7-æм æмæ 8-æм сентябры нæ республикæйы Сывæллæтты реабилитацион рынчындоны Мæскуыйæ æрхонгæ травматолог æмæ нейрохирург сæхимæ райстой нæ республикæйы рынчын сывæллæттæй 50-йы бæрц.

Уыдон æрцыдысты Президенты цур сывæллæтты æххæстбарджын Джиоты Аэлитæйы æрхуындмæ гæсгæ. Куыд зонæм, афтæмæй уый Уæрæсейы Федерацийы омбудсмен Мария Львова-Беловаимæ бафыста йæ къух, Меморандумы рæстæджы, ахæм социалон проектыл.

Мæскуыйаг травматолог Андрей Горлов дыууæ бонмæ æркаст 50 чысыл пациентмæ. Развæлгъау дохтырмæ цы номхыгъд сырæзт, уым уыд бирæ фылдæр сывæллæттæ, фæлæ уыдонæй равзæрстой уæззаудæр уавæры чи сты, ахæмты. «Ирыстонмæ æрцæуын мын æхсызгон уыд. Адæм мæм иууылдæр фæлмæн зæрдæтæ фæкастысты. Хъыгагæн, пациенттæй æртæ разындысты æрхæгты низæй чи тыхсы, ахæмтæ. Уыдонæн хъæуы операцитæ скæнын. Æрвыст æрцæудзысты Мæскуымæ экспресс-ортезированийы рынчындонмæ æмæ сын уым схос кæндзысты. Иннæ рынчынтæн радтам максималон-конкретон рекомендацитæ. Ам, уæхимæ дæр, реабилитацион рынчындоны хорз уавæртæ ис. Уæ дохтыртæн дæр сæ бон у бынаты операцитæ аразын æмæ хос кæнын дæр».

Нейрохирург Дарья Бревамæ дæр дзæвгар адæм лæууыд рады. Басгæрст цыдысты чысыл пациенттæ. Уыдонæй бирæтæн дохтыр рафыста сæрмагонд хостæ, рекомендацитæ сын радта сæ ныййарджытæн. Нейрохирург ныфс æвæрдта Хуссар Ирыстонмæ ма иннæ аз радон балцы кæй æрцæудзæн æмæ дыууæ бонмæ кæуыл нæ аххæссыд, уыдон та иннæ хатт кæй фендзæнис.

Дохтыр-травматолог Андрей Горловæй цы чысыл пациент рахызт, уый та мын афтæ радзырдта: «Бандоныл мæ куы æрбадын кодта дохтыр, уæд мæ бæстон æрфарста мæ низы тыххæй. Йæ къухы бавнæлд – фæлмæн, йæ ныхас – уæздан. Цыма мæ рагæй зыдта, уыйау мæм мидбылхудгæ мæ номæй дзырдта. Мæнæ дзыхыдзырдæй адæймаджы чи дзæбæх кæны, ахæм дохтыр разынд. Лæмбынæг мæ басгæрста æмæ мæ мадæн загъта, мæ уавæры куыд хос кæнын хъæуы, цавæр физикон фæлтæрæнтæ хъæуы аразын, цæмæй мæ низ фесæфа», – загъта Джиоты Гоша.

Джиоты Аэлита куыд зæгъы, афтæмæй «Дыууæ боны æмгъуыдмæ æрцыдысты дохтыртæ Мæскуыйæ. Æрмæстдæр 50 сывæллоны фенын ссис сæ бон. Цы рынчынты федтой, уыдонæй æртæйы хъæуы, æвæстиатæй, Мæскуымæ арвитын, цæмæй сæм хуыздæр æркæсой сæрмагонд клиникæты. Мах бацархайдзыстæм, цæмæй сын Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрад рахицæн кæна фæндаггаг æмæ операцитæ та арæзт æрцæудзысты æнæаргъæй. Мах дарддæр дæр хондзыстæм УФ-йæ сывæллæтты дохтырты, цæмæй уыдон ам, бынаты, скъуыддзаг кæной, чысыл пациенттæн цы методмæ гæсгæ хос кæнын хъæуы, уыцы фарстатæ», – загъта уый.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.