Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады управлени æмæ Генералон штаб цы æфсæддон городокмæ рахызтысты, уым сын арæзт æрцыд æппæт уавæртæ дæр. Уыцы городок æввахс бонты байгом уыдзæн цытджын уавæры. Уый тыххæй фехъусын кодта Хъахъхъæнынады министры хæдивæг Сиукъаты Вадим Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Марияимæ «Спутник»-ы пресс-центры æрвылкъуырион брифингы рæстæджы. Брифингы ма хайад райста министры æххуысгæнæг Æлборты Эдуард. Комитеты сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ ацы æфсæддон городок бабæрæг-гæнгæйæ, алы адæймагæн дæр æхсызгон уыдзæн, иттæг хорз уавæртæ дзы арæзт кæй æрцыд службæ кæнынæн.

Куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы æфсæддон городокмæ рахизын рагæй план кодтой.

«Цалцæггæнæн-æндидзæн куыстытæ бакæнынæн нын хицæн æрцыд фæрæзтæ президентон фондæй. Уый тыххæй бузныг стæм бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийæ. Уыцы фæрæзты руаджы мах сарæзтам фадæттæ æмæ уавæртæ управленийы æмæ афицерты скондæн æмбæлон куыстæн.  Уымæй дарддæр казармæтæ, штабы хатæнтæ æмæ йæ алфæмблай территори æрцыдысты ифтонг æнæмæнгхъæуæг фæрæзтæй. Дарддæр ма куыст цæудзæн æфтауцдæттæ æмæ машинæтæ лæууæндонæн уавæртæ аразыныл»,- банысан кодта Сиукъаты Вадим.

Йæ ныхæстæм гæсгæ министрады Æфсæддон городок йæ æмвæзадмæ гæсгæ æввахс лæууы 4-æм æфсæддон базæмæ. Æфсæддон полигон та йæ ифтонгадæй дзуапп дæтты гарзджын тыхты домындзинæдтæн, æмæ бирæбæрцæй хуыздæр у Уæрæсейы æнгæс объекттæй. Цæ-рыны уавæртæ, ахуырадон-материа-лон базæ, тренажертæ, хæрзарæзт клуб – 150 адæймагæн  иуныхасæй, арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ дæр службæйæн.

«Мæ бон у фидарæй зæгъон, раздæр нын цы уавæртæ уыд æмæ нын цы уавæртæ ис, уыдон кæрæдзийæ тынг кæй хицæн кæнынц»,- банысан кодта министры хæдивæг.

Хъахъхъæнынады министры æх-хуысгæнæг Æлборты Эдуарды ны-хæстæм гæсгæ ма ног æфсæддон городокы территорийыл арæзт æр-цыд кувæндон. Уый хорзæрдæм бандавдзæн салдатты моралон удыхъæдыл. Ацы куыстытæм йæ хъус дардта министры æххуысгæнæг Ты-джыты Алан. Уый архайы, цæмæй кувæндон æххæстæй ифтонг æрцæуа æнæмæнгхъæуæг динон литературæйæ.

Министрады службæгæнджыты оптимизацийы фарстыл дзургæйæ, Сиукъаты Вадим куыд банысан кодта, афтæмæй фæстаг азты Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты нымæц оптимизаци цæуы. Уымæн æмæ нын Уæрæсейы Федераци нæ хæдбардзинад куы банымадта, уæд ралæу-уыд нæ æдасдзинады гарантæй дæр. Уый руаджы фæстаг дæс азы нæ зæххыл уæвынад кæны сабырад, республикæ рæзы æмæ æндидзы. Æмæ ахæм уавæрты стыр æфсад дарын æнцон кæй нæу,  уымæ гæсгæ хайгай къаддæр æрцыд гарзджын тыхты нымæц.

Сиукъаты Вадим куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ 2017 азы 31 марты УФ æмæ РХИ-йы æфсæддон уагдæтты ‘хсæн цы Сразыдзинад арæзт æрцыд, РХИ-йы Гарзджын тыхты хицæн дæлхæйттæ УФ-йы гарзджын тыхты скондмæ бакæныны тыххæй, уый фадат ратдзæн хуссарирыстойнаг æфсæддон службæ-гæнджытæн, цæмæй контрактмæ гæсгæ сæ æфсæддон службæ адарддæр кæной Уæрæсейы 4-æм æфсæддон базæйы.

«Уæрæсейаг салдаттæн цы гарантитæ ис, уыдонæй пайда кæнынц нæ æфсæддон службæгæнджытæ дæр –  куыстмызды æмвæзад, материалон æмæ пенсион ифтонгад, афтæ цæрæнуатæй ифтонгад æмæ æндæр социалон гарантитæ.

Бæрæг нымæц æфсæддон службæгæнджытæ куы ахизой уырдæм, уæд Гарзджын тыхты нымæц дæр къаддæр кæны. Ныртæккæ цæуы æфсады оптимизаци, фæлæ уый нæ нысан кæны æмæ нæ службæ-гæнджыты уынгмæ æппарæм, мах сын аразæм æмбæлон уавæртæ 4-æм æфсæддон базæйы сконды», – дзырдта ныхасгæнæг.

Брифингы рæстæджы ма дзырд цыд, Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады æххуысæй фадат кæй ис УФ-йы уæлдæр æфсæддон уагдæтты ахуыр кæнынæн. Уыдон ахуыры фæстæ æрцæуынц æмæ куыстæй ифтонг цæуынц ам.

Хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ ма хъусдард аздæхтой, кармæ гæсгæ запасы цы служ-бæгæнджыты æрвитынц, уыдон æмбæлон пенсийæ ифтонг кæныны ахсджиаг фарстмæ. Уыцы фарст дæр цадæггай бæстон цæуы.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.