ЗÆХХ – НÆ ИУМÆЙАГ ХÆДЗАР. БАХЪАХЪХЪÆНÆМ ÆЙ

Цардыл кæй руаджы цин кæнæм æмæ нын дзы цæрыны фадæттæ чи аразы, уый у зæхх. Мах кæмфæнды ма цæрæм, уæддæр мингай тæгтæй баст стæм йемæ, æрвылбон дæр ын пайда кæнæм йæ хæрзиуджытæй. О, пайда сæ кæнæм, фæлæ уыцы хæрзиуджытæ цæмæй ма сихсыйой, уый тыххæй алцы дæр аразæм, фаг ыл аудæм?

Зæххы бон нысан кæнын райдыдтой 1993 азæй фæстæмæ. Йæ нысан у, цæмæй йæ алыгъуызон фыдбæллæхтæй бахъахъхъæнæм. Уымæ гæсгæ ацы бон горæттæ æмæ хъæуты цæрджытæ сæ алфæмблæйттæ ссыгъдæг кæнынц брæттæй, фæсадзынц талатæ, алыгъуызон декоративон къутæртæ, дидинджытæ, цæмæй тынгдæр банкъарой нæ алыварс æрдзы рæсугъддзинад.

Нæ диссаджы зæхх æмæ æрдз махæн канд цард нæ балæвар кодтой, фæлæ ма нын сарæзтой æппæт уавæртæ дæр, цæмæй фылдæр кæнæм æмæ йыл амондджынæй цæрæм. Уый нын нæ бахæлæг кодта йæ хъæздыгдзинæдтæ, зæххы бынæй чи цæуынц æмæ сæууон æртахау сыгъдæг чи сты, уыцы суадæттæ, хосгæнæн суæрттæ, чи йыл зайынц, уыцы алыгъуызон зайæгойтæ æмæ бирæ æндæр хъæздыгдзинæдтæ. Хъыгагæн, зæхх нын цы хорздзинæдтæ балæвар кодта, уыдонæй пайда кæнгæйæ, мах ферох вæййы, рæвдауын, аудын ыл кæй хъæуы æмæ уый фæстиуæгæн хæлд цæуы нæ алфæмблай  дунейы алыхуызондзинад. Ахæм æнæмæтдзинад та нæ цы æвирхъау бæллæхмæ æркæндзæн, уый бæрæг нæу. Уымæ гæсгæ нæ алфæмблай æрдз бахъахъхъæныны тыххæй мадзæлттæ ист цæуы Хуссар Ирыстоны дæр.

Экологийы сыгъдæгдзинадыл чи кусынц, уыдон фарст æвæрынц, цæмæй раздæры хуызæн се `цæг хуыз равдисой зæххон фæрæзтæ: мæр, дæттæ, хъахъхъæд цæуой цæрæгойтæ, уæлдæф та уа сыгъдæг.

Æмæ  уæдæ абон æрдз хъахъхъæныны фæдыл цы куыст цæуы? Раст зæгъгæйæ – хæрз чысыл. Пайдайæ йын зиан бирæ хатты фылдæр кæнæм. Цардæн тæссаг химикон буарадтæ æмæ кондадон згъæлæнты хъæстæ буарадтæ тынг бирæ бæрцтæй хæццæ кæны атмосферæмæ, калынц сæ цæугæдæттæ æмæ денджызты, нæ алыварс фылдæрæй фылдæр кæнынц, чи не `мбийынц, кондады ахæм згъæлæнтæ, къаддæрæй-къаддæр кæнынц хъæдты фæзуæттæ, иуæй-иу хуыз цæрæгойтæ бынтондæр скуынæг сты, экосистемæтæ хъæстæ кæнынц атомон баззайæццæгтæй, хомыс æмæ энергийы хицæн хуыз гуырæнты фæсауæрцтæ ихсийынц тынг тагъд. Раст хъуыдыгæнæг ахуыргæндтæ ныридæгæн кæнынц фæдисы хъæр. Гарун Тазиев, иууыл фæлтæрддæр вулканолог, кæцы лæмбынæг сахуыр кодта Зæххы мидæвæрæнтæ, æдзух зæрдыл лæууын кæны: фæстаг æнусты цивилизацийы рæзты иттæг тагъд темптæ, адæймаджы архайды фæстиуæгæн биосферæйы ивындзинæдтæ гæнæн ис æркæной катастрофæмæ, æмбаргæ зонд куынæ фæуæлахиз уа, нæ алфæмблай нын чи чъизи кæны, уыдоны æдылыдзинæдтыл, уæд. Ныртæккæ бирæты катайы æппары фарст: нæ сывæллæттæн, уыдоны сывæллæттæн сæ бон уыдзæн денджызы сæхи найын, хъæды тезгъо кæнын, стъалытæм кæсын  кæнæ дидинджыты хæрздæф улæфын?

