8-æм августы Æвзæнгты республикон библиотекæйы цымыдисон мадзал ма æрбацыдысты профессор Плиты Гацыр, РХИ-йы Культурæйы министрады библиотекæты куысты фæдыл сæйраг специалист Тедеты Мери, нæ горæты библиотекæты кусджытæ, Колыты Аксойы номыл паддзахадон аивæдты лицейы æмæ 12-æм астæуккаг скъолайы 9-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнджытæ Гасситы Дуся æмæ Кокойты Аланæйы сæргълæудæй, афтæ ма æндæр уазджытæ.

Уагдоны проект «Жизнь замечательных людей»-йы фæлгæтты мадзалы хайадисджытæ базонгæ сты легендарон сылгоймаг Плиты Мартайы цардвæндагимæ. Мадзал байгом кодта библиотекæйы директор Дриаты Нателæ. Уый бузныг загъта æрæмбырдуæвджытæн мадзалмæ кæй æрбацыдысты, уый тыххæй. Зæрдæбын арфæтæ ракодта ахуыргæнинæгтæн ног ахуыры азы цытæн. «Сымах хъуамæ зонат уæ радтæг адæмы истори. Плиты Марта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы уыд Рукъы хъæуы колхозы сæрдар æмæ йе стыр æнтыстытæй йæхицæн стыр ном скодта», –  банысан кодта Дриаты Нателæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ирæтты стыр хайбавæрды тыххæй доклад бакаст Колыты Аксойы номыл аивæдты паддзахадон лицейы историйы æвзонг ахуыргæнæг Кокойты Аланæ. «Хуссар Ирыстон Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы зындгонд уыд йæ хæстон æмæ фæллойы сгуыхтдзинæдтæй. Фронты немыцаг фашистты ныхмæ тох кодтой хуссарирыстойнаг 20 мин цæрæджы. Цæгат Ирыстонæй хæсты хайад райстой 44 мин адæймаджы. Рукъы хъæуæй фронтмæ ацыдысты 49 адæймаджы. 1944 азы 8-æм июлы газет «Правда»-йы ныммыхуыргонд арфæйы телы дзырдæуыд.

«Ирон адæмы фырттæ гитлерон тыхæйисджыты ныхмæ тохы равдыстой хъæбатырдзинады цæвиттон. Æмæ ныртæккæ, скъуыддзаггæнæг тохты сахаты, æхсарджын ирæттæ æнæхъæн дунейæн фенын кодтой, уыдонæн сæ бон хæдбардзинады сæраппонд æхсардзинады диссæгтæ аразын кæй у, уый».

Хæстонты ‘хсæн уыд 56 чызджы. Иууылдæр хæстмæ ацыдысты барвæндæй.

Уыцы тымыгъ азты йæ куыстуарзондзинадæй адæмæн диссагæн баззад  Плиты Марта. Уый уыд Рукъы колхозы сæрдар. «Хæсты уæззау бонты фронтæн баххуыс кодта æхцайæ 35 мин сомы, дарæсæй та – 11 мин сомы.  Кæддæры мæгуыр колхозтæй сарæзта хъомысджын колхоз. 1941 азы ацы колхоз фронтæн арвыста 7 стуры æмæ 70 сæры та фыстæ. 1942 азы арвыста 4 стуры æмæ 80 фысы, 1943 азы – 300 кг фыдызгъæл, 1944 азы – 400 кг къуымбил, æдæпптæй æрмæст къуымбил фронтæн арвыстой 700 кг., 570 кг – цыхт, 1942 азæй 1944 азмæ хæстон æфстауæн радтой 146 мин сомы. Плиты Марта танкæтæ саразыны фондмæ бахаста йæхи сæрмагонд æхцатæй 70 мин сомы, хæдтæхджытæ саразыны тыххæй – 30 мин сомы æмæ а. д.   1944 азы колхоз Плиты Иссæйæн фронтмæ арвыста бæх, цухъхъа æмæ тинтычъийæ басылыхъ. Хъесаты чызг хорзæхджын æрцыд бирæнымæц  хорзæхтæй».

