Адæймагыл цины базыртæ базайы, хъæу ныфсджынæй размæ куы кæса, йæ цæрджытæ сæ сомбонмæ ныфсджын æмæ разæнгардæй куы цæуой, фæцудын æй куынæ уадзой, уæд. Рæстæджы æмдзу чи кæны, зындзинæдтæн сæттын чи нæ комы, фæлæ сæ цæрæн бынæтты намысджынæй чи фæллой кæны, ахæм хъæуыл нымад у Цхинвалы районы Гудзабар. Хъæууон администрацийы сæргълæууæгæй дзы 2016 азæй фæстæмæ кусы, йе ‘мхъæуккæгты рис чи æмбары, иумæйаг æнтыстыл чи тыхсы æмæ ногдзинæдтыл зæрдæйæ чи цин кæны, ахæм бынæттон цæрæг Дыгъуызты Леуан. Йæ хъарм зæрдæйы ахаст йæ хъæубæстæм та бæрæг у йæ зæрдиаг æмæ фæлмæн ныхасы уагæй.

Хъæуы цæрджыты иумæйаг нымæц у иу минмæ æввахс æмæ дзы хъæрмуд æмæ кæрæдзи æмбаргæ æмæ уарзгæйæ, цæрынц ирæттæ, гуырдзиæгтæ æмæ сомихæгтæ. Зæрдæйæн æхсызгон у, кæстæртæй дæр цух кæй нæу ацы хъæу – сты сæдæйы бæрц. Ацы хъæу горæтмæ бынтон æввахс кæй у, уымæ гæсгæ дзы нæй иумæйагахуырадон уагдон, фæлæ ахуыр кæнынмæ цæуынц горæты скъолатæм. Куыд ахуыры, афтæ спорты алыхуызон секциты дæр æвзæнгтæ сæхи фæлтæрынц æмæ сын вæййы зæрдæрухсгæнæн фæстиуджытæ. Зæгъæм, боксы секцийы хайад исынц Букуылты Арсен æмæ Тъераты Сæрмæт æмæ сын Уæрæсейы чемпионатты кæддæриддæр вæййы зæрдæрухсгæнæн æнтыстытæ. Кæд горæты спорты секциты сæхи фæлтæрынц фæсивæд, уæддæр хъæуы дæр хъуамæ уа, сывæллæттæ сæхи кæм хъуамæ аирхæфсой, ахæм хъазæн фæзуæттæ.  2017 азы хъæуы иу хайы сырæзт ахæм, фæлæ ма йæ фæнд у, цæмæй дзы саразой ноджыдæр иу ахæм æмæ дзы фæсивæд сæ тыхтæ æвзардзысты футбол, волейбол æмæ баскетболæй. Фидæн азты та администрацийы  нысан у, цæмæй хъæуы сырæза спортзал. Хъæуы сыгъдæгдзинады уавæрыл хорзæрдæм æндавы, ам цы бронкалæн контейнер ис, уый, æмæ сæ рæстæгыл аласынц.

Администрацийы сæргълæууæг радзырдта, фæстаг рæстæджы хъæуы цæрджыты хæрзиуæгæн цытæ сырæзт æмæ ма ноджыдæр цы цухдзинæдтæ аиуварскæнинаг сты, уыдæттыл. Сырæзт канализаци цалдæр бынаты, фыццагæн йæ иумæйаг дæрддзæг у 350 метры, дыккагæн та – 500 метрæй фылдæр. Канализаци ма хъуамæ сырæза иннæ дыу-æ уынджы дæр æмæ уым дæр хъуамæ æрбæстон уа ацы фарст азы кæронмæ. Цæрджытæ тынг тыхсынц, мæгуырау боныгъæдты сæйраг уынджы азмæлæнтæ кæй нæ вæййы, уымæй. Уый тыххæй æмæ Дыгъуызы фырт домы, цæмæй рæхджы асфальтгонд æрцæуа сæйраг уынг æмæ уый уыдзæн стыр хæрзиуæгон хъуыддаг. Куыд банысан кодта, афтæмæй хуыздæр уавæры не сты иннæ уынгтæ дæр æмæ дзы æввахс бонты хъуамæ æркалой хуырдур. Нуазыны доны цухдзинад æвзарынц цæрджыты иу хай, доны хæтæлтæ тынг зæронд кæй сты æмæ кæй атонынц, уый аххосæй. Цæрджытæ ма тынг тыхсынц иу проблемæйæ. Цæвиттон, цæрджыты ныккæндтæм дон бакæлы. Дыгъуызы фырты фæндон у, цæмæй хъæуы сæрмæ æвæрд æрцæуа лотоктæ æмæ уырдыгæй та комкоммæ цæуид донхæры къанаумæ. Архы дон цæуы хъæуы уылты, фæлæ зæгъын хъæуы, кæй ис тынг антисанитарон уавæры. Бæргæ тыхсы администраци, цæмæй цæрджытæ ацы фарстмæ дарой æмбаргæ ахаст, фæлæ йæм уæддæр сæ брон калынц æмæ сæвзæры антисанитари. Цæмæй ахæм уавæрæй дарддæр хызт уа донхæры къанау, уый тыххæй йæ фæнд у, цæмæй дзы уа лотоктæ æмæ йæ уæлейæ та æмбæрзгæ бакæной.

Хуыбиаты Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.