Парижы цæрæг, афæдзы дæргъы уæлдæфимæ сулæфы 6 килограммы рыг. Нью-Йорк, Гамбург, Брюссель æмæ æндæр стыр горæттау Францы сæйраг горæт дæр æмбæрзт у рыг æмæ фæздæгæй. Бирæ милуан цæрджытæ кæм ис, уыцы Токиойы бирæ азты дæргъы ис, сыгъдæг уæлдæф кæм уæй кæнынц, ахæм автоматтæ. Æхца дзы ныппар æмæ япойнаг райсы конфетты баст нæ, фæлæ цалдæр улæфты фаг туаггуыр. Зындгонд у, ахæм мигътæ арæх фæзыны Британийы сакъадахты сæрмæ, Израилы сæрмæ…

Атмосферæ чъизи кæны, æрмæст бирæ адæм кæм цæры æмæ индустриалон æгъдауæй размæдзыд бæстæтæ чи сты, уым нæ, фæлæ Зæххы къорийыл алы ран дæр. Цæвиттон, материкæй мингай километртæ æддæдæр Сабыр океаны чи сты, уыцы Гавайы экзотикон сакъадахтыл дæр уæлдæфы токсикондзинад фæфылдæр 30 проценты. Æрвылаз дæр Зæххы дæттæ сæхимæ райсынц 6 милуан тоннæйы алыгъуызон химикон буарадтæ æмæ кондадон згъæлæнтæ. Денджызы дон ма чъизи цæуы нефты продукттæй. Денджыз ссис атомон згъæлæнтæ ныгæнæн бынат. Ныр махæй дис ничиуал кæны, иу ран кæнæ  иннæ ран денджызы был пляж куы сæхгæнынц, дон найынæн кæй нал бæззы, уый тыххæй.

Тæссаг уавæры ис, цæрынæн афтæ ахсджиаг чи у, уыцы компонент – мæр дæр. Мæры æрдз арæзта бирæ æнусты дæргъы, уый руаджы зайы Зæххыл зайæгой, сбæззы тыллæг, уæвы удæгас дуне. Фæлæ уымæ дæр ис æнæмæт ахаст, хатт сырдон ахаст дæр. Афтæмæй мæры сконд æмæ хиæдтæ фехалынæн хъæуы æрмæстдæр азтæ æмæ, чизоны, мæйтæ дæр. Æмæ уæдæ цы аразы адæймаг, цы æрдзы мидæг цæры, уымæн? Цæмæн æй фыдуынд, æдзард кæны, æндæр планетæмæ фæцæуинаг у цæрынмæ? Цæмæн ахæм зондыл хæст у, æз цæрон æмæ мæ фæстæ цыфæндыдæр уæд?

Нæ рынчын æрдзæн ма схосгæнæн ис æви байрæджы? Ахуыргæндты ныфс ис, нæ иумиаг хæдзар – Зæххыл, дарддæр дæр цæрæн кæй уыдзæн. Æрмæстдæр, иттæг вазыгджын экологион проблемæтæ йæ бон скъуыддзаг кæнын кæмæн уыдзæн, ахæм размæдзыд намысджын зонады бындурыл. Æрдз у иу æнæхъæн æмæ йæ бахъахъхъæнынмæ хъуамæ здæхт уой иумиаг тыхтæ, хицæн паддзахадтæ æмæ сæ ахуыргæндтыл нал дих кæнгæйæ.

“Мæн фидарæй уырны, адæймаджы зонд кæй аиуварс кæндзæн, адæймагæн йæхи уæвынадимæ баст чи у, уыцы тасдзинад. Цæмæй цард фæуæлахиз уа, уый тыххæй адæймæгты æмæхсæнад хъуамæ уа организацигонд…

Адæймагад ис равзæрсты фæндагыл… Фыццаг хатт зæххыл цæрæг биологион хуызтæй иу, йæхи Адæймаг чи хоны, уый гæнæн ис зонгæ-зонын фæива  йæ планетæйы, йæхи историйы цыд”, – афтæ хъуыды кæны профессор Жан Хамбургер. Бынтон пессимистон у йæ хъуыды гениалон Леонардо да Винчийæн. Уый 400 азы размæ Зæххæн сныв кодта ахæм хъыгаг хъысмæт:

“Зæххыл кæддæриддæр цæудзысты куынæггæнæн хæстытæ… æмæ мæлæт хæсдзæн тохгæнджыты дыууæ фарсæрдыгæй дæр. Æгæрон æгъатырæй уыцы хъæддæгтæ цæгъддзысты бирæ бæлæстæ планетæйы хъæдты, стæй сæ æгъатырдзинад аздахдзысты, сæ алыварс ма удæгасæй цы ссарой, уыдонмæ, рыст æмæ пырхæнтæ, хъæрзт æмæ сæм мæлæт хæсгæйæ. Нæдæр – зæххыл, нæдæр – зæххы бын æмæ нæдæр доны бын баззайдзæн исты ахæмæй, кæмæ нæ бавнæлдæуа, кæй нæ басастæуа. Дымгæ æгас дунейыл ныппырх кæндзæн, зайæгой кæуыл нал зайа, уыцы зæххы уæлцъары сыджыт æмæ дзы бамбæрздзæн, кæддæр алыгъуызон бæстæты цардæй чи йедзаг кодта, уыцы уæвæгойты баззайæццæгты”.

Экологион тæссагдзинад у, зæхх кæй сфæлахс, уый дæр. Йæ азарæй хъæууонхæдзарадон культурæты тыллæг фæстаг азты фылдæр нал кæны. Уæдæ хуымгæнды зæххытæ къæвдадæтты, тыхуардтыты аххосæй кæй хæлынц, уый дæр рох кæнын нæ хъæуы.

Иу ныхасæй, абон махæн ис, цæуыл ахъуыды кæнæм, уый. Бахъахъхъæнæм, махæн æппæтæй зынаргъдæр цы у, уый, нæ зæхх – царды иунæг фæрæз æмæ нæ дарæджы.

Æрмæгыл бакуыста БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.