Республикæ Хуссар Ирыстоны национ æфсады æфсæддон развæдсгарæджы бон нысан кæнын ссис традицийы хуызæн. Фыццаг развæдсгарæн дæлхай арæзт   æрцыд  1992 азы, кæцы службæ хаста Цæгат Ирыстонæй æмхæццæ фидауынгæнæг тыхты батальоны сконды. Йæ командæгæнæг та уыд Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтыл фыццаг командæгæнæг, дзæнæттаг Джиоты Алан. Æфсæддонтæ-развæдсгарджытæ æгæрон хайбавæрд бахастой Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзыйы агрессийы рæстæджы. Уымæй дарддæр ма хайад истой Цæгат Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ агресситы рæстæджы дæр.

Знон дæр, развæдсгарджытæ-æфсæддонты боны цытæн Хъахъхъæнынады министрады дислокацигæнæн бæстыхайы раз уагъд æрцыд цытджын мадзал. Мадзалмæ æрбацыдысты Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Президенты Администрацийы минæвæрттæ, министрадтæ æмæ уагдæтты сæргълæуджытæ.

Æфсæддон развæдсгарæджы боны цытæн йæхи æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты æфсæддон советы номæй мадзалы хайадисджытæн арфæ ракодта РХИ-йы хъахъхъæнынады министр, инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагим. Банысан кодта, зæгъгæ, ацы дæлхай ссис Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты хъæбатырдзинад, намыс æмæ æхсардзинады скъола. Æрдзырдта ацы дæлхайы сырæзты историйыл.

Министр куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ 1995 азы развæдсгарæн дæлхай баконд æрцыд РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады скондмæ. Уæдæй абоны онг ацы батальон ивы фæлтæрты, кæцытæ æнтыстджынæй дарддæр кæнынц сæ кадджын традицитæ.

Ныртæккæ дæр сæ рæнхъыты ис хæстонтæ, кæцытæ æнтыстджынæй ахуыр фесты Уæрæсейы Федерацийы æфсæддон академитæ æмæ ахуыргæнæндæттæ. Морæгъуыз береттæ чи хæссы, уыдон рæнхъыты ма ис ахæмтæ, кæцытæ рацыдысты æппæт квалификацион фæлварæнтæ æмæ уымæй сфидар кодтой ацы символ дарыны бар.

Гассеты Ибрагим ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы бон нысан цæуы ногæндидзыд æфсæддон хайы, цыран архайынц Гарзджын тыхты управленийы органтæ æмæ хицæн ахуырадон ротæ. Дарддæр æндидзыд цæуынц æфтауцдæттæ æмæ парчы зонæ. Æппæт ацы хъуыддæгтæ бæстон кæнын сæ къухы æфты Бæстæйы сæргълæууæджы хъусдард æмæ аудындзинады руаджы, уымæн æмæ уый ссардта фæрæзтæ арæзтадон æмæ цалцæггæнæн-æндидзынгæнæн куыстытæн.

«Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады уæвынадæй фыццаг хатт махæн фадат ис æфсæддон нысаниуæджы объекттæ хæрзарæзт кæнынмæ æрæвналынæн. Президенты æдзух хъусдарды бын сты паддзахады æдасдзинады æппæт фарстытæ, уыцы нымæцы нæ æфсæддон службæгæнджытæ уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæмæ службæмæ ахизыны фарст дæр. Уым ныридæгæн службæ кæны 200 хуссарирыстойнаг æмбæстаджы. Ацы мадзæлттæ та уагъд цæуынц националон интерестæ хынцгæйæ æмæ æфсад бахъахъхъæнынæн»,- дзырдта Гассеты Ибрагим.

Хъахъхъæнынады министрады æппæт æфсæддон службæгæнджыты номæй ноджыдæр бузныг загъта Бæстæйы сæргълæууæгæн, Республикæйы Гарзджын тыхтæм йæ хъусдарды фæдыл.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли, бæрæгбонгæнджыты номыл йæ арфæйы ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, профессионалон бæрæгбоныл æмбæлдæуы ног æнтыстытæ æмæ фæндтимæ. Æнтыстытæй сæ иуыл банымадта, министрады дæлхæйттæ ног бæстыхайы кæй хæсдзысты службæ, уый. Бибылты Анатоли дарддæры службæйы бынат банымадта иууыл æнцонвадатдæрыл.

«Хъахъхъæнынады министрады дæлхæйттæ хицæн кæнынц дисциплинæйæ, уый ныридæгæн бæрæг у. Ныфс мæ ис, æмæ дарддæр дæр развæдсгарæн дæлхæйтты цы салдаттæ æмæ афицертæ службæ кæны, уыдоны къухы, æфсæддон æмæ политикон цæттæдзинады хъуыддаджы кæй бафтдзæн бæрзонд фæстиуджытæ. Ноджыдæр мæ ныфс ис, æмæ уæ разылæууæг хæстæ æмæ нысæнттæ цæсгомджынæй кæй æххæст кæндзыстут. Æз ноджыдæр зæрдиаг арфæ кæнын сымахæй алкæмæндæр хицæнæй æмæ иумæйагæй. Уадз æмæ уæ профессионализм ноджыдæр рæзæт, цæмæй знаг ноджыдæр риза ныхас «развæдсгарæгæй».

Ирон хæстонты традицитæ æмæ æгъдæуттæ хынцгæйæ нæ æфсæддонтæ  кадимæ службæ кодтой советон æфсады, ныртæккæ та уæрæсейаг æфсады сконды. Ныфс мæ ис æмæ уыцы традицитæ никуы æрцæудзысты хæлд æмæ кæд-дæриддæр уыдзыстут сæрбæрзонд»,- банысан кодта Бибылты Анатоли.

Бæрæгбонмæ афтидармæй нæ фæуазæг бæстæйы сæргълæууæг, йæ Барамындмæ гæсгæ майдантæ æмæ Кады грамотæтæй хорзæхджын æрцыдысты къорд æфсæддон-развæдсгарæджы.

Хъахъхъæнынады министрады ма æрæджы уагъд цыд квалификацион фæлварæнтæ, морæгъуыз береттæ хæссыны бар кæмæн уа, уый тыххæй. Ацы æхсызгон бар кæмæ æрхаудта, уыдонæн сæ цытджын æгъдауæй сæ сæртыл æркодта Гарзджын тыхтыл Сæйраг командæгæнæг, Президент Бибылты Анатоли.

Æфсæддон плацы рæнхъæйлæууæг министрады æфсæддон дæлхæйттæ æфсæддон оркестры зæлтæм рацыдысты цытджын маршæй.

Мадзалы фæстæ бæстæйы къухдариуæгад азылдысты æмæ федтой министрады управенийы ног цалцæг бæстыхай. Уым ис хæрзвадат уа-вæртæ дарддæры службæ æмæ архайдæн.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.