Куыд арфӕйаг сты ахӕм адӕймæгтæ, кӕцытӕ сӕхицӕн равзарынц уарзон професси, рауайынц дӕсны специалисттӕ, куыстыл ныллӕууынц ӕмӕ дӕргъвӕтин азты уыцы куыст фӕкӕнынц цӕсгомджынӕй. Ахӕмтæ стыр хӕрзты бацӕуынц сæ адæмæн, сӕ райгуырӕн бӕстӕйӕн.

Йӕ куыстӕн аргъ чи зоны, йæ куыстæн стыр аргъ кæмæн кæнынц, уыцы адӕймӕгтӕй иу у Коцты Нуну дæр.

Коцты чызг райгуырд Знауыры районы Аунеуы хъӕуы. Уым арвыста йӕ сабибонтӕ. Астӕуккаг скъола дӕр хорз бæрæггæнæнтимæ каст фӕцис Аунеуы скъолайы. Йæ ный-йарджытӕ уыдысты ахуыргӕн-джытӕ. Йӕ фыд цалынмæ пенсийы нæ ацыд, уæдмæ куыста Знауыры районы Арчъынеты хъӕуы астӕуккаг скъолайы, йӕ мад та – Уахтъанайы хъӕуы астазон скъолайы райдиан кълӕсты ахуыргӕнӕгӕй. «Кӕд мӕ мад гуырдзиаг чызг уыд, уӕддӕр Къостайы «Ирон фӕндыр» зыдта ӕнӕкӕсгӕйӕ», – йӕ ныхасы ӕхсызгонӕй банысан кодта Нуну. Йӕ ныййарджытӕм кӕсгӕйӕ, уый чысылӕй бауарзта ахуыргæнæджы куыст. Бацыд ахуыр кæнынмæ Цхинвалы педагогон институты фæсау-уонмæ  ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы факультетмӕ.

Нӕ горӕты Хъоцыты Къостайы уынджы уыцы рӕстӕджы уӕвынад кодта 19-ӕм сабидон ӕмӕ институт каст фӕуыны фӕстӕ, 1991 азы, Нуну кусын райдыдта ацы сабидоны хъомылгӕнӕгӕй. Фӕстӕдӕр ссис сабидоны сӕргълӕууӕг.

Нунуимӕ ныхас кæнгæйæ, мæн фӕндыд йӕ царды хабӕрттӕй фылдæр базонын, фæлæ-иу уый та ныхас аздæхта уарзон куысты ‘рдæм.

1997 азы уыцы сабидон ӕхгӕд ӕрцыд ӕмӕ Нуну кусын райдыдта 12-ӕм сабидоны сæргълæууæгæй.

2008 азы хӕсты рӕстӕджы сабидонӕн йӕ дыккаг уӕладзыг иууылдӕр басыгъд, фæлæ ногæй цалцæг æрцыд æмæ та дзы хъуысын райдыдта сабиты хъæлдзæг хъæлæба.

Куысты фӕдыл дзургӕйӕ, бӕлвырдӕй зӕгъӕн ис, Коцты Нуну кӕй у хорз сӕргълӕууӕг, кӕцы зоны ӕмӕ уарзы йӕ куыст, ӕнувыд у куыд сабидоны чысыл хуртыл, афтӕ ӕппӕт кусджытыл дӕр. Уый та бӕрӕг у, сабидоны цы куыст цӕуы, уымæй. Сывӕллӕттимӕ кусын ӕнцон хъуыддаг нӕу, уымӕн хъӕуы стыр тых, фӕразондзинад ӕмӕ ӕнӕкӕрон уарзондзинад сабитӕм. Ӕппӕт ацы ӕууӕлтӕй хайджын у Нуну. Ӕрвылрайсом дӕр йӕ куыстмӕ ӕрбацӕугӕйӕ, уый йæ фӕлмӕн мидбылхудтимæ сæмбæлы куыд сабийыл, афтæ  хъомылгæнджытыл æмæ ныййарджытыл дæр.

Нуну кӕд хъысмӕтӕй ӕфхӕрд баййӕфта, уӕддӕр райгонд у йæ иунæг фыртæй. Кусы йын милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды. Ис ын бинонтӕ ӕмӕ кæстæртæ.

Къæбысты Заринӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.