Хуссар Ирыстонмæ иу боны æмгъуыдмæ æрцыдысты дохтыртæ Цæгат Ирыстонæй травматолог-ортопед Боциты Асланбег æмæ невролог Макеты Алан. Уыцы æмгъуыдмæ медицинон æххуыс райстой 60 адæймагæй фылдæр, æнцойгæнæн-змæлæн аппарат хъыгдард кæмæн у, ахæмтæ.

Боциты Асланбег  нырма кæд æрыгон у, уæддæр йæ ном Ирыстонæн хорз зындгонд у. Иу иннæйы фæдыл адæм инстаграммы æвдыстой, дохтыр сывæллæттæн куыд хос кæны, уый.⠀Афтæмæй йыл сбадт хъæлдзæг æмæ фæлмæнзæрдæ дохтыры ном.

«Уый у Хуыцауæй ратгæ дохтыр æмæ йæ рынчынты дзæбæх кæны, канд йæ зонындзинæдтæй нæ, фæлæ сæ тавы йæ зæрдæйы уарзтæй дæр. Рæвдауы сæ йæ зæрдæйы рæбынæй цæуæг хъарм ныхæстæй. Адæймаг æвзæр ныхас – тых ныхас, тарст ныхас куы фехъусы, уæлдайдæр дохтырæй, уæд уый у маргæй фыддæр. Лæгъз ныхас та у сой, хуры тынау цинхæссæг. Лæгæн фесæфы йæ низ, æмæ йæхи банкъары  цыма ногæй райгуырд», – дзуры нæ горæты цæрæг Мæргъиты Инал.

«Бандоныл мæ куы æрбадын кодта  дохтыр, уæд мæ бæстон æрфарста мæ низы хаттæй. Йæ къухы бавнæлд – фæлмæн, йæ ныхас – уæздан, сындæг, сабыр, лæгъз, йæ цæсгом – райдзаст, цыма мæ рагæй зыдта, йæ ныхасæй адæймаджы дзæбæх кæны. Лæмбынæг æркаст, бæлвырд сбæрæг кодта низы хатт, мæ уавæр, æмæ цы хъæуы дарддæр ме сдзæбæх кæнынæн, цæмæй фесæфа низ, уый охыл. Нырма у æвзонг, фæлæ йæ зонындзинæдтæм гæсгæ – дæсны дохтыр.

Æз куы рацыдтæн дохтырæй, уæд къæлидоры тынг бирæ адæм лæууыд рады Боцийы-фыртмæ. Æппæт уыцы рынчынты номæй арфæ кæнын Боциты Асланбегæн, мæ зæрдæ йын зæгъы æнæниздзинад, стыр цардамонд. Хуыцауы хорзæхтæй хайджын уæд!», – загъта Хъуылымбегты Галинæ.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.