Æрӕджы мын мӕ хорз хӕлар, журналист Бызыккаты Земфирӕ балӕвар кодта чиныг «Жизнь по законам добра», йӕ автортӕ – Черчесты Хъасполат ӕмӕ Тъехты Тамерлан. Чиныг мӕ йӕ фыццаг сыф рафӕлдахгӕйӕ, йӕ уацары афтӕ тынг баппӕрста, ӕмӕ дзы мӕхи ратонын мӕ бон нал баци, цалынмӕ йӕ кӕронмӕ нӕ бакастӕн, уӕдмӕ. Абоны царды ма ахӕм хъайтартӕн уӕвӕн ис, уый мӕ зынтӕй уырныдта. Адӕм ӕхцатӕ ӕмӕ мулчы фӕстӕ, дугъы уайгӕйӕ, адӕймагдзинад рох кӕнын байдыдтой.

Ӕз бирӕ кӕмӕйдӕрты фехъуыстон, Лалыты Лев мын баххуыс кодта, зӕгъгӕ, фӕлӕ ӕппӕт бӕлвырд хабӕрттӕ йӕ цардӕй базыдтон ацы чиныджы фӕрцы. Ахӕм стыр фыдбӕллӕхы бахаугӕйӕ, стыр диссаг уый у, ӕмӕ цардмӕ дӕр ӕмӕ адӕммӕ дӕр куыд нӕ фӕхъӕбӕр ис йӕ зӕрдӕ. Уый нӕ, фӕлӕ цыма адӕмы цӕстуарзон арфӕтӕ ӕмӕ Хуыцауы ӕххуысӕй слӕууыд йӕ къӕхтыл, – афтӕ нымайы Левӕ. Левӕйӕн йӕхи хуызӕн бӕллӕхы чи бахауы, уыдоны лӕгӕй-лӕгмӕ фенын йӕхицӕн хӕсыл банымайы. Сӕ зӕрдӕты сын ныфс бауадзы, йӕхи уавӕр сын цӕстуынгӕ хуызы равдисы, стӕй сын материалон ӕххуыс бакӕныныл дӕр фӕстиат нӕ фӕкӕны.

Левӕйӕн йӕ хистӕртӕ йӕ туджы цы уарзондзинад бауагътой адӕммӕ, уый сын йӕ зыны сахаты дӕр мынӕгдӕр нӕ фӕци, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ма тынгдӕр сахадыдта. Адӕмы хорзӕхӕй кӕддӕриддӕр хайджын уӕд ӕмӕ йыл сӕ куывдтытӕ ӕрцӕуӕнт!

Стыр хъару ӕмӕ быхсондзинад равдыста уыцы уынгӕг бонты Левӕйӕн йӕ цардӕмбал Эммӕ дӕр. Ныхас канд балӕггадыл нӕ цӕуы, фӕлӕ дӕ уарзон цардӕмбал, зынаргъ дын чи у, уыцы адӕймагмӕ ахӕм уавӕры кӕс ӕхсӕвӕй-бонӕй, ӕмӕ йын баххуыс кӕнын та дӕ бон ницӕмӕй у, нӕдӕр – йӕ рыстытӕ фӕкъаддӕр кӕнынӕн, нӕдӕр ӕй, раздӕрау, йӕ къӕхтыл слӕууын кӕнынӕн. Фӕлӕ Эммӕ йе ‘ппӕт хъарутӕй дӕр архайдта, цӕмӕй Левӕйӕн йӕ ныфс ма асӕтта, цӕмӕй цардмӕ, нырмӕ куыд худгӕ цӕстæй касти, афтӕ кӕса.

Йӕ архайды ӕппындӕр не ‘вдыста, уый зӕрдӕ дӕр Левӕйы зӕрдӕйӕ къаддӕр кӕй нӕ риссы, уый. Уый дызӕрдыггаг никӕмӕн у, рынчыны цӕстыты разӕй фӕцухгӕнгӕйӕ, уый йе ставд цӕссыгтӕй йӕхи цал хатты ӕрӕхсадта, уый. Левӕйы раз йӕхицӕн уыцы  бар нæ лæвæрдта.

Цард ивгӕ цӕуы хуыздӕрӕрдӕм, зӕгъгӕ, уый мӕ бон зӕгъын нӕу. Адӕм кӕрӕдзийыл раздӕр заманты куыд ӕнувыд уыдысты, афтӕ нал сты, хъыгагӕн. Нӕ диссаджы уӕздан, куырыхон хистӕртӕм цы бирӕ хорз миниуджытӕ уыди, уыдоныл абон бирӕтӕ сӕ къух систой ӕмӕ ӕвзӕрдзинад кӕрӕдзийӕн ракӕнынмӕ арӕнтӕ рӕдувынц.

Кӕд Левӕйы хуызӕн адӕмуарзон адӕймӕгтӕ бирӕ не сты, уӕддӕр ныфс бауадзынц зӕрдӕты. Тынг мӕ фӕнды, ацы чиныг алы хӕдзары дӕр куы уаид ӕмӕ йӕ стырӕй-чысылӕй иууылдӕр куы бакӕсиккой. Ӕхсызгон мын уаид, ацы чиныгӕн йӕ тираж дӕр куы фӕфылдӕр кӕниккой ӕмӕ йӕ Ирыстоны ӕппӕт скъолатыл дӕр куы байуариккой, ӕмӕ йыл уымыты та конференцитӕ куы аразиккой.

Рæзгæ фæлтæрæн абоны цардуд хъайтары дæнцæг у Лалыты Левæ.

ЦÆРУКЪАТЫ Азæ,

газет «Рæстдзинад»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.