Æрдзæй адæймагмæ цас æмбæлы, уыйбæрц нæ рацардис Дзугаты Гæбила, батыдта дзы 68 азы. Фæлæ уыцы азтæ дæр фаг сты, цæмæй дын дæ адæмы хæрзæбонæн бантыса бирæ хорз хъуыддæгтæ саразын. Гæбилайы цардвæндагыл цæст ахæсгæйæ, мæ зæрдыл æрлæууыд, сæрдыгон хъарм æхсæвы-иу æнæнхъæлæджы, стъалыйау æрттивгæ, цавæрдæр бындз куы ратахт, уæд-иу махæн йæ фенд цас æхцондзинад æрхаста, уый. Расур-басур-иу æй систам, фæлæ-иу æй куы æрцахстам, уæд-иу уайтагъд ахуыссыд. Фенкъард-иу стæм, фæлæ та-иу фæзынд æндæр æрттиваг стъалы бындз æмæ та-иу дарддæр йæ фæдыл ныййарц стæм…

О, фæлæ-иу уыцы стъалы-бындзытæн сæ рухс фæд семæ айсæфтис, Дзугаты Гæбилайы царды фæндаг та йæ амæлæты фæстæ дæр рухс дары æмæ мысинаг у фæстагæттæн.

Гæбила райгуырд æмæ хъомыл кодта ирон фарн, нæ фыдæлты хорз æгъдæуттæ уæлдай тынгдæр хъахъхъæд кæм цыдысты, уыцы фæрнджын хъæутæй сæ иу – Дзомагъы, 1888 азы. Йæ фыд Дæхцы-хъо уыдис мæгуыр зæхкусæг лæг. Бирæ рацæрын ын нæ бынтыст, раджы сбадтис йæ сабитыл сидзæры ном.

Æнæнцой, цардуарзаг уыд сабийы бонтæй фæстæмæ Гæбила, бирæ фæцыдис уæлыгæс, куы фестырдæр, уæд та – фыййауæй. Куыд фæзæгъынц, хурæй хæдон кодта, зæххæй – дзабыр. Æмæ цасфæнды дæ удæй арт цæгъд, дæхи куыстæй амар, уæддæр цæрдхъом нæ кодтой бинонтæ. Царды уæз Гæбилайы уæхсчытыл æрбадт æмæ акастис йæ рухс цæстытæй цардмæ. Лæппу зæрдæаивæй хатын райдыдта, хъæрццыгъа æмæ карчы цъиутæн бафидауæн куыд нæй, афтæ бонджын, исджынтæн дæр сæ фæндаг иу кæй нæу мæгуыр адæмимæ. Уæд уыдис революцион уадтымыгъты заман. Уæрæсейы революцион хъомысджын уылæнтæ сæхимæ æлвæстой Кавказы адæмты дæр.

Ирыстонæй дæр бирæтæ æфтын райдыдтой Уæрæсемæ, æндæр рæттæм, зонгæ кодтой революцион идеятимæ æмæ сæ фæстæмæ æрыздæхгæйæ, хъæууон фæллойгæнæг адæмы ‘хсæн парахат кодтой. Æнæуынондзинад æвзæрын кодтой тыхтонагæнджытæм. Уыцы уылæны бахауд  Дзугаты Гæбила дæр æмæ 1913 азы афтыд Грознæйы горæтмæ. Уым, куысты уæдмæ чи сфæлтæрдта, уыцы æрыгон лæппу счъилдысæй кусын райдыдта нефтгуырæнты. Ис ахæм ирон æмбисонд, зæгъгæ, гайлаг родæй бæрæг вæййы! Гæбила йæ сабибонты дæр хъаруйæ йе ‘мгæрттæй тыхджындæр уыд, æппæтмæ дæр уыд ныфсхаст æмæ цæрдæг. Уыцы миниуджытæ йын ам, Грознæйы, дæр  рабæззыдысты. Нефть истой бынтон хуымæтæджы амалæй, цалдæр лæппуимæ лæхъир сыджыт къахтой. Дардыл уæрмгонд иу сарæзтой. Уымæн-иу йæ къултæй бынмæ нефт чысыл къадатæй згъордта æмæ-иу айдзаг. Уæд-иу лæппутæ сæ белтæ феппæрстой æмæ ведраты истой нефт. Хастой йæ æмæ йæ кодтой цистернæты. Куыстой, сæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ, сæ хид калгæйæ, нефтæй амæхстысты æрмæст сæ къухтæ, сæ дарæс нæ, фæлæ сæ цæсгæмттæ дæр æмæ-иу счъиллæттæ сты. Хицау сæ уæлхъус лæууыд æмæ сын æрулæфыны бар нæ лæвæрдта. Грознæйы Гæбила бакуыста дыууæ азы бæрц, стæй йæм æрсидтысты паддзахы æфсадмæ. Уæд цыдис фыццаг дунеон хæст æмæ уайтагъд æрвыст æрцыд Турчы фронтмæ. Гæбила ам æххæстæй бавзæрста, хæст цы у, уый. Иу ахæмы Агъдайы æфцæгыл сæ ротæ хъазуат тохы бацыд. Бирæ  нæ ахаста уыцы размæбырст, знаг лидзынмæ фæцис. Стратегион пункт æрцахстой Уырысы æфсад. Стыр æхсардзинад равдыста Гæбила ацы хæсты.

