РХИ-йы Парламенты депутат Цоциты Игорь фембæлд Тагъд æххуысы станцмæ æввахс цæрæг цæрджытимæ

Цæрджытæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй депутатмæ сæ бахатыны аххосаг у сæ фæндаджы уавæр. Стыр дзыхъхъытæ, сæрды – рыг, зымæг – цъыф.  Æппæт адæттæ нын æрæнцой нæ дæттынц 2008 азы хæстæй фæстæмæ.

«Къæвдайы рæстæджы нын Сталины уынджы онг ацæуын вæййы тынг зын. Иууыл зындæр та вæййы къæвда хæдзары бахизæнтæм куы бакæлы, уæд  уисойтæй дон æддæмæ сæрфын», – загъта Гæбæраты Екатеринæ.

Уый ма загъта, зæгъгæ, газы хæтæлты йеддæмæ æппæт зæххы бын коммуникацитæ ивд æрцыдысты, æмæ уый тыххæй сты бузныг.

«Ныртæккæ фæзилæны газифтонгады хæтæлтæ сты уæлæуыл, фæлæ мах ууыл разы стæм, нæ фæндаг нын куы саразиккой уæд», – загъта Гæбæрайы чызг.

Ацы фæзилæны цæрджытæ ма банысан кодтой, зæгъгæ, Сталины уынг асфальтгонд куы фесты, уæд уыдон бахатыдысты уæды Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доментимæ, ныр та Фæндагон арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы комитеты сæрдар Гуызыдтаты Эдуардмæ, фæлæ сæ проблемæ скъуыддзаг не ‘рцыд.

Архив æмæ центр «Надежда»-йы кусджытæ ма загътой фæндаджы уавæры тыххæй, банысан кодтой, ацы организацитæм кæй æрбацæуы бирæ машинæтæ, æмæ уый дæр цæрджытæн уæлæмхас зындзинæдтæ æвзарын кæны къæвдабонты.

Депутат Цоциты Игорь байхъуыста æппæт æрæмбырдуæвджытæм, ныфс бавæрдта, æнæмæнгхъæуæг амæлттæй кæй архайдзæн ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныныл.

«Хъыгагæн, Парламентæн йæхи сæрмагонд бюджет нæй ахæм хуызы проблемæтæ скъуыдзаг кæнынæн, фæлæ уын ныфс æвæрын, ацы проблемæ æххæстгæнæг хицауады онг кæй фæхæццæ кæндзынæн. Афтæ хъуыды кæнын æмæ 2019 азы уалдзæджы, кæнæ та сæрды ацы территори хæрзарæзт кæй æрцæудзæн», – банысан кодта парламентарий.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.