Президент Бибылты Анатоли фембæлд дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттимæ æмæ сын радзырдта Мæскуымæ йæ балцы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Вдалимир Путинимæ йæ фембæлды рæстæджы сæ баныхæсты фæстиуджыты тыххæй. Республикæйы   сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй уæрæсейаг паддзахады лидеримæ йæ фембæлд  ацыд хæларадон уавæрты. Фæндвидарæй нысан æрцыд дыууæ паддзахады ‘хсæн ахастытæ дарддæр дæр кæй рæздзысты æмæ фидарæй фидардæр кæй кæндзысты. Ноджыдæр фидарæй нысан æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Президенты позици Хуссар Ирыстонмæ ахасты, ома, Хуссар Ирыстон у хæдбар республикæ æмæ ацы векторы дыууæ паддзахады ахастытæ ноджы активондæрæй рæздзысты. Куыд нырмæ, афтæ нырæй фæстæмæ Уæрæсе уыдзæн Хуссар Ирыстоны æдасдзинады гарант.

«Дзырд цыд инвестпрограммæйы къорд фарстатыл, инвестпрограммæйы реализацийыл, нæ дарддæры плантыл. Дзырд ма цыд Хуссар Ирыстоны цардархайды æппæт спектртыл, уыцы нымæцы цæрджыты царды æмвæзадыл, æнæниздзинады фарстатыл,  куыстмыздтыл, экономикæйы рæзты æмвæзадыл, йæ райрæзтæн цы фадæттæ ис, æппæт уыдæт-тыл», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Сири Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уый тыххæй республикæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, ацы фарсты фæдыл дæргъвæтин рæстæг куыстæуыд. «Нæ дыууæ паддзахады Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадтæ сæ фадæттæ æрвылхатт дæр кæрæдзиимæ æрæмных кæнынц æмæ сæ координаци кæнынц, цæмæй иумиаг тыхтæй нæ республикæйы интерестæ размæ кæной æппæт дунейы», – загъта Бибылты Анатоли æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Президентимæ бадзырдты рæстæджы бæрæг æрцыд Владимир Путины позици хæдбар Хуссар Ирыстонмæ Уæрæсейы ахасты фæдыл.

Гуырдзыстонмæ Германы канцлер Ангела Меркелы æрцыды æмæ Хуссар Ирыстоны арæнмæ йæ æрбацыды тыххæй Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, Ангела Меркель Хуссар Ирыстоны арæнтæм кæй æрбацыд, уый нысан кæны республикæмæ йæ цымыдисдзинад.

«Ирæттæ цивилизацион адæм сты. Мах уазджыты æрбахонæм, фæсвæд быдыртыл нæ, фæлæ  дуарыл. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ уый биноклæй федта Хуссар Ирыстоны размæдзыд дæр æмæ, нæ арæнты цур арæнгæрон контролы хъус-дард кæдæм здæхт уыд, уый дæр. Уый федтаид, республикæйы цы объекттæ сырæзт, нæ бæстæйы уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ цы диссаджы хорз уавæрты службæ кæнынц, æппæт уыдæттæ. Мæнмæ гæсгæ, Меркель биноклтæй цы федта, уый радзурдзæн, мах фарст кæй цымыдис кæны, уыдонæн, сæйраджыдæр Гуырдзыстоны къух-дариуæгадæн», – загъта Президент.

Хуссар Ирыстоны рауадзгæ продукцийы Уæрæсейы базармæ ласыны фæдыл фарсты тыххæй Президент фехъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны территорийыл æркæнгæ хъæууонхæдзарадон продукци ласын райдыдтой Уæрæсейы базармæ. Уый фидарæй банысан кодта, уыцы товарæрзылд фылдæрæй фылдæр кæй кæндзæн.

«Абоны бон нын «Россельхознадзор»-имæ ис бадзырд, Хуссар Ирыстоны территорийыл цы продукци æркондæуа, уый мониторингы тыххæй. Уæрæсейаг ведомствойы æрдыгæй райстам бар Хуссар Ирыстоны территорийыл æркæнгæ хъæууонхæдзарадон продукци Уæрæсейы Федерацимæ ласыны æмæ сæ уым уæй кæныны тыххæй», – загъта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн дзидзакуыстгæнæн куыстуат «Растдон»-ы продукци æрвыст цæуы Уæрæсейы территоримæ. Уæрæсейы Федерацимæ æрвыст цæудзысты дыргътæ дæр æмæ халсæрттæ дæр.

«Уæрæсемæ нæ республикæйы тер-риторийыл æркæнгæ продукци ласыны тыххæй цы проблемæ уыд, уый скъуыддзаг æрцыд. Уымæй дарддæр республикæйы ныккалдæуыд дыргъдæттæ, уыдон фидæн аз æрхæсдзысты фыццаг тыллæг æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, товарæрзылд фылдæрæй фылдæр кæндзæн», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

5 азы фæстæ Республикæ Хуссар Ирыстоны цахæмæй уыны, уыцы фарсты бæстæйы сæргълæууæг акодта дыууæ дихы – политикон æмæ экономикон. Фыццаг хайы фæдыл Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ йæ фæнды республикæйы Уæрæсейы сконды фенын, зæгъгæ, уый республикæйы адæмы националон идея у.

«Фæнды мæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы сконды фенын, уый у мæ царды стимул. Зонын æй, уыцы процессæн ис ныхмæлæуджытæ дæр, фæлæ уыдон, табу Хуыцауæн, бирæ не сты. Нæ адæммæ цы идея ис, уый райдыдта 20-æм æнусы 20-æм азтæй æмæ хъуамæ æххæст æмæ царды биноныг æрцæуа», – загъта Президент.

Фарсты дыккаг хайы – Республикæйы цæрджыты фæрныгады тыххæй уый банысан кодта, зæгъгæ, йæ фæнды, цæмæй республикæйы алы цæрæг дæр бæстæйы йæхи хата комфортонæй.

«Фæнды мæ, цæмæй адæймæгтæн сæ бон сæ бинонты дарын уа, уа сын куысты бынæттæ, цæмæй хайад исой сæ паддзахады размæцыды процессы, цæмæй мауал дихтæ кæной, фæлæ иууылдæр уой æмзонд, æмвæнд. Мæн тынг фæнды цæмæй фæзыной, нæ адæмы нын чи æрбангом кæна, иумæ сæ раст фæндагыл чи кæна, ахæм лидертæ», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли дзуаппытæ радта журналистты æндæр фарстатæн дæр.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.