæг ис дохтыр дын рæстæгыл раст диагноз куыд сывæра, уымæн.

 Уайтагъд мæ уæлхъус алæууыд Джиоты Моникæ медицинон хоимæ. Тагъдыл мын мæ туджы æлхъывдад абарста, мæ зæрдæйы куыстмæ мын байхъуыста æмæ медицинон хойæн бауынаффæ кодта, цахæм  судзинтæ мын хъуыд саразын, уый тыххæй. Æппынæдзух мæ афæрсафæрс кодта  мæхи куыд хатын, уымæй. Цасдæр рæстæг мæ цурæй нæ ацыд æмæ мæ уавæр иу чысыл куы фæхуыздæр ис, уæд мæ тагъд æххуысы машинæйыл раласта республикон соматикон рынчындонмæ, цыран иу æхсæв арвыстон реанимацион хайады. Дыккаг бон мæ ракодтой палатæмæ æмæ иу къуырийæ фылдæры бæрц хос кодтон мæ зæрдæйæн. Æвæццæгæн мын стыр хуыцау баххуыс кодта ахæм хорз дохтыр мæм кæй æрбацыд, уымæй, науæд мæ хъуыддаг цæуыл фæуыдид, уый зын зæгъæн у. Палатæйы баййæфтон Джиголаты Венерæйы æмæ йын куы рахабар кодтон Джиоты Моникæйы аудгæ ахасты тыххæй газетмæ ныффыссынмæ хъавын, уый тыххæй, уæд мæм бахатыд, цæмæй йæ номæй дæр бузныджы æмæ арфæйы ныхæстæ зæгъон Джиоты чызгæн. Джиоты Моникæйы архайдæй ма райгондæй баззад æмæ йын бузныджы ныхæстæ дзуры нæ горæты Гафезы уынджы цæрæг Дзебысаты Гуло дæр. «Æрæджы мæ туджы æлхъывдад схызт æмæ мæ сæры рыст нал урæдтон. Бахъуыд мæ тагъд æххуысы станцмæ фæдзурыны сæр. Æрбацыд мæм дохтыр Джиоты Моникæ. Уый мæ лæмбынæг басгæрста æмæ мын медицинон хойæн саразын кодта судзинтæ. Цалынмæ мæ уавæр бæрæг фæхуыздæр ис, уæдмæ мæ цурæй нæ ацыд. Равдыста мæм уарзæгой æмæ уæздан ахаст, раст цыма йæ разы сынтæджы йе ввахс хиуон хуыссыд, уыйау.  Лæмбынæг мæ фæфарста ме ‘нæниздзинады тыххæй. Æгæрыстæмæй, ма фæдзырдта горæтон поликлиникæмæ, цæмæй мæ хæдзары бабæрæг кодтаид фадыгон дохтыр дæр. Моникæйы фæрцы абон мæ уавæр у бирæ хуыздæр».

Алы адæймагмæ дæр  ын ис аудгæ æмæ уæздан ахаст.  Рынчынтæн хос кæны дзыхы ныхæстæй дæр, барæвдауы сæ æмæ сын фæзæгъы ныфсывæрæн ныхæстæ. Стыр бузныг, æвзонг дохтыр, дæ уæздан æмæ бæрнон ахасты тыххæй. Ды иу æмæ дыууæ рынчынæн нæ баххуыс кодтай республикон рынчындоны исæн хайады кусгæйæ дæр æмæ дæ иууылдæр сты райгонд.

Уæд дын ноджыдæр фылдæр æнтыстытæ дæ ахсджиаг æмæ хъæуæг куысты. Бирæ азты дæргъы æнæнизæй лæггад кæн тыхст уавæры бахауæг адæмæн.

ТЫБЫЛТЫ Земæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.