Ацы бонты нӕ Республикӕйы  дзыллӕйад цытимӕ банысан кодта зынгӕ ирон поэт, публицист,  прозаик, тӕлмацгӕнӕг ӕмӕ  ӕхсӕнадон архайӕг, Хетӕгкаты  Къостайы номыл Паддзахадон премийы лауреат Дзугаты Георгийы 110 азы юбилей. Уый, бӕгуыдӕр, хорз хъуыддаг у, хъӕппӕрис кӕмӕ разынд, уыцы ӕмбӕстӕгтӕн зӕгъын  стыр бузныг, сӕ фыдӕлты рохуаты  къӕсӕрыл хизын кӕй нӕ уадзынц, уый тыххӕй. Махӕн уый бар нӕй, ӕмӕ нӕ Национ культурӕйӕн стыр хӕрзты чи бацыд, Ирыстоны кад тырысайау бӕрзонд чи систа, уыдоны  рухс нӕмттӕ ма мысӕм. Ӕниу, мысын  дӕр, цыма, фаг нӕу, афтӕ мӕм кӕсы. Номхуындӕй мӕн ныртӕккӕ фӕнды иу ӕнӕмӕнгхъӕуӕг фиппаинаг банысан кӕнын, сфӕлдыстадон кусджытӕй  чи аивгъуыдта ӕмӕ йе сфӕлдыстадон бынтӕ биноныг ӕмбырдгонд кӕмӕн нӕ баййӕфтой, рухсмӕ кӕмӕн нӕ рацыдысты, уый тыххӕй. Уыдоны хыгъдмӕ бахӕссӕн ис Дзугаты Георгийы дӕр. Мӕн фидарӕй уырны, уымӕн йе сфӕлдыстадон бынты цымыдисаг ӕрмӕджытӕ кӕй разынид, фӕлӕ сыл абоны онг уадиссаг  хъуыдыгӕнӕг нӕма разынд. Ӕмӕ уый та махӕн, йӕ раздӕры коллегӕтӕ ӕмӕ ӕмдугонтӕн, ныббаринаг нӕу. Азым хауы йӕ фырт, куырыхон ӕхсӕнадон архайӕг, философон зонӕдты кандидат, Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы лауреат Къостамӕ дӕр. Дӕр нӕ, фӕлӕ, сӕйраджыдӕр, уый цӕстмӕ дарын, афонмӕ дӕр йӕ кадджын фыды сфӕлдыстадон бынтӕ кӕй не ‘рбӕстон кодта ӕмӕ сын хур кӕй нӕ  фенын кодта, уыцы хабар.

Ӕз тынг фӕрайгонд дӕн зынгӕ  драматург ӕмӕ публицист, зонадон кусӕг дзӕнӕтыбадинаг Уанеты Владимиры идӕдз Гаглойты Тауырзӕт, дзӕнӕтыба-динаг поэт,  публицист, тӕлмацгӕнӕг ӕмӕ  ӕхсӕнадон архайӕг, филологон  зонӕдты кандидат Ӕлборты Хадзы-Умары идӕдз, зынгӕ ирон нывгӕнӕг Челехсаты Галинæ, поэт, публицист ӕмӕ тӕлмацгӕнӕг, дзӕнӕтыбадинаг Серго Миндиашвилийы идӕдз Цхуырбаты Феняйӕ, зӕрдиагӕй кӕй бацархайдтой ӕмӕ сын се  сфӕлдыстадон бынтӕн боны рухс кӕй  фенын кодтой, уый тыххӕй. Уыцы практикӕ иудадзыгон куы суаид, уӕд нӕ дзырдаивады аивгъуыйгӕ  лӕггадгӕнджыты нӕмттӕ ноджы  фӕирддӕр уаиккой. Стӕй канд сӕ архивты кой нӕ кӕнын. Ногӕй сын уадзын  хъӕуы сӕ чингуытӕ, академион  ӕгъдауыл, уӕлдайдӕр, нӕ дзырдаивады фарсыл кӕй удвӕллой бахӕцыд, уыцы авторты кой ракӕнын мӕ фӕнды… Ӕмӕ ма иу хабар. Нӕ цӕгаттаг коллегӕтӕй, зӕгъӕн ис, алы дыккаг дӕр у «Адӕмон». Хуссар Ирыстоны фысджытӕй ӕрмӕстдӕр Нафи уыдис ӕмӕ йӕ уымӕн дӕр Цӕгат Ирыстоны  къухдариуӕгад радта. Цыма  цы ракодтой иннӕ сфӕлдыстадон кусджытӕ? Кӕд ма Дзугаты Георгимӕ не ‘мбӕлы, кӕд ма Гафезмӕ не ‘мбӕлы, кӕд ма Бестауты Гиуӕргимӕ не ‘мбӕлы, уӕд ма кӕмӕ? Ацы фарстыл нӕ Республикӕйы къухдариуӕгад хъуамӕ ахъуыды кӕна ӕмӕ уый фӕдыл райса ӕмбӕлон уагӕвӕрд. Кӕд нӕм «Адӕмон» нывгӕнӕг ис, «адӕмон» ахуыргӕнӕг, «адӕмон» артист ис, уӕд поэт цӕмӕннӕ хъуамӕ уа?