 Фæлæ йæ ам кæронмæ бауырныдта, Турчы фронты тугкалын раст кæй нæу æмæ революцийæн зиан кæй хæссы. Йæхимид скарста: «Махæн нæ паддзах у социалон рæстдзинад, нæ райгуырæн бæстæ – революци! Уыдоны сæрыл тох хъæуы, ам, Турчы фронты нæ, фæлæ паддзах æмæ йæ фæсдзæуинтимæ. Ам нæхи хуызæн туркаг мæгуырты туг калын фыдракæнд у революцийы раз…» уæлдай тынгдæр æм бахъардтой, Саракамышмæ хæстæг цалдæр ирон хъæуы куы систой, уæд. Гæбила ныссагъæс кодта. Кæддæр сæ Теркæй Туркмæ фæхастой, уæ, нæ хæхтæ, нæ бæстæ. Куыд ма царæм уæ фæстæ, дзургæ æмæ сæм ныр та марæн кæрдтимæ æрцыдысты. Гæбила бамбæрста, чи у йе ‘цæг туджджын, кæй ныхмæ йæ хъæуы саразын йæ карды фындз. Æмæ 1971 азы уый рацыдис фронтæй фронтмæ. Уыцы рæс-тæджы Ирыстоны хæхты цыренæй цырендæр кодта революцион куыст. Йæ цырв та уыдысты Гæбилайау фронтæй æрцæуæг салдаттæ. Уæд Хуссар Ирыстоны хæстхъом адæмæй организаци æрцыд партизанты къорд. Уыцы къорды уæнгтæй сæ иу уыд Дзугаты Гæбила дæр. Раст йæхи хуызæн мæгуыр кусæг æфхæрджыты ныхмæ, йе ‘хсаргонд йæ кæрддзæмæй сласта ногæй, дамбаца синысæр ныссагъта æмæ партизантимæ цуан кодтой тугцъиртыл. Тох кодтой, цæмæй мæгуыр хъæздыгæн мауал куса, зæхх æмæ адæмы бартæ æмхуызон суой. 1920 азы Хуссар Ирыстоны расидт куы æрцыд советон хицауад, уæд Жордания йæ тыхтæ æппæт хъомысæй дæр сарæзта армыдзаг Хуссар Ирыстонмæ. Арв дæр, цымæ, æрыскъуыд æмæ тугуарæн кодта Иры хæхтыл, хъæутыл. Ныггуыпп ласта арт æмæ йæ гуылфæны лæгæрс-той Гæбила æмæ йе ‘мбæлттæ. Цъыбыртты сыгъд бацис Хуссар Ирыстон, фæлæ меньшевиктæ дæрæн  æрцыдысты Гæбила æмæ уый хуызæн æхсарджын фыртты руаджы.

Афтæ гуырдис ног Советон Хуссар Ир. Фæсивæд сæ тугæй кæй балхæдтой, уыцы ног цардыл цæрддзу кодтой. Уыцы фæсивæды хъазуатонтæй сæ иу Дзугаты Гæбила уыд. Йæ тыхджын цæнгтæй счъилдысæй бавнæлдта ног цард аразынмæ. 1931 азы уый уыдис Ручъы колхоз саразыны организатортæй сæ иу. Фæстæдæр та ссис йæ сæрдар.

Дзугаты Гæбилайы къухдариуæгадæй арæзт æмæ æндидзыд цыдис йæ уарзон хъæу Дзомагъ. Сарæзтой цæрæн хæдзæрттæ, фосдарæн скъæттæ æмæ хъæу ногæй æндидзыдта цадæггай. Йæ къухдариуæгадæй ма Ручъы хъæуы цæрджытæ стыр хайад райстой Рукъ-Дзауы фæндагарæзтады.

Советон хицауады сæрыл, афтæ ма гуырдзиаг меньшевикты ныхмæ тохы Гæбила цы æхсардзинад æмæ лæджыхъæд равдыста, уыдон ирдæй æвдыст æрцыдысты Дзугаты Хаджумары кадæг «Сырх партизан»-ы.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты Дзугаты Гæбила службæ кодта, Хуссар Ирыстоны цы куынæг-гæнæг батальон арæзт æрцыд, уым. Батальоны хæс уыдис, Ручъы æфцæджы немыцаг диверсанттæй хъахъхъæнын.

Райгуырæн бæстæйы раз Гæбилайы лæггæдтæ æнæхъусдард нæ баззадысты паддзахады ‘рдыгæй. Хорзæхджын æрцыд Кады нысаны орденæй, «Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты намысджын æмæ æхсарджын куысты тыххæй», æмæ «Кавказ бахъахъхъæныны тых-хæй» майдантæй.

Стыр аргъ кодтой Гæбилайæн йе ‘мдугонтæ, чи йæ зыдта æмæ кæимæ куыста, уыдон. Æрхæсдзыстæм уыдонæй цалдæры ныхæстæ. Цæвиттон, Джусойты Нафи загъта: «Ирыстоны алы хатт дæр уыдис кадджын лæгтæ. Уыдон уыдысты Дзугаты Гæбила, Есиаты Иналыхъ…».

Цæгæраты Созырыхъо та афтæ загъта: «Цы мыггаджы  Гæбилайы хуызæн лæгтæ уа, уыцы мыггагæн мæгуырæй тас нæу».

Мæнæ цы зæгъы Уалыты Хасанбег та: «Гæбила уыдис Дзауы Коммунистон партийы райкомы бюройы уæнг. Районы бюройы уæнгтæ стыр аргъ кодтой йæ ныхасæн. Арæх-иу йæ фæндон уыд раст æмæ лыг кодта вазыгджын фарстатæ».

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.