Мартайы тыххæй цымыдисон хабæрттæ радзырдта профессор Плиты Гацыр. «Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы ирæттæ цы схуыхтдзинæдтæ равдыстой, уый диссагæн дзуринаг у. Хæсты рæстæджы чысыл уыдтæн. 1942 азы фæззæджы кæрон Рукъгом байдзаг уырысы æфсадæй. Æфсæдтæ уыдысты Дзомагъгомы – Едыс, Ерманы.  Немыцæгтæ Алагир куы бацахстой, уæд хъуамæ рахызтаиккой Арвыкомыл æмæ уыдон ныхмæ æфсад æрбакалдтой. Абон дæр Рукъы æфцæгыл, фенæн ис гилдзыты кæритæ. Уым фыййау бирæ фæцыдтæн. Æфсады командир Орлов цард Плиты Мартамæ æмæ йæ хæдивæг та махмæ, мæ фыды хæдзары. Плиты Мартайæн йæ чызгон мыггаг  Хъесатæй у. 2019 азы чындзы æрцыд Захъайы хъæуæй. Йæ цардæмбал Ефимы равзæрстой Рукъы колхозы сæрдарæй. 1928 азы Марта куыста Рукъ æмæ Урстуалты цы сылгоймæгты организаци сырæзт, уый хистæрæй. Уый фæстæ æвзæрст æрцыд Рукъы хъæусоветы сæрдарæй æмæ дзы фæкуыста 1931 азы онг. Уыцы аз ссис хъугдуцæг. Куыд раззагон хъугдуцæг, афтæ йæ ном ахъæр канд Рукъгомыл нæ, фæлæ ма сыхаг колхозты дæр. Урсаджы продукттæ райсыны хъуыддаджы йæ къухты стыр æнтыстытæ кæй æфтыд, уый тыххæй 1936 азы хорзæхджын æрцыд Сырх Тырысайы орденæй. 1939 азы та йæ равзæрстой колхозы сæрдарæй. Йæ къухдариуæгадæй рæзт куыд лыстæгкъах, афтæ ставдкъах фосы нымæц дæр. Фæстæдæр æртæ Рукъы колхозонтæ баиу сты æмæ сæ сырæзт иу колхоз, йæ сæргъ Марта, афтæмæй. Рæзт колхозы хъомысад, рæзт адæмы фæрныгад. Сæрдарæй фæкуыста 1954 азы онг. Кæддæры æнæбары колхозтæй Марта сарæзта егъау, хъомысджын колхоз. Пенсийы куы ацыд, уæд сын ныууагъта 14 мин 700 сæры фыстæ, 800 сæрæй фылдæр та – стуртæ. Рукъ абон дæр мысынц Мартайы дуг.

Мæ фыдæн стыр хъарм хæдзар уыд æмæ-иу сылгоймæгтæ изæрыгæтты æрæмбырд сты махмæ. Кодтой къуымбилы куыст æмæ сæ æрвыстой фронтмæ. Йæ ном ныхъхъæр суанг Мæскуыйы онг дæр. Зонгæ уыд Сталин, Буденный, Ворошиловимæ. Марта цы загътаид, уый уыд закъон, ахæм стыр кад ын уыд.  Сылгоймаг йæхи тыхтæй Уæллаг Рукъы сарæзта ГЭС, донæн фалейæ та – урсаджы завод. Куыстбонтæн адæмæн лæвæрдта царв, цыхт, къуымбил, хъæбæрхор. Стыр кад ын кодтой Гуырдзыстоны хицауад дæр. Дыууæ хатты æвзæрст æрцыд Гуырдзыстоны Сæйраг советы депутатæй. Мартайæн йæ рæвдауæн ныхас уыд «мæ хъæбул». Иууылдæр ын кад кодтой æмæ йæ коммæ кастысты.

Фыййæуттæ йæм уыд Захъайæ, Тырсыгомæй. ГЭС куы арæзта, уæд-иу Цхинвалы вагзалмæ бацыд æмæ-иу ын шофыртæй арæзтадон æрмæг чи баласта, уымæн-иу радта иу фыс. Уымæ гæсгæ шофыртæ цыдысты æнæзивæгæй. Хæхбæсты ГЭС æмæ æхсыры завод саразай, уый чысыл хъуыддаг нæ уыд. Æххуыс кодта сидзæргæстæн, фыццаг-иу суг уыдонæн æрласын кодта. Мартайæн ахæм стыр кад уыдис æмæ Централон комитеты химæисæны дæр бирæ никуы фæлæууыд, уайтагъд-иу æй райстой. Хорзæхджын уыд Ленины орденæй. Хорз зонгæ кæй уыд Сталинимæ, ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ Сталин Мартайæн кæй балæвар кодта сыгъзæрин сахат. Мæскуыйы йæ раныхæстæ уыдысты иронау, уымæн æмæ йæ зыдта, Сталин æй кæй æмбары, уый. Гуры Сталины мадмæ куы бацыд, уæд ын Къекъе загъта, зæгъгæ, Сталинæн йæ фыд уыд ирон, йæ мад та (ома мæхæдæг) – гуырдзиаг. Хъесаты чызг хорз зонгæ уыд Ворошиловимæ.  Уый йæ нæхи Марта хуыдта. Балæвар ын кодта йæ портрет ахæм фыстимæ: «Плиты М.Д. чызгæн. Ма рох кæн Мæскуыйы, мах та дæу никуы ферох кæндзыстæм. 1936 азы 26 март».

Сталинæй райдайгæйæ, Марта ирон уæздан басылыхъхъытæ арвыста С.Буденный æмæ К.Ворошиловæн. Алчи дæр æй нымадта уынаффæйы адæймагыл, ныфсы мæсыгыл. Легендарон сылгоймаг ссис литературон хъайтар дæр. Поэт Кавказаг ыл ныффыста поэмæ «Марта», зæгъгæ. Плиты Гацыр та  йæ чиныг «Плитæ æмæ Рукъгом»-ы Мартайыл фыст  уацы схуыдта «Рукъгомы Сатана».

Абон Плиты Мартайы номыл  æвæрд никуы ницы ис æмæ уый раст нæу», – дзырдта Плиты Гацыр.

Нæ горæты централон библиотекæйы методист Гуыззыдтаты Этери бузныг загъта мадзалы организатортæн, афтæ ма Плиты Гацырæн зынгæ сылгоймаджы цардвæндаджы цымыдисон цаутимæ сæ кæй базонгæ кодта, уый тыххæй. Загъта, зæгъгæ, Плиты Мартайы хуызæн сылгоймæгтæ рох макуы хъуамæ уой.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.