30 ноябры уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты фарастæм сессийы цыппæрæм рабадт. Уагъта йæ Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Рабадты райдианы Гасситы Петр РХИ-йы Президенты Барамындмæ гæсгæ «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 10 азы сæххæсты сæраппонд» майданæй схорзæхджын кодта депутаттæ Коцты Игорь, Плиты Александр, Туаты Алан æмæ Лохты Мендикы.

Уый фæстæ депутаттæ æркастысты «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Сириаг Арабаг Республикæйы Хицауадты ‘хсæн базарадон-экономикон æмгуыстады фæдыл сразыдзинад сратификаци кæныны тыххæй» РХИ-йы закъонмæ .

Æддагон бастдзинæдты æмæ æхсæн-парламентон архайды фæдыл комитеты сæрдар Коцты Игорь куыд банысан кодта, афтæмæй ацы закъоны проект фадат ратдзæн Хуссар Ирыстоны æмæ Сирийы ‘хсæн экономикон ахастытæ сфидар кæ-нынæн.

«Ацы закъоны проект бæрæг кæны, САР-имæ нæ экономикон ахастытæ дарддæр дæр кæй рæздзысты, уый. Сразыдзинады пункттæй сæ иу æвдисы, зæгъгæ, 75 проценты сæ таможнæйон фиддонтæ фæкъаддæр уыдзысты ахæм товартæн, кæцытæ уагъд сты РХИ-йы кæнæ та САР-йы территорийыл», – банысан кодта Коцты фырт.

Парламенты спикер Гасситы Петр парламентариты хъусдард аздæхта ацы закъоны проекты ахсджиагдзинадмæ.

«Ацы сразыдзинад нæ республикæйæн æрхæсдзæн стыр ахадгæ экономикон пайда. Кæнæм цалдæр куыстуат бакæныны фæнд, кæцытæ САР-мæ ласдзысты æрмæст алыгъуызон арæзтадон æрмæджытæ нæ, фæлæ ма æндæр уæййæгтæ дæр. Сири бирæ азты дæргъы хæсты фæстæ, æнди-дзынгæнæн хъуыддагмæ бауагъта æрмæст цалдæр бæстæйы, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны дæр», – банысан кодта Гассийы фырт.

Ацы закъон депутаттæ райстой æмхъæ-лæсæй.

Парламентаритæ ма æркастысты «2018 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» РХИ-йы закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проектмæ.

РХИ-йы финансты министр Хæбæлаты Азæ куыд банысан кодта, афтæмæй ацы закъоны проекты арæзт баст у Æхсæнхицауа-дон къамисы рабадты уынаффæтæ хынцыны æнæмæнгхъæуындзинадимæ.

«Ацы закъоны проекты æнæмæгхъæуындзинад уый мидæг ис, æмæ, 15 ноябры уагъд æрцыд УФ-йы æмæ РХИ-йы ‘хсæн æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы рабадт, скъуыддзаг дзы æрцыдысты ахæм ахсджиаг фарстатæ, кæцыты хъæуы бюджеты равдисын, æмæ афтæ дæр бакодтам», – банысан кодта Хæбæлаты чызг.

Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдар Коцты Жаннæ куыд банысан кодта, афтæмæй бюджетон ивындзинæдтæ, кæ-цытæ хаст æрцыдсты закъоны проектмæ, баст сты Æхсæнхицауадон къамисы уынаффæтимæ.

Закъоны проект ист æрцыд æмхъæлæсæй .

Сессийы рабадты ма уынаффæ кодтой «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы дыккаг хайы архайды райдианы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны 1-аг статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проектыл.

Коцты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, ацы закъоны проект ист куы нæ ‘рцæуа, уæд йæ фæстиуджытæ уыдзысты ахæм, æмæ фæфылдæр уыдзысты паддзахадон фиддонтæ.

«Ацы закъоны проектыл куы нæ схъæлæс кæнæм, уæд, Хъалонты кодексы 25 сæры 20 уацы нысангонд, æппæт паддзахадон фиддонтæ фæфылдæр уыдзысты 3-10 хатты онг. Сæйраджыдæр, ныхас цæуы паспорт райсын, нотаралон лæггæдтæ, тæрхондонмæ куырдиат бахæссыны тыххæй фиддонтæ æмæ æндæртыл», – банысан кодта Коцты чызг.

Закъоны проект ист æрцыд æмхъæлæсæй.

Парламентаритæ ма уынаффæ кодтой Парламенты сæрдар Гасситы Петр æмæ Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламен-тон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Коцты Игоры хайадистыл Æхсæнадæмон конференци «Роль взаимодействия фракций политических партий и блоков в межпарламентском сотрудничестве стран СНГ», -йы, кæцы уагъд æрцыд Мæскуыйы, Паддзахадон думæйы.

Гассийы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй ацы балцы фæстæ дзыллон информацийы хицæн фæрæзтæ архайдтой, уый тыххæй сзыгъуыммæгонд информаци парахат кæныныл.

