Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады радиацион, химикон æмæ биологон хъахъхъæнынады æфсæддонтæ ныр æртæ къуырийы дæргъы дезинфекци кæнынц нæ республикæйы медицинон объекттæ, паддзахадон уагдæттæ, горæты æмæ районты центрты уынгтæ æмæ ма адæм дзыгуыртæй цы бынæтты вæййынц, ахæм бынæттæ. 23 ноябры та æрæвнæлдтой Мидхъуыддæгты министрады бæстыхайы дезинфекцион куыстытæ бакæнынмæ. Æфсæддонтæ æрбацыдысты  специалон æхгæд уæлæдарæсы æмæ маскæты, æмæ азылдысты бæстыхайы къуымты. Специалон техникон гæрзты фæрцы бапырх кодтой къултæ, коридортæ, кабинеттæ æмæ ма æндæр хатæнтæ антисептикон донгъæдæй, кæцы нæ уадзы фæдтæ æмæ æдас у адæймагæн. Санитарон куыстытæ бакæныны фæстæ банхъæлмæ кæсын хъæуы дыууæ сахаты бæрц, цæмæй хосы тæф уæлдæфæй ацæуа, æмæ стæй гæнæн ис æмæ дарддæр кæнай дæ куыст дæ кусæн кабинеты.

Специалисттæ ма санитарон куыст бакодтой бæстыхайы алфæмблай дæр. Специалон автомашинæйыл æфсæддонтæ сарæзтой аэрозолон антисептик æмæ дзы бапырх кодтой кæрт. Уымæй уæлдай ма ногæй азылдысты рæстæгмæдарæн изоляторы территорийыл дæр æмæ та дзы ногæй сарæзтой дезинфекци.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.