23 азы размæ, дунейы размæдзыддæр паддзахадтыл йæхи чи нымайы, уыцы бæстæтæ, æппæт нормæтæ фехалгæйæ, бабырстой Сербимæ æмæ йæ æгъатырæй куынæг кæнын райдыдтой. 1999 азы 24 мартæй 10 июнмæ Сербийы горæттыл НАТО-йы хæстон хæдтæхджытæ æркалдтой 20 минæй фылдæр авиацион бомбæтæ, ауагътой сыл 3 мины бæрц базырджын ракетæтæ æмæ æндæр алыгъуызон куынæггæнæн хæстон æрмæджытæ. Фæлæ дзы иууыл æвирхъаудæр мийыл нымад æрцыдис 37 мин кассетон бомбæты æрæппæрст, кæцыты сконды уыд радиоактивон уæззау металл-уран. Журналисттæ йæ фæстæдæр рахондзысты «хурныгуылæйнаг демократон уран». Ахуыргæндтæ куыд банымадтой, афтæмæй уыцы 37 мин кассеттон бомбæйы цæйбæрц уран уыд, уымæй сырæзтаид 170 атомон бомбæйы, Японыл кæй æрæппæрстой, ахæмтæ.

Æввахснымадæй, 78 боны дæргъы æнæмсæр хæсты Сербийы адæмæй фæмардис 2 минæй 6 минмæ, уыдоны ‘хсæн сывæллæттæ уыдис 100 æввахс, тыхон структурæты кусджытæй та фæмардис иу минæй фылдæр. Алыгъуызон цæфтæ чи райста, уыдон бæстонæй ничи банымадта – сæ нымæц 6 минæй ахызт, кæцыты ‘хсæн 2 700 бæрц уыдысты сывæллæттæ. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ НАТО-йы æфсæдтæ кæй хъавыдысты социалон æмæ стратегион экономикон объектты куынæг кæнынмæ. Цыбыр рæстæгмæ, хуымæтæг цæр-джытыл æнæауæрдгæйæ, ныппырх кодтой хидтæ, рынчындæттæ, скъолатæ, культурон цыртдзæвæнтæ, инфраструктурæ, электростанцтæ, донсыгъдæггæнæн арæзтадтæ. Куыд уынæм, афтæмæй ирдæй зынынц, украинаг фашисттæ æмæ лæгсырдтæн чи уыдысты сæ ахуыргæнджытæ, уыдон.

Историон факттæ йæ куыд æвдисынц, афтæмæй Вашингтон йæ тугдзых æмцæдисонтимæ йæ къах кæдæм бавæры, уым йæ фæстæ ныууадзы мæгуырдзинад, хаос, адæм дзы адзалы къахыл ныллæууынц.

НАТО-йы агрессийы фæстиуæгæн мингай адæймæгтæ баззадысты гом арвы бын гæвзыккæй, æххормагæй. Æввахснымадæй, 164 мин сербагы æмæ 24 мин цыгайнаджы бахъуыд сæ цæрæнуæттæй фæлидзын, ома, Косовойы æмæ Метохийы ныууагътой сæ рагфыдæлты уæзгуытæ æмæ абоны онг сты рахау-бахауаг. Ацы цау Европæйы континенты нымад æрцыд иууыл егъаудæр гуманитарон катастрофæйыл. Кæд æмæ Косовойæ 2008 азы АИШ сарæзта хæдбар паддзахад æмæ дзы нырма дæр лæууынц НАТО-йы æфсæдтæ, уæддæр дзы бынæттон цæрджытæн тæхудиаг цард нæй – ацы территори ссис наркотикты базарады, æппæтдунейон терроризмы æмæ æн-дæр криминалон элементы центр.

Эксперттæ куыд нымайынц, афтæмæй ацы конфликты сæйраг аххосаг уыд геополитикæ. Уымæн æмæ рагæй фæстæмæ Югославийы территорийыл цæрæг адæмтæ, уæлдайдæр та – сербтæ, кæддæриддæр уыдысты Уæрæсейы æмцæдисонтæ, хуыдтой сæ «балкайнаг Уæрæсе», æмæ хурныгуылæйнаг империалистон бæстæтæм рагæй уыд сæ ныппырх кæныны фæнд. Уæрæсейы Империйы рæстæджы сын дзы ницы рауад, стæй та уæдмæ Советон Цæдисы паддзахад сырæзт æмæ сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты.

Цæдисы ныппырхимæ Уæрæсейы Федераци уыд тынг лæмæгъ куыд политикон, афтæ æфсæддон æмæ экономикон планы дæр, æмæ америкæйаг капиталисттæ æрæвнæлдтой «балкайнаг Уæрæсейы» ныддæрæн кæнынмæ. Политологты ‘хсæн бирæ ис афтæ хъуыдыгæнджытæ, ома, Югославийы ныппырхы операци уыд минирепетици Уæрæсейы скуынæг кæныны планæн.

