Ракетæтæй фехстой аэродромы

Израиль ракетæтæй фехста Сирийы аэродромы Ливаны уæлдæфон тыгъдадæй. Сирийы уæлдæфон тыхты дæлхæйттæн сæ бон ссис уыдонæй фондз ракетæ скуынæг кæнын, æмæ æртæ ракетæ та сæмбæлдысты аэродромы ныгуылæн хайыл. Ракетон цæфы фæстиуæгæн æрцыд удызиæнттæ, фæцæфтæ сты цалдæр адæймаджы. Хъыгдардбаййафджыты ‘хсæн нæй уæрæсейаг æфсæддон службæгæн-джытæ.

АИШ аххосджын кæны

АИШ-ы Урс хæдзары хъусынгæнинагмæ гæсгæ, сирийаг Думайы «химатакæйы» тыххæй бæрндзинад хæссынц Уæрæсе æмæ Иран. Урс хæдзары официалон минæвар Сара Сандресы ныхæстæм гæсгæ, химион атакæ сарæзта «Асады режим», кæцыйы æвварс хæцынц Уæрæсе æмæ Иран. Сирийы «химион атакæйы» тыххæй информаци нæ бафидар кодтой Думайы официалон адæймæгтæ æмæ дохтыртæ.

Трамп бартхъирæн кодта Сиримæ

АИШ-ы президент Дональд Трамп фехъусын кодта, зæгъгæ, «фос Асад» дзуапп ратдзæн «Скæсæйнаг Гутайы химатакæ сорганизаци кæныны» тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, «æнæзонд атакæйы» фæмард сты бирæнымæц сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ. Фæлæ уæрæсейаг æфсæддонтæ нæ бафидар кодтой, горæт Думайыл хлоримæ бомбæ кæй æрæппæрстой, уыцы информаци. Эксперттæ куыд нысан кæнынц, афтæмæй Асады адресыл аххосæгтæ суыдзысты Дамаскы тыхты ныхмæ АИШ-ы æфсады хæстон акциты æфсон.

ИНО-йы рабадт

ИНО-ы Æдасдзинады советы уынаффæ кодтой,  Сирийы хицауад химион хæцæнгарзæй спайда кодта æви нæ, ууыл. Уæрæсе домы раст æмæ объективонæй Думайы цаутæ раиртасын, цыран ныгуылæйнаг бæстæты хъуыдымæ гæсгæ Сирийы хицауад сабыр цæрджыты ныхмæ спайда кодта химион хæцæнгарзæй. Рабадты ИНО-йы УФ-йы æдзухон минæвар Василий Небензя банысан кодта, зæгъгæ, нæй ницахæм факттæ, атакæ уыд æви нæ, уый тыххæй. «Радиологон, химион æмæ биологон хъахъхъæныны фæдыл специалисттæ бынаты мæрæй систой пробæтæ, бафарстой бынæттон цæрджыты æмæ медикты, бацыдысты рынчындонмæ, фæлæ ницахæм факттæ сбæрæг сты химион ата-кæйы фæдыл. Нæй хъыгдардбаййафджытæ æмæ фæмардуæвджытæ. Ис æрмæстдæр экстремистты æнæбындур хъусынгæнинæгтæ æмæ дызæрдыггаг видеокадртæ», – фехъусын кодта Василий Небензя. Уый ма куыд загъта, уымæ гæсгæ факттæ бафидар кæныны тыххæй химион хæцæнгарз ма уадзыны фæдыл организацийы миссийæн йæ бон у Думамæ бацæуын æмæ хъуыддаг бынаты равзарын.

Ныхас кодтой телефоны

УФ-йы Президент Владимир Пу-тин телефоны Германы канцлер Ангела Меркелимæ  ныхас кæнгæйæ, æруынаффæ кодтой Украинæйы ныгуылæн-скæсæн хайы уавæрыл. Банысанчындæуыд куадзæны фидыдады ахсджиагдзинад æмæ амынæтты  «алкæйы алкæуыл» баивыны нысанмæздæхтдзинад адарддæр кæнын. Путин æмæ Меркель бадзырдтой нормандаг форматы мидукраинæйаг кризис æрбæстон кæныны фæдыл иумиаг куыст адарддæр кæнын. Дыууæ бæстæйы сæргълæуджытæ æруынаффæ кодтой Сирийы фæстаг цаутыл. Уæрæсейаг фарсы ‘рдыгæй хъусдард здæхт æрцыд химион хæцæнгарзæй спайда кæныны темæйы провокаци æмæ спекуляцийы æнæбыхсындзинадмæ. Уымæй дарддæр ма уынаффæ кодтой егъау проект «Северный поток»-ы реализацийы тыххæй дæр.

