Цыппæрдæсæм хатт мах банысан кодтам Беслæны æрцæугæ трагедийы фæдыл æртæ фыдохы боны. Æртæ боны дæргъы мах мысыдыстæм, ам æнаххосæй чи бабын сты, уыдоны рухс нæмттæ, цæстыты раз ног æмæ ногæй сыстадысты, уæд Беслæны скъолайы, йæ алыварс цы цаутæ райтынг сты, уыцы нывтæ. Уый уыд хæст. Хæст терроризмы ныхмæ. Хæст æнахъом сывæллæтты сæрыл. Цас раст уыдысты террористты ныхмæ тохы амæлттæ æмæ йæ къаддæр зиæнттимæ рамбулæн уыдис, æви нæ, уый æндæр фарст у, фæлæ дзы хуымæтæг адæмимæ иумæ чидæриддæр хайад истой, уыдон сæ цардыл нæ хъуыды кодтой æмæ сæ бон цы уыд, уый арæзтой, цæмæй амынæттæ сæрибар æрцыдаиккой. Мах фæ-мардуæвæг амынæттимæ мысыдыстæм, се ссæрибар кæныны тыххæй сæ цард чи радтой, уыдоны рухс нæмттæ дæр.

Беслæны трагеди йæ æбуалгъдзинадæй, йæ карздзинадæй нынкъуысын кодта æгас дунейы. Ахæм цау никуы æрцыд зæххы цъарыл. Бавзарын æй кодта махæн…

Ацы трагедийæ рацæудзæн цыппар азы æмæ та нæ зæхмæ –  ныр та Ирыстоны хуссар хаймæ æрцæудзæн хæст. Æцæг хæст.  Æниу хæстон уавæрты дыууын азы бæрц уыдысты хуссарирыстойнаг адæм, фæлæ ацы хæстæн дæр йæ æбуалгъдзинад æмæ йæ карздзинадæй æмбал нæ уыд. Уый уыд 2008 азы августы хæст æмæ махæн дæр ахаста æртæ боны дæргъы. Гуырдзы æнафоны, æнæнхъæлæджы бабырста Цхинвалмæ, арæнгæрон хъæутæм æмæ тугуарæн кодтой адæмыл. Цытæ цыдис нæ зæххыл, цы хъизæмæрттæ бавзæрстам, уыдон алкæмæн дæр зындгонд сты, айхъуыстысты æгас дунейыл. Фæлæ Уæрæсейы стыр æххуысы руаджы знаг тард æрцыдис. Нæ хæстæфхæрд адæм сæрибары уæлдæф сæ риуы дзаг сулæфыдысты…

Ацы аз мах банысан кодтам уыцы хæстыл дæс азы сæххæсты бон. Мысыдыстæм, кæй удты ахаста уыцы хæст, уыдоны рухс нæмттæ.

Нымæц «æртæ» ирон адæммæ уаз нымæц у – æртæ хæбизджыны, æртæ цырагъы, æртæ фæрсчы… Цæмæн рауад афтæ æмæ нæ адæмы ацы дыууæ трагедийы дæр рауадысты æртæбононтæ?..

Нæй ферохгæнæн уыцы трагикон бонтæн. Уыдон фыст æрцыдысты нæ историйы, баззадысты нæ адæмы мысынады.

Фæзæгъынц, цин æмæ хъыг æфсымæртæ сты. Сæ иуæн дæр дзы ис бынат нæ царды æмæ иннæмæн дæр. Æмæ цы дыууæ стыр трагедийы  зæрдылдарæн бонты кой скодтам, уыдоны ‘хсæн ацы аз мах æвдисæн уыдзыстæм цинаг зæрдылдарæн бонæн дæр! Уыдон æрцыдысты иу къуырийы мидæг, растдæр зæгъгæйæ та цыппар боны дæргъы æмæ сын уыдис ахсджиаг æхсæнадон-политикон нысаниуæг.