Историмæ куы æркæсæм, уæд ирдæй фендзыстæм АИШ сæдæ азы дæргъы сындæггай йæ план кæй æххæст кодта – сусæгæй-æргомæй сербты рагфыдæлты уæз-гуытæм Косово æмæ Метохимæ азæй-азмæ кодтой ал-байнæгты цæрынмæ. Фæстæдæр ацы территорийы ал-байнаг цæрджыты нымæц фæфылдæр ис æмæ ма им-периалистты æрмæстдæр хъуыд дыууæ нацийы кæрæ-дзийы ныхмæ скæнын, знæгтæ сæ саразын, кæцы хъуыддаг кæддæриддæр æнтыстджынæй æфтыд сæ къухты. Ирландийы ныр дæр уæвынад кæны ахæм æмбисонд, зæгъгæ, кæд дæ сыхæгты хылгæнгæ фенай, уæд дзы сæ иумæ æнæмæнг уазæгуаты уыд англисаг.

1990-æм азты Югославийы райдыдта мидæггагон хæст æмæ ныддихтæ ис цалдæр паддзахадыл. Фæлæ америкæйæгтæн уый фаг нæ уыд, Советон Цæдисы ныппырх сын куыд нæ уыд фаг æмæ ма сæ Уæрæсейы Федерацийы ныддихтæ кæнын куыд фæнды, афтæ ма ноджы æрæвнæлдтой Сербийы скуынæг кæнынмæ. Уымæ гæсгæ сæ хъуыд исты æфсон ссарын, цæмæй агресси саразой. Мидæггагон хæсты цы адæм фæцагъды сты, уыдоны Косовойы иу ранмæ æрæмбырд кæнын кодтой æмæ стæй æгас дунейы цъиувæдис сарæзтой, ома, сербæгтæ албайнæгты ныццагътой æмæ сæ æфсымæрон ингæны баныгæдтой. Æмæ мæнæ абоны бон æппæт хурныгуы-лæйнаг бæстæты дзыллон-информацийы фæрæзтæ иу командæмæ гæсгæ, кæрæдзийы сæрты хаугæйæ Уæрæсейы куыд æфхæрынц, алыгъуызон гæды ныхæстæ æмæ цъыфкалæнтæ куыд фыссынц æмæ дзурынц Украинæйы уагъдцæуæг спецоперацийы тыххæй, афтæ Сербийыл дæр сæхи ныццавтой. Æвиппайды дзы фашистон бæстæ ацарæзтой æмæ йæм ныббырстой.

Югославийы фæстæ алкæмæн дæр æмбæрстгонд уыд, Вашингтоны кæй фæнды æппæт бæстæтыл жан-дармæй æрбадын. Уый фæстæ райдыдта куынæг кæнын Иракы, Афганистаны, Сомалийы, Йемен, Ливийы, æмæ йæм иу паддзахад дæр нæ уæндыд исты сдзурын. Сири-йы скуынæг кæнын ын нал бантыст – Путин ын радта ак-каг ныхкъуырд æмæ абоны онг дæр фырмæстæй фæтоны. Уымæ гæсгæ ныридæгæн Уæрæсейы къæсæрыл сарæзта хæст, цæмæй бафхæра Путины æмæ йæ раппа-ра паддзахады сæргълæууæджы бынатæй.

Иракмæ бабырсыны фæстиуæгæн фæмардис иу миллуан адæймагæй фылдæр æмæ дзы нырма дæр сабыр нæу, кæд æмæ бирæ рæстæг рацыдис хæстон архайдтытæй, уæддæр. Æрмæст Афганистаны цас адæм фæмардис, уыдоны нымæц æмбæхсынц НАТО – æргомæй дзурынц 100 мин адæймаджы, фæлæ сæ нымæц у бæрæг фылдæр. Ӕрмæст лигъдæтты нымæц ахызтис 3 миллуанæй æмæ дзы абоны бон хæстон архæйдтытæ не рлæууыдысты. Сирийы хæсты дæр фæмардис 1,5 миллуан адæймаджы бæрц æмæ уым дæр сабыр цард нырма нæ ныллæууыд. НАТО-йы æфсад йæ хæстон архæйдтыты фæстиуæгæн уыд кæддæриддæр æгъатыр – бындуронæй ныппырх кодта ахæм егъау горæттæ, куыд Масул, Ракка, Кобане, Сирта, Фаллуджа, Рамади, Тавергхи, Дейр-эз-Зора. Ацы горæтты цæрджыты фылдæр хай фæмардысты. Иумийагæй сисгæйæ 2001 азæй фæстæмæ НАТО-йы æфсады къухтæй фæмардис 11 миллуан адæймаджы, кæцыты 80 проценты уыдысты хуымæтæг сабыр цæрджытæ.

Æвæццæгæн 1999 азы Уæрæсейы Федераци ныры хуызæн тыхджын куы уыдаид, уæд нæ бауагътаиккой се мтуг сербты ныццæгъдын. Сербийы адæм æй ныр дæр хорз æмбарынц, зæххы къорийыл сын Уæрæсейæ æввахсдæр кæй ничи ис, зындзинады кæдфæнды дæр сæ фарсмæ кæй уыдзысты, æмæ абоны бон Украинæйы цы хæстон архайдтытæ цæуынц, уым сты Путины вварс. Æрæджы Сербийы президент Александр Вучич комкоммæ загъта, зæгъгæ йæ бæстæ НАТО-йы скондмæ никуы бахиздзæнис æмæ 1999 азы фыдракæндтæ дæр никуы никæмæн ныппардзæнис. Вашингтоны æнæмæнг бафæндид Вучичы бафхæрын, фæлæ Сербийæн ныр тæссаг нал у – Уæрæсейы Федераци ныридæгæн стыхджын ис æмæ йæ бахъахъхъæндзæнис.

    ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.