РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик фембæлд РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймуразимæ, кæцы делегацийы сконды æрцыд Цхинвалмæ, республикæйы хæбардзинад Уæрæе куы банымадта, уыцы боныл 10 азы сæххæсты бæрæгбонмæ.

Тускъаты Таймураз раарфæ кодта йæ коллегæйæн ахæм нысаниуæгджын боны сæраппонд æмæ загъта, зæгъгæ, йæ уырны, Ирыстоны цæгат æмæ хуссары бастдзинæдтæ дарддæр дæр кæй фидардæр кæндзысты, уый.

«Эрик Георгийы фырт, арфæ  кæнын дæуæн æмæ Хуссар Ирыстоны æппæт адæмæн стыр боны – республикæйы хæбардзинад Уæрæсе куы банымадта, уыцы боныл 10 азы сæххæсты сæраппонд. Уæззау фæлварæнтыл чи рацыд, уыцы адæм уыдонæй рахызтысты ноджы фидардæр æмæ тыхджындæрæй. Ацы нысаниуæгджын цау бандæвдта республикæйы царды æппæт фадгуытыл. Райдыдта историйы ног этап, рæзын райдыдтой экономикæ, паддзахадон архайды æндæр здæхтытæ, Ирыстоны цæгат æмæ хуссары интергацион процестæ райстой тыхджын импульс.  Мæ зæрдæ уын зæгъы  позитивон динамикæ бахъахъхъæнын, сабырдзинад æмæ амонд алкæцы бинонтæн дæр!».

Йæ рады Пухаты Эрик уазæгæн  арфæтæ ракæнгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, республикæ тыхджын у æфсымæрдзинадæй. «Бинонтæм бæрæгбон куы вæййы, уæд йæ алыварс æрбамбырд вæййынц сæ хиуæттæ иууылдæр. Мах тыхджын стæм æфсымæрдзинадæй, нæ сомбон уынæм иумæ, æмæ ныр та гæнæн цы ис, уый араздзыстæм, цæмæй фидардæр æмæ размæ кæнæм Ирыстоны цæгат æмæ хуссары æмгуыстад. Абоны, ацы бæрæгбон у нæ иумиаг бæрæгбон æмæ мах амондджын стæм ацы циндзинад немæ кæй дих кæнут, уый тыххæй», – банысан кодта Пухаты Эрик.

ДЫУУÆФАРСОН ÆМГУЫСТАДÆН УЫДЗÆН ХОРЗ ФИДÆН

Пухаты Эрик йæхимæ райста, Республикæ Хъырымы вице-премьер, УФ-йы Президенты цур Хъырымы æдзухон минæвар Георгий Мурадов йæ сæргъ кæмæн лæууыд, уыцы делегацийы. Мурадов арфæйы адрес радта Республикæ Хъырмы Сæргълæууæг Сергей Аксеновы номæй. Хъарм арфæйы ныхæстæй дарддæр ма уым нысан уыд, зæгъгæ, Уæрæсе республикæйы хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы цау Хуссар Ирыстонæн ссис паддзахаддзинады арæзты æмæ суверенитет сфидар кæныны райдиан.

Георгий Мурадов ма банысан кодта Хуссар Ирыстонимæ рæзгæ бастдзинæдты тыххæй æмæ йæ бафæндыд уымæн дидинæфтыд.

Йæ рады Пухаты Эрик банысан кодта, зæгъгæ, йын æхсызгон у Хъырымæй нæ хæлæрттæ кæй æрцыдысты, уый. «Мæнæн æхсызгон у уый, æмæ мах стыр нысаниуæг кæмæн дæттæм, уыцы  нысаниуæгджын боны махмæ кæй æрцыдыстут. Ныфс мæ ис, æмæ дарддæр дæр нæ зæрдылдарæн бонтæ мах сымахимæ иумæ кæй нысан кæндзыстæм. Уырны мæ, нæ дыууæфарсон æмгуыстадæн кæй уыдзæн стыр потенциал».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.