14-æм ноябры йæ цардæй ахицæн Мæскуыйаг драмон теары президент æмæ аивадон къухдариуæггæнæг, ССРЦ-ы Адæмон артист, театралон режиссер æмæ педагог Армен Джигарханян. Курдиатджын æмæ стыр артисты амæлæтыл фæхъынцъым кодтой милуангай адæм. Армен Джигарханяны амæлæт егъау зиан æрхаста Уæрæсейы культурæйæн, уый йæ мæссæлæйы банысан кодта Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин дæр. Зындгонд артисты кадимæ баныгæдтой 17-æм ноябры йæ чызджы фарсмæ Ваганьковскаг уæлмæрды.

Ис ахæм актертæ, кæцытæ куыддæр сценæйыл фæзынынц, афтæ уайтагъд фæндаг ссарынц сценæмæкæсджыты зæрдæтæм æмæ сын цард цæрæнбонтæм свæййынц уарзон актертæ. Ахæм уыд тифлисаг сомихаг Армен Джигарханян дæр. Джигарханяны ном дардыл у хъуыстгонд, уымæн йе сфæлдыстадон биографи уника-лон у, æмæ йæ актерон харизма та – иууыл æрттивагдæр уырыссаг кинематографийы. Уый сæххæст кодта сæдæгай рольтæ, куыд театры, афтæ кинойы дæр æмæ йын дзы алкæцы дæр уыдис йæ раны, сценæмæкæсджытæ дæр æмæ критиктæ дæр бæрзонд кæй æвæрдтой, стыр аргъ кæмæн кодтой, ахæм æнæферохкæнинаг æмæ цымыдисон рольтæ. Джигарханяны хъайтартыл сценæмæкæсджытæ æмæ телекæсджытæ æууæндыдысты æнцонтæй, æппæрццаг рольты дæр-иу куы хъазыдаид, уæд дæр. Уымæн æмæ уыдис æцæг диссаджы мастер, курдиатджын артист. Йæ алы рольты дæр-иу уыдис бынтон æндæргъуызон. Æндæр æмæ æндæр жанрты æххæст кодта сæрибарæй, раст цыма уыдонæн гуырд фæцис, афтæ. Уымæн йæ бон уыд æмæ алыхуызон характертимæ адæймæгты рольты ахъазыдаид. Армен Джигарханян уырыссаг кинойы арæх хъазыдис йе ‘мзæххонты рольты æмæ-иу кæддæриддæр уыдис хъæуæг актер. Йæ фыццаг роль сæххæст кодта 55 азы размæ кинофильм «Здравствуй, это я»-йы. Ам уый сæххæст кодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты рæстæджы æрыгон физикы роль. 1965-æм азæй нырмæ курдиатджын артист сæххæст кодта 250 фылдæр экранон ролы.

Армен Джигарханян сценæ бауарзта йæ ныййарæг мады руа-джы. Уый йын бауарзын кодта театр, фæлæ йын ГИТИС-мæ ахуырмæ бацæуыны рæстæг куы ‘рцыдис, уæд æрыгон лæппуйы къамисы уæнгтæ бафаудтой. Фæлæ Джигарханян йæхи нæ ауагъта æмæ дзы рауад, абон дуне стыр кад æмæ аргъ кæмæн кæнынц, ахæм гоймаг.

Армен Джигарханян райгуырд 3-æм октябры 1935 азы Ереваны. Йæ Фыд Барис уыд Тифлисæй рацæугæ сомихаг. Уый йæ бинонты ныууагъта, Арменыл иу мæйы куы сæххæст, уæд æмæ та ногæй йæ цард баиу кодта æндæр сылгоймагимæ, кæцыимæ сын райгуырдис чызг Маринæ.

Арменæн йæ мад та уыдис Сомихстоны бæрнон кусæг. Армены фыд æй куы ныууагъта, уæд уый фæстæ ног мой скодта æмæ лæппуйы хъомыл кодта йæ дыккаг фыд. Джигарханян йæ мысинæгты куыд дзырдта, уымæ гæсгæ йæ фыдимæ сæмбæлдысты бирæ азты фæстæ, Армен йæ лæджы кармæ куы бахæццæ, уæд. Армены сывæллоны азтæ æрхаудысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азтæм æмæ йæхиуыл бавзæрста хæсты уæззау азтæ. Æнæуынон ын уыдысты фашизм æмæ хæсты æнæрастдзинæдтæ.

Армены мад театр тынг кæй уарзта, уымæ гæсгæ-иу архайдта, цæмæй ма рауагътаид иу спектакль дæр. Спектакльтæм-иу акодта сомбоны артисты дæр. Армен уæд бауарзта театр æмæ бæллыд, цæмæй уый дæр йæ цард сбастаид ацы профессиимæ æмæ сценæйыл æвдыстаид йæ арæхстдзинад.

