Ацы дермократты æхсæнад æрлæууынæй фæстæмæ бæстæ сдзолгъо-молгъо ис. Чи ма кæуыл бакала цъыф, чи ма кæй бафхæра, ууыл ссис адæмы иу хай. Уæлдайдæр нæ иу къусы йас бæстæйы. Уыйæппæт цæхæрцæст лæппутæ сæ туг фæкалдтой, бирæтæн дзы сæ цард аскъуыд, бирæтæ дзы баззадысты цæнкуылтæй. Уыдонæй иу – мæ хæдзары. Мæнæ цы сæрибар зæххыл рацу-бацу кæнæм, уыцы зæхх у уыцы æвзонг лæппуты тугæй æлхæд. Æмæ абон сæрбæрзондæй чи цæуы, йе ʻрбадæнæй йæ бандон чи рахаф-бахаф кæны, иу гæрах чи нæ фехъуыста, уыдон хъуамæ æмбариккой, кæй фæрцы цæрынц ам сæрибарæй, кæй руаджы хъылдым кæнынц ацы тугæй æхсад зæххыл, уый. Адонæй бирæтæ сты, цæрæнбонты нæ куынæг чи кæны, нæ мыггаг нын сыскъуынынмæ чи хъавы, уыдоны адæм, се ʻрбадæнтæ дæр сæхицæй нал хонынц. Куырм, сæппой бæхтау сæпп-сæпп кæнынц, хæрджытау уасынц, хъихъхъытæ, чъыллиппытæ кæнынц. Тутыры цырагъæй сыгъдæгдæр чи у, уыдоныл цъыф калынц, хъавынц се счъизи кæнынмæ. Афтæмæй та ахæмтæ сæхæдæг сты уæйгæнджытæ, къæрныхтæ. Ферох сæ, уыцы уæззау дуджы нæм цал хатты æрцыд гуманитарон æххуыс, æмæ сæ куыд ныххафтой. Абон дæр бирæтæ баст сты не знæгтимæ. Исты куы ныффыссын гуырдзыйы ныхмæ, уæд уыдонæй чидæртæ сæ хъæстæ сæ хуылфæй æргом скалынц: «Цы кæныс, цы, мах цæрæм гуырдзыйы зæххыл, æмæ дæ цы нæ уадзы». Уый дын сæ ныхас. Гуырдзы мæн хонынц «Вор грузинской истории». Уыцы къорды адæймæгтæй та цы домыс æмæ кæуинаг уый у, уыдоны хуызæттæн хорзæхтæ æмæ премитæ дæр кæй дæттынц. Æмæ ма уый æдде ацы дзæгъæйладжы соцсетæй (æви цавæр гуыбынниз у) дæр парахатæй пайда кæнынц, сæ марг æвзæгтæ радав-бадав кæнынц. Калм иуран хуысса æви лæсгæ кæна, уæддæр йе ʻвзаг радав-бадав кæны, фæлæ дзы никæй цæвы, куынæ йыл ныллæууай, уæд. Нæ дамдумгæнджытæ та æхцондзинад исынц се ʻвзæгтæ радав-бадавæй, сæхицæн дзы аразынц уколтæ æмæ уымæй сæ зæрдæтæ хурварс абадынц, сæ риуты ʻмбæрц сулæфынц, сæ удыхъæд «фæхуыздæр» вæййы, фесæфы сæ «зæрдæйы низ». Фæлæ диссаг уый у, сæ сæрымæгъзтæн цæмæннæ аразынц уколтæ… Адоны хуызæттæм цинау кæсы, дыууæ мæстджын адæймаджы ʻхсæн пиллон арт ссудзгæ куы фенынц, уæд. Фæархайынц, цæмæй арт тынгдæр ссудза. Нæ хъуыды кæнынц, исчи ма дзы басудздзæнис æви нæ, ууыл. Фæлæ уыдонæн сæ хъуыдыйы ис æрмæстдæр иу: «Уадз æмæ басудзой иуæрдыгæй дæр æмæ иннæрдыгæй дæр».

Æрцыдис фыдбылыз, æнамонд хабар. Фыднадæй амардтой нæ милицийы кусджытæ Дзабиты Иналы, цыма æхста мидхъуыддæгты «министры». Чи уыд, уый нырма не сбæлвырд, афтæмæй йæ фондз боны надтой, надтой ма, йемæ цы дыууæ лæппуйы уыд, уыдоны дæр. Адæм сызмæлыдысты! Милицийæн йæ хæс у фыдгæнæджы æрцахсын æмæ йæ фæдсгарджытæм радтын. Иналæн йæ буарæй иунæг ахæм гæппæл нал уыд, цæф ыл кæм нæ разынд. Цыбырдзырдæй, лæг амард фырнадæй.