23 августы цытджын æгъдауæй байгом, 13 азæй фылдæр кæмæ æн-хъæлмæ кастыстæм, уыцы паддзахадон драмон театры ног бæстыхай. Нæ республикæйы цæрджыты иууыл уарзондæр бынат  театры раздæры бæстыхайæн йæ хъысмæт бæллиццаг нæ рауад. Актерты къорд фæлтæры сæ профессионалон дæсныйад кæм бæрзонддæр кодтой, театрдзауты кæдæм хуыдтой, уыцы театр басыгъд æмæ хъæдхъиутæй лæууыдис нæ разы. Иу ахæмы афæлвæрдтой среставраци йæ кæныныл, бакодтой дзы бæрæг куыстытæ дæр, фæлæ фæстагмæ скъуыддзаг æрцыд, цæмæй йæ ныппырх кæной æмæ йæ бынаты ног бæстыхай саразой. Æмæ сырæзт, кæд æй эксплуатацимæ радтыны æмгъуыдтæ æргъæвд цыдысты, уæддæр. Æмæ ныр мах баистæм Цæгат Кавказы хуыздæр театртæй сæ иуы хицау. У, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм театр, цыран актертæн æппæт фа-дæттæ дæр ис се ‘сфæлдыстадон дæсныйад рæзын кæнынæн. Йæ гом кæныны церемонимæ æрбацыд бирæ адæм, æрцыдысты Цæгат Кавказы республикæты минæвæрттæ дæр æмæ нын нæ циныл цин кодтой. Уый, æцæгæйдæр, уыд, историйы фыст чи æрцæудзæн, ахæм цау нæ республикæйы культурон царды.

Театры ногарæзт бæстыхай 25 августы йæхимæ райста ирон адæмы 10-æм съезды делегаттæ æмæ уазджыты. Съезды хорздзинад уый мидæг ис, æмæ йæм кæй æрцæуынц æрмæст дыууæ Ирыстоны нæ, фæлæ æввахс æмæ дард фæсарæнты цæрæг ирæтты минæвæрттæ дæр, афтæ ма кæй æруынаффæ кæнынц, адæмы раз цы ахсджиагдæр æмæ риссагдæр фарстатæ лæууы, уыдоныл. Афтæ та уыд ацы хатт дæр. Съездмæ æрцæуæг делегаттæ æмæ уазджытæ фæстæмæ сæ зæрдæты ахастой нæ зæрдæты хъарм, райгондæй баззадысты, нæ царды хорзæрдæм цы бирæ ивындзинæдтæ цæуы, нæ горæт куыд рæсугъддæр кæны, æппæт уыдæттæй…

Съезды хæдфæстæ, 26 августы, нæ театры зал ногæй байдзаг адæмæй. Уыдон ардæм æрбацыдысты, Уæрæсейы Федераци нын нæ паддзахадон хæдбардзинад куы банымадта, ууыл 10 азы сæххæсты сæраппонд цытджын митингмæ. Бæрæгбонмæ уазджытæ æрцыдысты Мæскуыйæ, Цæгат Кавказы республикæтæй, Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæтæй, Республикæ Абхазæй, дард фæсарæнтæй. Ацы бæрæгбон махæн ссис нæ иууыл зынаргъдæр, ахсджиагдæр бæрæгбонтæй сæ иу. Уымæн æвдисæн уыд, горæты стадионы цы диссаджы шоу-равдыст уыдис, уый, стæй Ирыстоны æмæ Уæрæсейы аивæдты дæсныты хайадистæй цы концерт равдыстæуыд, уый дæр. Ирыстоны зæхх ахæм цины бæрæгбон никуы федта…

Цы хъыджы æмæ цины зæрдылдарæн бонтæ банысан кодтам, уыдон, куыд ма загътон, афтæмæй, уыдысты цыбыр рæстæджы. Уыдысты стыр хъыгты æмæ стыр цинты зæрдылдарæн бонтæ. Стыр, иумæйаг цин хорз у, фæлæ, ма алы адæймагæн дæр йæ æрвылбонон царды ис йæхи, йæ бинонтæ, йæ хиуæтты цинтæ. Хорз у, алчидæр сæ куы æвзарид, сæ зæрдæ цардæй куы раид æмæ, иумæйаг цинтæ алы адæймаджы цинтимæ куы иу кæной…

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.