Санкциты бын – хæлардзинад

УФ-йы Паддзахадон Думæйы делегаци Вячеслав Володины сæргълæудæй ис Ираны. Паддзахадон Думæйы спикер Володин æмæ Пысылмон Советы Æмбырды сæрдар Али Лариджани сæ къухтæ æрфыстой æмгуыстады фæдыл æхсæнпарламентон регламентыл, кæцы сæрмагондæй архайдзæн атомон энергетикæйы базарадон-экономикон æмæ инвестицион æмархайды, хъæууон хæдзарады, Каспийы инфраструктурæйы арæзтадыл. «Мах æмгуыстад кæнæм алыгъуызон фадгуыты – экономикæ, базарад, æдасдзинад, наркотиктæ парахат кæныны ныхмæ тохы æмæ бирæ æндæр фадгуыты. Иумиаг парламентон комитет ратдзæн импульс бадзырдтæ среализаци кæнынæн», – банысан кодта Лариджани. «Мах хизæм æмахастыты ног æмвæзадмæ æмæ бæрндзинад хæссæм конкретон проекттæ среализаци кæныны тыххæй. Сæйраг хæс у экономикон ахастытæ рæзын кæнын. Æввахс рæстæджы мах ауадздзыстæм комитеты иумиаг рабадт Уæрæсейы, гæнæн ис Волгограды», – банысан кодта Володин.

Паддзахадон Думæйы спикер хайад райста Базарадон-сæудæджерадон палатæйы уæрæсейаг-ирайнаг хъуыддагон форумы.

Аиуварс кодтой теракт

8-æм апрелы Германы столицæйы уагъд æрцыд æрвылазон æрдæгмарафон. Æртæ сахатмæ горæты уынгты алыгъд 30 мин адæймаджы. Фæлæ ацы марафон гæнæн уыд æмæ бирæтæн суыдаид сæ фæстаг спортивон мадзал. Боевиктæ марафоны план кодтой 2013 азы Бостоны марафоны террористтæ-æфсымæртæ Царнаевты теракты хуызæн  саразын, уæд фæцæфтæ сты 300 адæймаджы бæрц. Фæлæ немыцаг тыхон структурæтæ фæстаг момент æрцахстой æхсæз террористы. Уыдонмæ сæ хъус рагæй дардтой, хъуыстой сын сæ ныхæстæм.

Тыхджын зæххæнкъуыст

9-æм апрелы райсомæй Японы Симанэйы провинцийы æрцыд тыхджын зæххæнкъуыст. Фондз адæймаджы райстой травмæтæ, афтæ ма хъыгдард баййæфтой иуæй-иу бæстыхæйттæ æмæ фæндæгтæ.

Байгом кодта куадзæны фестиваль

Мæскуыйы байгом Куадзæны 17-æм музыкалон фестиваль. Традицимæ гæсгæ фестивалы фыццаг ралæууыд Марияйы театр Гергиты Валерийы сæргълæудæй. Фестивалы фæлгæтты концерттæ ратдзысты 169 уæрæсейаг горæты. «Программæ у алыгъуызон, ис дзы уырыссаг классикæ æмæ французæгты, немыцæгты æмæ австралийæгты уацмысты музыкæ», – загъта Гергиты Валери.  Алы горæты дæр – дыууæ концерты, уыдонæй иу – хæрзаудæн концерт. Фестиваль фæуыдзæн «Поклонная гора»-йы уæлахизы боны стыр концертæй. Куадзæны фестивалы байгомы сæраппонд УФ-йы Президент Владимир Путин раарфæ кодта Гергиты Валерийæн. Марты кæрон Марияйы театр Гергииты Валерийы сæргълæудæй сæххæст кодтой «Реквием» Кемеровойы зынгсирвæзты амæттæгты тыххæй.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.