Иналæн баззад æртæ æнахъом сывæл-лоны. Ацы уæззау дуджы цæмæй хъуамæ цæрой, чи сæ дардзæн? Йæхиуæттæ домынц, æрмæстдæр раст тæрхон фыдгæнджытæн æмæ уыдоныл йæ къух чи æвæры, уыдон бафхæрын. Уый тыххæй равдыстой се ‘нæразыдзинад æмæ бадынц Театры фæзуаты ацы судзгæ уазалы. Уый æдде ма сæ милицийы кусджытæ дæр æхсойынц, æртхъирæнтæ йын кæнынц йæ фаззон æфсымæрмæ, кæй сæм фæлæууы ныхмæ, уый тыххæй. Уыдонмæ хъыг кæсы æлгъитын, фæлæ лæгмард ницыуал у? Уыцы тыхæвзарджытæ æппындæр нæ хъуыды кæнынц нæдæр бæрнон бынаты чи ис, уый авторитетыл, нæдæр Инал æмæ йæ сывæллæттыл. Уыдонæй фыддæр та æфхæрдбаййафджытæн сæ «фарсхæцджытæ» фесты! Адæмы схæццæ, скæрæдзи мидæг кодтой, цинау сæм кæсы искæй зындзинад æви хуыздæр цæ-мæдæр æнхъæлмæ кæсынц? Кæд сæ фылдæр фæллой, зæхх, хæдзæрттæ хъæуы, уæд æй саразæд сабыр, æмбæлон æгъдауыл, искæуыл цъыф цæмæн калынц, мæгуыр æфхæрд адæмы дыггаг хатт цæхæрмæ цæмæн æппарынц?!. Æз, куыд сæ мыггагæй адæймаг, афтæ архайдтон æмæ архайдзынæн, цæмæй дыккаг фыдбылыз мауал æрцæуа. Æмæ цы? Уыцы «æнувыд», «зæрдæрисгæ» адæй-мæгтæ бавдæлдысты æмæ… Сæ фыстытæм гæсгæ рауад афтæ, цыма æз дæн сæвзæргæ уæззау уавæры иууыл аххосджындæр. Кæд ацы мæгуыр адæмы уæззау уавæрыл афтæ тынг тыхсут, уæд ма мын зæгъут: сæ фыд Афганистаны хæстæй куы æрæздæхт, уæд ын чи æххуыс кодта, æхсæв кæм æрлæууыдаид, уый дæр ын куы нæ уыд?.. Уыцы дыууæ фаззон лæппу æмæ сæ хо мæгуыр цард куы кодтой, уæд уæ исчи уыдонæн исты баххуыс кодта? Уыцы фаззæтты  чи бакодта университетмæ? Ноджыдæр æй зæгъын: арт судзы æмæ йыл ма дæр лыстытæ калут, ма дæр – фæтæген, цæмæй та дзы ногæй мачи басудза. Сымах хуызæттæ дзы нæ басудздзысты, фæлæ та – раст адæймæгтæ, зиан баййафджытæ. Сымах та стут хъуызилтæ, гæдилтæ æмæ та ахъуыздзыстут! Æвзæгтæ дыууæрдæм хæсдзыстут! Тугкалды суфа митæ нæ хъæуы, уæззау зондæй архайын хъæуы. Æмæ мæныл та уæ цъыф ма калут. Æз дзурын рæстдзинадыл æргомæй, сымахау сусæгæй нæ! Æз уæлдæр бынатмæ не ʻнхъæлмæ кæсын, уыцы кары нал дæн, мæ фыссæнтæ та мын мæ къухæй ничи байс-дзæн, нæдæр мыггаджы худинаггæнæг дæн, нæдæр гæртамхор дæн, нæдæр гуырдзымæ æвзагхæссæг дæн, нæдæр адæмы кæрæдзийыл ардауын. Æз тауын хæлардзинад, æнгомдзинад. Уымæн æвдисæн сты, цы коллективы ʻхсæн дæн, уыдон, ме студенттæ, мæ сыхбæстæ, мæ зонгæтæ! Мæныл сымах хуызæттæ цъыф рагæй калынц, суанг ма 4 курсы студент куы уыдтæн, Ирыстон баиу кæныны тыххæй 4 æвзонг лæппуйæ дæластæрдон организаци куы сарæзтам, уæдæй фæстæмæ. Цъыф бакалдтой ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадимыл дæр. Æргом рацæут, æргом! Фæлæ æвзæр куыдз сусæгæй хæцы.

Мæн ничи сардаудзæн, ахæм рог зонды хицау нæ дæн. Мæнæн мæ сæр мæ уæхсчытыл ис, сымахтау мæ сæр мæ уæцъæфы нæ ныххауд. Сæр уæцъæфы мидæг хъуыды кæнын нæ зоны, хуыдыг дзы кæны. Уæцъæф зоны æрмæстдæр «æри-ма, æри-ма». Æз цы сарæзтон мæ адæмæн, уымæн сымах йæ 1% дæр нæ сарæзтад æмæ нæ сараздзыстут. Æмæ ма сарæзтаин фылдæр, сымах хуызæттæ мыл алы дау ныхæстæ куы нæ мысыдаиккой, уæд. Чи мыл мысыд мæ чиныг мын адавта, нæ фыстытæ нын адавта, афтæмæй уыцы фарстыты х-йæ-б-йæ ницы æмбæрстой æмæ мæ мæ дæсныйадыл кусынмæ æввахс нæ уагътой, уымæн æмæ сыл тых уыдтæн! Фæлæ цы мæ бон уыд, дуары дæгъæлтæ уыдонмæ уыдысты! Афтæ мысыдысты алы хъылма ныхас æртынæм азты, ирон адæмы раззагон интеллигенцийыл сусæгæй, сæ фæсномыгтæ уыдысты Дзыгы, Дзуги, Ололи æмæ сæ рын дæр нæ банымайдзæн. Æмæ дзы чидæртæ кæйдæр фыстытæ сæхи дæр бакодтой… Гуырдзы та сын фадат радтой асинтыл хæрдмæ лидзынæн – бæрзонд бынæттæм.

Цы сарæзтон æвзæрæй?! Æргом мæм цæмæннæ цæут, сусæгæй æвзæр куыдз хæцы!

Махæн нæ хистæртæм цы стыр рæдыд ис, уый сымах æппындæр нæ хатут æмæ уын æй æмбарын кæнын. Сымахæн хъуамæ бакæниккой нæ университеты факультет «Дамдумологи». Кадртæ агурын нæ нæ хъæуы, уе ʻхсæн бирæ цæттæ кадртæ ис!!!

ДЗАБИТЫ Зарбег

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.