Скъолайон аттестат куы райста, уæд ацыдис Мæскуымæ, цæмæй ахуырмæ бацыдаид ГИТИС-мæ актерон факультетмæ. Фæлæ лæп-пуйæн нæ райстой йæ документтæ кавказаг акцент ын кæй уыд, уый тыххæй. Армен тынг смæсты æмæ фæстæмæ сæхимæ куы æрыздæхт, уæд аскъуыддзаг кодта иннæ аз дæр та кæй хъуамæ  бафæлвара уыцы уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуын, уый. Æмæ уал 17-аздзыд лæппу киностуди «Арменфильм»-ы йæхицæн ссардта операторы æххуысгæнæджы куыст. Æрыгон лæппу дыууæ азы бæрц йæхи цæттæ кодта театралон уæлдæр ахуыргæнæндонмæ. Аскъуыддзаг кодта, Мæскуымæ кæй нæ ацæудзæнис, фæлæ ныр йæ тыхтæ кæй фæлвардзæнис Ереваны аивадон-театралон институты. Æнтыстджынæй куы радта бацæуæн фæлварæнтæ, уæд æй сбадын кодтой фыццаг курсы æмæ уæдæй райдыдта йе сфæлдыстадон карьерæ. Фыццаг курсы студентæй Армен райдыдта хъазын Станиславскийы номыл Ереваны уырыссаг драмон театры сценæ-йыл. Джигарханян йæхи уайтагъд бауарзын кодта сценæмæкæс-джытæн,  бакуыста дзы 12 азы бæрц. Ацы театры сценæйыл сæххæст кодта æртын фæлгондзы. Арменæн кæд сæйраг рольтæ нæ лæвæрдтой, асæй ныллæг кæй уыдис, уый аххосагæн, уæддæр-иу цы рольты бацыд, уыдон-иу сæххæст кодта тынг хорз, стыр æхсызгонæй.

Джигарханян уæлдæр ахуыргæнæндон каст фæуыны тыххæй диплом райста 1958 азы, фæлæ уæдмæ дæр уыдис зындгонд, уарзтой йæ режиссертæ æмæ сценæмæкæсджытæ.

Ленкомы режиссер Анатоли Эфросимæ фембæлд Джигарханянæн уыд хъысмæтскъуыддзаггæнæг. Уый аккаг аргъ скодта курдиатджын лæппуйæн æмæ йæ фæхуыдта йæ театрмæ. Уæды рæстæджы Ленкомæн уыдис стыр ном æмæ уæд Джигарханян дæр сфæнд кодта Мæскуымæ. Курдиатджын актер иумиаг æвзаг ссардта труппæимæ æмæ уайтагъд райдыдта йæ куыст кæнын. Лæппуйы хъуыддæгтæ цыдысты хорз, фæлæ æнæнхъæлæджы æрцыдис ахæм хъуыддаг, кæцы бандæвта Джигарханяны карьерæйыл. Анатоли Эфросы систой йæ бынатæй. Ног режиссеримæ дæр хорз ахастытæ уыд Джигарханянæн, фæлæ æнæ Эфросæй йæ куысты нал иста моралон æхцондзинад, æнæ уый йын йæ куыст ад нал кодта. Æмткæй дзы бакуыста дыууæ азы бæрц æмæ уый фæстæ рацыд Маяковскийы номыл театрмæ, кæцыйы фæкуыста 27 азы бæрц, 90-æм азты æмбисмæ. 1996 азы Джигарханян сфæнд кодта йæхи театр саразын æмæ йæ рахуыдта «Театр «Д». Театры труппæмæ та бакодта ВГИК-ы кæцы курсæн разамынд кодта, уыдоны. Армен уæд театрæн уыд йæ аивадон къухдариуæггæнæг æмæ 2005 азы та ссис йæ директор. Ацы театр Арменæн ссис йæ дыккаг хæдзар, йæ царды фылдæр бонтæ кæм æрвыста, уым иузæрдионæй йæ зонындзинæдтæ дих кодта йæ хъомылгæнинæгтæн, ам гуырдис уырыссаг культурæ, кæцыйыл ахуыр кодтой милуангай адæм.

Куыд бирæ гениалон адæймæгты, афтæ Армен Джигарханяны хъысмæт дæр алы хатт нæ уыдис зæрдæзæгъгæ, бæллиццаг. Уый фыццаг йæ цард баиу кодта Ереваны уырыссаг театры актрисæ Алла Ванновскаяимæ. Райгуырд сын чызг фæлæ фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй Джигарханяны æмкъай рынчын уыдис, схосгæнæн кæмæн нæ уыд, ахæм психикон низæй. Стыр трагеди Джигарханяныл æрцыд 1987 азы, йæ чызг Еленæ æнæнхъæлæджы куы амард, уæд. Джигарханян дыккаг хатт йæ цард баиу кодта актрисæ Татьяна Власоваимæ, фæлæ 2015-æм азы официалонæй ахицæн ис Татьянæйæ дæр. Æртыккаг хатт та, 2014 азы Джигарханян йæ цард баиу кодта йæ театры музыкалон къухдариуæггæнæг Виталина Цымбалюк-Романовскаяимæ, кæцы Арменæй уыд 47азы кæстæр. Виталинæ ссис «Театр «Д»-йы директор. Се ‘мкъайад официалонæй срегистраци кодтой 2016-æм азы, фæлæ та йæ цард нæ ацыдис. Хылтæ æмæ диссæгтимæ кæй ахицæн сты Виталинæимæ, уый тынг бандæвта зындгонд артисты æнæниздзинадыл, уæззау рынчын фæцис цалдæр хатты æмæ уый адыл йæ зæрдæ банцад йæ кусынæй. Армен Джигарханян амардис, фæлæ æнæмæлгæ у йæ ном æмæ йе сфæлдыстад.

Бацæттæ йæ кодта

ЦХУЫРБАТЫ Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.