2-æм сентябры нæ паддзахаддзинады бындурæвæрджытæй сæ иу – зындгонд политикон æмæ æхсæнадон архайæг Хъуылымбегты Торез Георгийы фырты райгуырдыл 81 азы сæххæсты боны цытæн Цхинвалы йæ номыл æвæрд бюсты раз цытджын æгъдауæй сæвæрдтой дидинджытæ. Дидинджытæ сæвæрыны цытджын церемонийы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, афтæ ма нæ республикæйы министрадтæ æмæ ведомствоты минæвæрттæ, æхсæнадон архайджытæ.

Нæ республикæйы паддзахады арæзтадмæ Хъуылымбегты Торез егъау хайбавæрд кæй бахаста, уый хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ хорз зонынц. Уый уыдис йæ райгуырæн бæстæйы æцæг патриот, цæвиттойнаг уыд кæстæр фæлтæрæн æмæ йæ бакæнгæ хъуыддæгтæ та баззайдзысты Хуссар Ирыстоны историйы. Политикон æмæ æхсæнадон архайæг æндæр æмæ æндæр азты куыста партион æмæ советон органты. Разамынд кодта Хуссар Ирыстоны радио æмæ телеуынынады паддзахадон комитетæн. Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъолайы дæр фæкуыста директорæй. Кæд иу рæстæджы рохуаты аззадис нæ паддзахады къухдариуæгады æрдыгæй æмæ æхсæнадæй дæр, уæддæр ын ныр стыр аргъ скодтой йæ удуæлдай тохы сæраппонд, йæ адæмы бартыл кæй дзырдта æмæ абоны бон хæдбар паддзахады кæй цæрæм, уыцы хъуыддæгты йæ бавæрды тыххæй. Хъуылымбегты Торезæн аккаг аргъ скæныны тыххæй ивгъуыд аз йæ номыл рауагъдæуыд майдан, афтæ ма Мæскуыйаг микрорайоны иу уынг дæр хæссы йæ ном. Ацы аз та Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт райсыны бон, 29 майы,нæ горæты Президенты Администрацийы хæдзары раз æвæрд æрцыдис йæ бюст.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.