ИРЫСТОНЫ МИНÆВАРАД ХЪЫРЫМЫ

Ацы бонты республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав бафыста ног указ Хъырымы республикæйы нæхи минæварад бакæныны тыххæй. Æххæстбарджын минæварæй та йын снысан кодта Хъырымы ирон диаспорæйы сæрдар, зындгонд æхсæнадон архайæг, нывгæнæг, Ялтæйы сгуыхт архитектор Саулаты Валерийы.

Куыд зонæм, афтæмæй Цæгат Ирыстонæн минæварадтæ ис æрмæстдæр цыппар Уæрæсейы регионты, ныр фæзынд фæндзæм. Нæ фыдæлты историон бæстæйы нæхи минæварад бакæнын у стыр кады хъуыддаг. Ныр Хъырымы æрдæгсакъадахы æмæ федералон нысаниуæджы горæт Севастополы Цæгат Ирыстоны официалон Æххæстбарджын минæвар Хъырымы республикæйы Саулаты Валери хъахъхъæндзæн Ирыстоны интерестæ.

Дыууæ регионы ‘хсæн Саулаты Валери хæлардзинад рагæй тауы. Йæ хъæппæрисæй æфсымæрон горæттæ систы Дзæуджыхъæу æмæ Ялтæ, Беслæн æмæ Гурзуф, Хъырым Уæрæсемæ кæй раздæхт, уый кадæн æрвылаз Дзæуджыхъæуы арæзт æрцæуы фестиваль “Хъырымаг уалдзæг”, дыууæ Ирыстоны дæр цы трагедитæ æрцыд, уыдон тыххæй æрæмбырд кодта бирæ æрмæг æмæ къамтæ æмæ сæ рауагъта чиныг, Алуштайы сын бакодта музей æмæ йæм уынынмæ цæуынц алы рæттæй, Беслæны, стæй Хуссар Ирыстоны хæсты æфхæрд сывæллæттæн цалдæр хатты баххуыс кодта Артек æмæ æндæр санаториты баулæфынмæ, Хъырымы ирæтты цардыл уадзы газет æмæ бирæ æндæртæ.

Саулайы-фырты йæ ног бæрнон куыстимæ базонгæ кæныны тыххæй йемæ фембæлд Цæгат Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Президенты цур Дзанайты Барис. Уый йæ базонгæ кодта йæ дарддæры хæстимæ. Куыд загъта, афтæмæй Хъырым Уæрæсейы скондмæ кæй раздæхт, уымæ гæсгæ фæзынд æмгуыстады ног домæнтæ уымæ цæрæг ирон, стæй æппæт Хъырымы цæрджытимæ: “Хъырымы цæры бирæ номдзыд ирон адæм. Мах сæ цардæй, сæ проблемæтæй нæхи иуварс ма хъуамæ аласæм. Хъæуы нæ ног æмвæзадмæ ракæнын нæ экономикон æмæ культурон бастдзинæдтæ. Ахæм хæс нын нæ разы сæвæрдта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав”.

Саулаты Валери йæ рады арфæ ракодта республикæйы разамындæн ахæм бæрнон хъуыддаг ыл кæй баууæндыдысты, уый тыххæй: “Æппæт дæр сараздзынæн, цæмæй мæ размæ æвæрд хæстæ сæххæст кæнон. Хъырым æмæ Ирыстонæн æногом баст у сæ истори, нæ фыдæлты фæдтæ баззадысты ацы зæххыл, бирæ нын ис иумæйагæй æмæ уыцы ахастдзинæдтæ æппынæдзух хъуамæ рæзой. Ирыстоны минæварад Хъырымы бакæныныл стыр разыйæ сæмбæлдысты уымы разамынд дæр æмæ дзы Ирыстоны интерестæ хъуамæ аккагæй равдисæм”, – банысан кодта Саулаты Валери.

Уый ма йæ ныхасмæ куыд бафтыдта, афтæмæй ныридæгæн цæттæгæнæн куыстытæ райдыдтой Хъырымы Ирыстоны культурæйы бонтæ ауадзыны тыххæй.

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.