КАР МА ХЪУАМÆ СУА КУЫСТÆЙ АРВИТЫНЫ АХХОСАГ

УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитри Медведев фехъусын кодта, зæгъгæ, кар ма хъуамæ уа куыстæй арвитыны аххосаг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, кардзыд адæмæн хъæуы ахуыргæнæн программæтæ организаци кæнын, кæцытæ сын фадат ратдзысты хъæуæг кæнæ ног дæсныйæдтæ сахуыр кæнынæн. Хицауад пенсион реформæ уадзыны рæстæджы тырны максималонæй æппæт уыдоны интерестæ бахынцын, кæцытæ хайад исынц пенсион системæйы. «Махæн тынг ахсджиаг у, цæмæй ма фесафæм иу профессионалы дæр, æппæт тыхтæй дæр спайда кæнын хъæуы, цæмæй кардзыд адæмæн проблемæ ма уа куыстмæ исыны фарсты», – загъта Дмитри Медведев.

ПУТИНЫ АРФÆ ЭРДОГАНÆН

УФ-йы Президент Владимир Путин  телефоны дзырдта йæ туркаг коллегæ  Реджеп Тайип Эрдоганмæ æмæ йын раарфæ кодта, ногæй йæ бæстæйы президентæй кæй сæвзæрстой, уый тыххæй. Дыууæ лидеры æруынаффæ кодтой ахсджиаг темæтыл, уыцы нымæцы Сирийы уавæрыл дæр, бадзырдтой дыууæфарсон ахастытæ фæхуыздæр кæныны тыххæй æмæ энергетикæйы фадыджы иумиаг проекттæ – атомон электростанц «Аккую» æмæ газуадзæн «Турецкий поток»-ы арæзтадыл.

КЪАМИСАР СÆ ДОМЫ

Адæймаджы барты фæдыл Европæйы Советы къамисар Дунья Миятович Украинæйы хицауадæй æрдомдта, цæмæй кæрон скæной æмæ мауал хъыгдарой цыганты, афтæ ма бæрндзинадмæ æркæной цыгантæм ахасты фыдракæндтæ чи сарæзтой, уыдоны. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй план кæны Киевимæ контакт саразын ацы темæйы фæдыл. «Мах нæ бауаддзыстæм фыдзæрдæдзинады бындурыл фыдракæндтæ аразын. Мæ хъус лæмбынæг дардзынæн уавæрмæ». Неонацистты къорд цыганты лагермæ кæй бабырстой, уый фæстиуæгæн фæмард иу адæймаг, цыппар та хъыгдардбаййæфтой.

НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров телефоны ныхас кодта йæ ирайнаг коллегæ Джавад Зарифимæ. Ныхасы рæстæджы фæрстæ æруынаффæ кодтой ирайнаг ядерон программæйы фæдыл архайдтыты иумиаг планы алыварс сæвзæргæ уавæрыл. Дыууæ коллегæйы уынаффæ кодтой фæндзæм каспийаг саммитмæ бацæттæ кæныныл дæр, цыран хайад райсдзысты Азербайджан, Иран, Казахстан, Уæрæсе æмæ Туркменистан. Саммит гæнæн ис уагъд æрцæуа 12 августы Казахстаны.

 

ФÆХУЫДТА ЙÆ УÆРÆСЕМÆ

УФ-йы Æдасдзинады секретарь Николай Патрушевы йæхимæ райста Анголайы президент Лоуренсу. Фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой дыууæ бæстæйы ахастыты рæзты перспективæтыл æмæ сæ стратегион æмвæзадмæ ракæныныл. Афтæ ма Патрушев Анголайы президентæн загъта Путины ныхæстæ, цæмæй уый бабæрæг кæна Уæрæсейы 2018 азы кæронмæ.

РАЙСТА НОГ СТРАТЕГИ

Цæгататлантикон альянс хорзыл банымадта НАТО-йы æфсæддон-уæлдæфон тыхты ног стратеги. Документы, сæрмагондæй дзырдæуы, зæгъгæ, НАТО-йы бæстæты æфсæддон-уæлдæфон тыхтæн фадат хъуамæ уа æппæт районты æмæ уавæрты дæр хæстон архайдтытæ уадзынæн, уыцы нымæцы тынг хъахъхъæд чи цæуы, ахæм уæлдæфон тыгъдадты дæр. Ацы стратеги у фыццаг 1949 азы альянс куы сырæзт, уыцы рæстæгæй фæстæмæ.

