26-æм августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр йæхимæ райста РХИ-йы хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонмæ æрцæуæг делегациты. Парламентмæ бацыд УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы делегаци йæ сæргъ Ильяс Умаханов, афтæмæй. Уымæй дарддæр ма Парламенты Сæрдарæн фембæлдтытæ уыд УФ-йы Паддзахадон Думæйы минæвæрттæ, вертолетон полкы раздæры командир Алексей Востриков, Республикæ Абхаз, Донецкы Адæмон Республикæ, Луганскы Адæмон Республикæ, Цæцæны Республикæ, Хæххон-Карабахы Республикæ, Приднестроваг Молдаваг Республикæ, Кæсæг-Балхъары Республикæ, Хъæрсе-Черкессийы Республикæ, Мæхъæлы Республикæ, Республикæ Хъырым, Сирийаг Арабаг Республикæ, Республикæ Науру, Владимиры областы æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты  минæвæрттимæ. Парламентмæ ма æрбацыдысты Азербайджаны хуссары цæрæг адæм – талышты минæвæрттæ. Гасситы Петр бузныджы ныхæстæ загъта уазджытæн Хуссар Ирыстоны юбилейон бæрæгбоны хайад кæй райстой, уый тыххæй.

«Абон махæн нæ бон у  сабыр цардæй цæрын, сывæллæтты хъомыл кæнын, инфраструктурæ рæзын кæнын æмæ æппæт уыдæттæ сты Уæрæсейы руаджы. Нæ хæстонтæ фенын кодтой хъæбатырдзинады цæвиттон. Уыдонæн сæ бон ссис, нымæцæй æмæ техникæмæ гæсгæ сæхицæй бирæ фылдæр чи уыд, уыдоны ныхмæ фæлæууын. Уымæй фадат радтой Уæрæсейæн махмæ æххуысмæ æрцæуынæн æмæ адæмы бахъахъхъæнынæн. Мах æмбарæм, цахæм бæрндзинад райста йæхимæ Уæрæсе нæ хæдбардзинад нын банымайгæйæ æмæ йын аргъ кæнæм», – банысан кодта Гасситы Петр.

Афтæ ма арфæйы ныхæстæ загъдæуыд  бæстæты, республикæты, крайты æмæ областты Парламенттæн сæ фарсхæцынад æмæ æххуысы тыххæй.

Бæрæгбонмæ æрцæуæг делегациты минæвæрттæн лæвæрд æрцыдысты зæрдылдарæн лæвæрттæ. Сæ рады, уыдон фехъусын кодтой арфæйы адресты мидисы тыххæй æмæ РХИ-йы Парламентæн радтой бæрæгбоны фæдыл сувениртæ.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.