«Айхъусын кодтой, зæгъгæ, конференцимæ хуынд Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ Гуырдзыстоны делегациты ‘хсæн, уагъд æрцыд фембæлд. Уый у гуырдзиаг дзыллон информацион фæрæзты æрмдзæф. Фидарæй зæгъын гуырдзиаг фарсимæ æппындæр нæдæр официалон æгъдауæй, нæдæр æндæр хуызы уагъд не ‘рцыд фембæлд. Æрмæст дзы уыд уый, æмæ мах конференцийы пленарон рабадты рæстæджы бадтыстæм иумæйаг столы фарсмæ Хæдбар паддзахадты цæдисы æндæр бæстæты парламентты делегацитимæ, ууыл нæ бар нæ цыди уымæн æмæ мадзалы организатор уыд уæрæсейаг фарс», – банысан кодта РХИ-йы Парламенты спикер.

Гассийы фырт банысан кодта, зæгъгæ, уы-цы информацийы фæстæ хуссарирыстойнаг Парламент бахатыд конференцийы орагнизатортæм, сæйраджыдæр Паддзахадон думæйы Хæдбар паддзахадты цæдисы, евразиаг ин-теграци æмæ æмбæс-тæгтимæ бастдзинæдты хъуыддæгты фæдыл Комитетмæ, цæмæй лæвæрд æрцæуа ацы информацийы ныхмæ  официалон информаци æмæ уæрæсейаг фарс афтæ дæр бакодта.

«Гуырдзиаг фарсæрдыгæй фембæлыны фæндæттæ уыд, фæлæ мах не сразы стæм. Гуырдзиаг фарсимæ кæм ныхас кæндзыстæм, уый у æрмæст Женевæйаг дискусситы фæзуат. Кæд Гуырдзыстон банымайа Хуссар Ирыстоны, йæ къух æрфысса тыхæй не спайда кæныны тыххæй сразыдзинадыл æмæ ба-сæтта ирон адæмы геноцидыл, уæд мах уый фæстæ ахиздзыстæм официалон контакттæм. Уымæй раздæр нæдæр фембæлдтыл, нæдæр баны-хæстыл дзырд нæ цæудзæн, афтæ Парламенты фарсæрдыгæй дæр», – банысан кодта Парламенты Сæрдар.

Депутат Чилæхсаты Владимир ацы фарстыл уынаффæ кæныны рæстæджы бахаста ахæм фæндон, цæмæй парламентон делегациты балцыты фæстæ депутатон корпу-сæн хъусын кæной балцы фæстиу-джыты тыххæй, цæмæй парламентаритæ зонгæ уой, цы куыст цæуы, уыимæ.

Депутат Къозонты Алан йæ рады банысан кодта, Гуырдзыстонимæ тыхæй ма спайда кæныны сразы-дзинадыл къухтæ æрфыссын дæр кæй нæ фæивдзæн гуырдзиаг фарсы ахаст Хуссар Ирыстонмæ.

«Женевæйаг дискусситы фæзуат æнæмæнгхъæуæг у, фæлæ 10 азы дæргъы, мах, зæгъæн ис, тыхæй ма спайда кæныны сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны фарсты размæ нæ цæуæм. Гуырдзыстон ацы сразыдзинадыл йæ къух нæ фыссы, æмæ абон цы уынæм, уымæ гæсгæйæ мах нæ банымайдзæн. Кæд æмæ гуырдзиаг фарс ацы сразыдзинадыл йæ къух æрфысса, уæддæр нын уый гаранти нæ дæтты. Уæрæсейы Федерациимæ æм-цæдисад æмæ интеграцийы фæдыл æмæ æндæр сразыдзинæдтæ сты нæ æдасдзинады гаранти», – загъта Къозонты фырт.

Депутат Плиты Агуындæ йæ фарсæрдыгæй бахаста 2019 азы Хуссар Ирыстоны медицинон æххуысы гъæд фæхуыздæр кæнынмæ хъус æрдарыны фæндон.

«Бацархайын хъæуы, цæмæй Тбилисмæ цы рынчынты æрвитæм, уыдоны нымæц фæкъаддæр кæнæм. Ацы фарст скъуыддзаг кæнын хъæуы. Уымæн та хъæуы альтернативæ ссарын, æмæ уый та мах ссардзыстæм УФ-йы. Фæлæ афтæ саразын хъæуы, цæмæй уыцы альтернативæ уа сыхаг республикæимæ куыд у, уымæй рæвдздæр æмæ æнцон-вадатдæр», – загъта Плиты чызг.

Уый бахатыд хицауиуæгады æппæт къабæзтæм, цæмæй бæрнджынæй аскъуыддзаг кæной ацы фарст.

Депутаттæ Плиты чызджы фæндон банымадтой хорзыл.

Депутат Гæбæраты Алан уынаффæ кæнынмæ рахаста мидхъуыддæгты министрады оптимизацийы тыххæй фарст. Уый хъусдард аздæхта уымæ, зæгъгæ, гом æрцыд хъахъхъæнджыты куыстуат. Уырдæм æрвыст хъуамæ æрцыдаиккой, куыстæй ист чи æрцыд, уыцы адæм, фæлæ абоны бон уым кусынц ахæмтæ, кæцытæ исынц пенси, уыимæ иумæ нырма пенсион ифтонгадæй цух чи у, уыдон зайынц æгуыстæй.

Парламенты Сæрдары хæдивæг Харебаты Сергей куыд банысан кодта, афтæмæй ацы фарстыл иу æмæ дыууæ хатты нæ уынаффæ кодтой, æмæ цæмæй скъуыддзаг æрцæуа, уый тыххæй  бахаста ахæм фæндон, цæмæй РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Наниты Игоры фæхоной ацы уавæрмæ æркæсыны тыххæй.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.