 

ЙÆ ЦАРДÆЙ АХИЦÆН ЗЫНГÆ ПОЭТ

Дæргъвæтин рынчыны фæстæ  Мæскуыйы йæ цардæй ахицæн зынгæ поэт, радио-телеуадзæг Андрей Дементьев. Цалдæр боны размæ Дементьевы цардæмбал фехъусын кодта, зæгъгæ, рацыд рынчындонæй, йæхи хаты хорз æмæ фæнд кæны фæлладуадзæн хæдзармæ ацæуын, афтæ ма йæхи цæттæ кодта йæ юбилей банысан кæнынмæ. 16 июлы йыл сæххæст уыдаид 90 азы. Андрей Дементьев у ахæм зындгонд зарджытæ, куыд «Аленушка», «Лебединая верность», «Отчий дом», «Баллада о матери» æмæ æндæр зындгонд уацмысты автор. 1981-1992 азты уыд литературон журнал «Юность»-ы сæргълæууæг. Куыста телеуынынад æмæ радиойы.

НАЛ ИСДЗÆН ЛИГЪДÆТТЫ

Италийы мидхъуыддæгты министрады сæргълæууæг Ливийы уынаффæ кодта лигъдæтты гоймаг сбæрæг кæныны тыххæй лагертæ бакæныны идеяйыл. Маттео Сальвини нымайы, зæгъгæ, ахæм лагертæ хъæуы саразын Нигери, Мали, Чады æмæ Суданы. Фæлæ Ливи не сразы йæ территорийыл лигъдæттæн центр саразыны фæдыл Италийы фæндоныл. «Мах стæм Ливийы лигъдæттæн цахæмфæнды лагертæ саразыны ныхмæ», – банысан кодта Ливийы национ æмзæрдæдзинады хицауады премьеры хæдивæг Ахмед Майтыг Маттео Сальвиниимæ фембæлды рæстæджы.

СÆХГÆДТОЙ САЙТ

Китайы сæрдар Си Цзиньпины тыххæй хъазæн ныхæсты тыххæй æхгæд æрцыд телехызæджы сайт. Цæгатамерикæйаг телехызæджы уагъдцæуæг юмористон шоуйы,  йæ уадзæг Джон Оливер хъазæн ныхæстæ загъта Китайы сæрдар Цзинпьины тыххæй, Винни Пухимæ йæ абаргæйæ æмæ «ныккæндты 800 мин адæймаджы чи дары», ахæм тасæфтауæг фыдыфсымæр æй схонгæйæ. Хъазæн ныхæстæ загъдæуыд Китайы тыххæй радзырды фæлгæтты. Дзуаппæн Пекин сæхгæдта телехызæджы сайт. Ныртæккæ АИШ æмæ Китайы ‘хсæн цы базарадон хæст райтынг, уый тыххæй фæзынд бирæнымæц негативон информаци. Пекин тох кæны негативимæ, китайаг пайдагæнджытæн америкæйаг бирæ интернет-сайттæ сæхгæнгæйæ.

АНТИУÆРÆСЕЙАГ САНКЦИТЫ АХХОСÆЙ

Герман цы финанстæ фесæфта, уымæн йæ аххосаг Бундестагы депутат  Маркус Фронмайер схуыдта антиуæрæсейаг санкциты. Фронмайер банысан кодта, зæгъгæ, санкцитæ æмæ Уæрæсеимæ базарадон ахастытæ кæй февзæрдæр сты, уый æппæрцагæй æндавы Германы интерестыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ Герман æрвылмæй дæр сафы 618 милуан евройы антиуæрæсейаг санкциты аххосæй. «Цæй тыххæй? Цæмæй Хъырымы æрдæгсакъадахы территориалон статус фæива, фæлæ уый никуы æрцæудзæн?», – загъта парламентари.

АМАРД ХЪАЗТЫ ФÆСТÆ

Египетаг комментатор æмæ раздæры футболист Абдул Рахим Мохаммед Негма амард йæ бæстæйы командæ Саудаг Аравийы командæйæн куы фембылд, уый фæстæ. Уымæн йæ зæрдæ сæвзæр хъазты рæстæджы. Комментаторы баластой рынчындонмæ, фæлæ йын дохтырты бон ницыуал бацис.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.