Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазæн дунеон изоляци саразынмæ Гуырдзыстоны æмæ йе ‘мцæдисонты бафæлвæрдтытæ сты æнæперспективон, – фехъусын кодта дунеон хъуыддæгты фæдыл УФ-йы Федерацийы Советы комитеты сæргълæууæг Константин Косачев.

Сенаторы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы къухдариуæгад аразынц фæдфæдылон къахдзæфтæ дыууæ республикæйы дунеон банымад рауæрæхдæр кæныны фæдыл. Йæ рады, Уæрæсе республикæтæн æххуыс кæны ацы куысты. «Ацы здæхты æмбæлон архайдтытæ радгай аразынц Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы къухдариуæгад. Сирийаг Арабаг Республикæйы фæстаг уынаффæмæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсынц Уæрæсейы дæр, махæн æхсызгон сты  Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы æнтыстытæ», – загъта Константин Косачев.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Цхинвал æмæ Сухумы банымады фарст Мæскуы карзæй никуы æрæвæрдта йæ партнерты æмæ æмцæдисонты раз. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы дунеон изоляцийы режим бахъахъхъæныны фæдыл ныгуылæйнаг бæстæты политикæйæн комментаритæ аразгæйæ, сенатор уыдоны схуыдта дывæр стандарттæ.

«Ныгуылæнæн фыццаг бынаты цыма сты адæмы интерестæ,  цæрджыты бартæ ифтонг кæнын, куыд æдасдзинады цæстæнгасæй, афтæ экономикон æмæ социалон фæрныгады планы дæр. Фæлæ ам ирдæй зыны дывæр стандартты равдыст, кæцытæ ныхмæвæрд сты, Ныгуылæны цы æргъадтыл дзурынц, уыдонæн», – фехъусын кодта Константин Косачев.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.