Ацы фарст ӕз 60 азы размӕ дӕр ӕвӕрдтон, 1961 азы апрелы ӕмбисы Дзугаты Георгийыл 50 азы куы сӕххӕст, уӕд. Цӕвиттон, бӕрзонд ӕмвӕзадыл ын сарӕзтой юбилейон изӕр нӕ театры. Адӕмӕй дзы къухбакӕнӕн нӕ уыд, уазджытӕ Дзӕуджыхъӕуӕй, Тбилисӕй, Абхазӕй, Ачъарайӕ, ӕнхъӕл дӕн, Уӕрӕсейӕ дӕр дзы чидӕртӕ хайад иста. Гъемӕ, уыцы изӕр мӕнмӕ дӕр дзырды бар куы ‘рхауид. Хабар афтӕ уыд, ӕмӕ уый размӕ нӕ фысджытӕн фембӕлд уыдис пединституты студенттимӕ. Уым кастысты ӕмдзӕвгӕтӕ, уыдис дзы раныхӕстӕ дӕр. Ӕз уӕд ахуыр кодтон фӕстаг курсы ӕмӕ дзы бакастӕн мӕхи фыст ӕмдзӕвгӕ «Ирон ӕвзаг». Хуыцау мӕ бахизӕд мӕхицӕй рап-пӕлынӕй, фӕлӕ сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд ме ‘мдзӕвгӕ нӕ уазджытӕн. Ӕмбырд куы райхӕлд, уӕд мӕм Джиуӕр йӕхи хӕстӕг ӕрбайста ӕмӕ мын афтӕ зӕгъы: «Дзӕбӕх ӕмдзӕвгӕ бакастӕ, чысыл ма йӕм  ӕркӕсын бахъӕудзӕн, фӕлӕ  ма йӕ «Фидиуӕджы» редакцимӕ  ӕрбахӕсс». Мыхуырӕн хъуамӕ сбӕзза…».

Мӕнӕн, бӕгуыдӕр, ӕхсызгон уыдис ӕмӕ дыккаг бон мӕ къухфыстимӕ  журналы редакцийы  къӕсӕрыл балӕууыдтӕн. Ӕниу, ӕмдзӕвгӕ  мыхуыры  нӕ фӕзынд… Джиуӕр мын афтӕ, Главлитмӕ, дам дзы цыдӕр зӕрдӕхсаинаг фӕкаст ӕмӕ, дам ыл «арест»  сӕвӕрдтой.

Уыйхыгъд, Джиуӕр мӕн ӕмӕ бынӕттон радиойы диктор Гайты Евгены  йӕ юбилеймӕ фӕхуыдта, уӕлдӕр куыд загътон, афтӕ, ӕмӕ дзы бакастыстӕм  юбиляры номарӕн ӕмдзӕвгӕтӕ.

Ӕмдзӕвгӕ бакӕсыны размӕ дыууӕ ныхасы дӕр загътон юбиляры сфӕлдыстады фӕдыл, уӕлдайдӕр та – йе ‘мдзӕвгӕты колоритон ӕвзаг ӕмӕ музыкалондзинадыл, стӕй йӕм уӕд ӕнӕдызӕрдыгӕй «Адӕмон поэт»-ы кад-джын ном кӕй ӕмбӕлы, уый дӕр банысан кодтон. Фӕлӕ мӕгуыр студенты ны-хӕстӕм уӕд дӕр ӕмӕ ныр дӕр чи хъусы?.. Юбилейон изӕры райхӕлды фӕстӕ мын Джиуӕр бузныг загъта, йӕ номыл ӕмдзӕвгӕ кӕй  ныффыстон, уый тыххӕй, стӕй ма  йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Лӕппутимӕ-иу рацу фынгмӕ». Фӕлӕ ӕз ӕфсӕрмы кодтон ӕмӕ мӕ мӕ къах нӕ ахаста.

Дыккаг бон институтмӕ рацӕйцыдтӕн (Военный тупикы уынгыл цардтӕн Гӕ-бӕратӕм ӕмӕ уыдон та тӕккӕ сыхӕгтӕ сты Джиуӕртимӕ). Джиуӕр  ма сӕ балкъонӕй ауыдта ӕмӕ мӕм  рахъӕр кодта: «Лӕппу, ауылты ма  рацу!». Ӕз ӕм дыккаг  уӕладзыгмӕ  схызтӕн ӕмӕ мын  бауайдзӕф кодта, уым  худинагӕй исты куы уыдаид, уӕд  дӕ нӕ фӕхуыдтаин, зӕгъгӕ, ӕмӕ мын  стӕй мӕ цонгыл фӕхӕцыд ӕмӕ мӕ мидӕмӕ бакодта. Фынгтӕ нырма ӕнӕист уыдысты, ӕмӕ… Адджын  къӕбӕр бахордтам, иу-ӕртӕ  агуывзӕйы мын сӕн бадардта ӕмӕ лекцимӕ атындзыдтон. Афтӕ фыццаг хатт цӕлы фынгыл абадтӕн, фӕ-саууонмӕ цы поэтӕн табу кодтон, уыимӕ, ӕмӕ мӕхи хуызӕн никӕйуал ӕн-хъӕлдтон. Уӕд цӕмӕй зыдтон, искуы Джиуӕримӕ «Фидиуӕджы» редакцийы кусдзынӕн…

Мӕнӕн зын у ахӕм хистӕрты мысын…

ХЪОДАЛАТЫ Герсан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.