Æгъдауджыны миниуджытæ кæмæ ис, уыдонæн кæд-дæриддæр кад кæнынц адæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы миниуджытæ сæхæдæг сæхи хъæдæй нæ фæзынынц, фæлæ сты раст хъомылады фæстиуæг.

Сабийы æгъдауджын уæвыныл ахуыр кæнын райдайын хъæуы, цалынмæ скъоламæ нæ бацæуы, уæдмæ, цæмæй йын дарддæр суа йæ уагахасты, куыд  нормæ, афтæ. Æгъдауджын сывæллæттæн фылдæр æнтыстытæ вæййы, куыд ахуыры, афтæ царды æмæ йæ сомбоны карьерæйы дæр.

Æмбарынад «æгъдауджын» уæвынæн нæй бæрæг бæлвырд-гæнæн. Адæймаджы æгъдауджын рахонгæйæ, мах ахъуыды кæнæм, уый кæй æххæст кæны уагахасты иумæйаг райсгæ фæткойтæ, раарфæ кæны, фæнды йæ искæмæн баххуыс кæнын, цахæмфæнды ситуацийы дæр аргъ кæнын зоны йæ алыварс уæвджытæн.

Æгъдауджын сывæллон нын дзуры «бузныг» æмæ «та-буафси», салам дæтты хистæртæн, йе ‘мбалмæ бахаты, цæмæй йын хъазæн радта, йемæ адих кæны, хæринагæй йæм исты куы уа, уæд уый дæр. Æгъдау  уæвын разыны хистæртæн кад кæныны, æхсæнадон бынæтты уагахасты фæткойтæ æххæст кæныны. Ахæм миниуæг æнæмæнгхъæуæг у сывæллоны социалон адаптацийæн, уымæ гæсгæ иттæг ахсджиаг у уымæн скъолайы агъоммæ кары æгъдауджын уæвынмæ тырнындзинады æн-къарæнтæ æвзæрын кæнын.

Куыд хъæуы хъомыл кæнын æгъдауджын сывæллоны?

Сывæллон хъомыл кæнын æрмæст зондамонæн ныхæстæ, æнтыстыты тыххæй дзы раппæлын, галиу миты тыххæй та йæ баф-хæрын не сты. Фыццаджыдæр, хъомыладон процесс биноныг цæуы бинонты ‘хсæн хи цæвиттон æвдисыныл. Сымах нæ бахъæудзæн алыгъуызон методикæтæ агурын, кæцыты амонынц, сывæллоны куыд ахуыр хъæуы æгъдауджын уæвыныл, дæхæдæг аргъ кæнын куы зонай дæ алыварс уæвджытæн, уæд. Сы-вæллæттæ бонæй-бонмæ сæ хъус дарынц, ныййарджытæн сæ кæрæдзимæ цахæм ахастытæ ис, уымæ, æмæ сæ райсынц, куыд нормæ, афтæ. Кæд мад æмæ фыд æвзæр ныхæстæ фæдзурынц, кæмæдæр тызмæгæй сдзурынц, æххуыс кæй хъæуы, ахæм адæймæгтæн сæ иувæрсты  ахизынц, уæд сывæллон дæр ахæм уагахаст банымайы растыл æмæ уый дæр дарддæр афтæ кæндзæнис. Кæд æмæ ныййарджытæ бынат радтынц ацæргæ адæймæгтæн, мидбылхудгæ салам радтынц зонгæтæн, уынгты брæттæ не ‘ппарынц, уæд сывæллон райсдзæн уагахасты ахæм хуыз.

Ныхæстæ «бузныг», «дæ райсом хорз», «хатыр», «æгас цу» хъæуы дзурын æхсызгонæй, зæрдæбынæй, кæннод сæ нысаниуæг сафынц. Сывæллонæн бамбарын хъæуы, уыцы ныхæстæ афтæ ахсджиаг цæмæн сты æмæ сæ зæрдæбынæй цæмæн хъæуы дзурын.

Сывæллоны азымы дарын нæ хъæуы, «бузныг» кæнæ «табуафси» куынæ зæгъа, уæд. Гæнæн ис, сывæллон фæды-гъуырццæг, фæтыхст кæнæ йæ ферох, цы аразын хъæуы, уый. Гæнæн ис фефсæрмы æмæ хуыздæрыл банымадта ницы зæгъын. Сывæллоны ма хонут æнæхъомыл. Хуыздæр у, йемæ уавæрыл æруынаффæ кæнын, йæ уагахасты аххосаг раргом кæнын æмæ йын бамбарын кæнын куыд хъуыди, уый. Цæвиттонтæ агурын хъæуы мультфильмты æмæ сывæллæтты литературæйы. Сы-вæллæтты хъæуынц цæстуынгæ уавæртæ, цæмæй хуыздæр бамбарой æмæ бахъуыды кæной пайдайаг информаци. Сывæллонимæ кæсут мультфильмтæм, кæсут, æвæрццаг хъайтартæ кæм ис, ахæм чингуытæ. Равзарут ахæм уавæртæ, кæцыты уыцы хъайтартæ аразынц раст архайдтытæ æмæ сæ æнæмæнг хорзыл банымайут. Уæд сывæллон бамбардзæн, ахæм ракæндтæ æмæ ахæм уагахастæн æвæрццаг аргъ кæй кæнынц хистæртæ.

Раппæлын хъæуы сывæллонæй, æгъдауджын уæвыны цайдагъдзинæдтæ куы уынын кæна, уæд. Уæззау хызынимæ адæймагæн дуар бакодта, зæрдыл ын не ‘рлæууын кæнгæйæ, салам радта хъомылгæнæгæн кæнæ йæ хæлармæ авæрдта хъазæн – ахæм рæстæджыты дзы æнæмæнг раппæлын хъæуы.

Ахуыр хъæуы æмдзæвгæтæ, æгъдауыл чи ахуыр кæнынц, ахæм ныхæстимæ. Скъолайы агъоммæ кары сывæллæттæ бирæ тагъддæр бахъуыды кæнынц информаци, хъазыны хуызы йæ куы равдисынц, уæд.

Сывæллоны хъомыл кæнын хъæуы æргомзæрдæдзинады æнкъарæнтыл. Искæйы æнкъарæнтæ дих кæнынæн абон уæлдай стырдæр нысаниуæг ис. Кæд æмæ сывæллон йе ‘мбæлтты, йæ бинонты уæнгты циныл цин кæнын æмæ хъыгыл та хъыг кæнын фæразы, уæд æнцон бамбарæн у æгъдауджын уæвыны миниуæджы ахсджиагдзинады бамбарын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.