Радта йын Президенты бæлвырдгæнæн

УФ-йы ЦÆК-ы Сæрдар Элла Памфилова Владимир Путинæн радта Уæрæсейы Президенты бæлвырдгæнæн. «Арфæ дын кæнын æвзæрстыты афтæ ныфсджынæй кæй фæуæлахиз дæ, уый тыххæй», – загъта Памфилова. Путин арфæ ракодта ЦÆК-ы сæрдар æмæ йæ коллегæтæн, бæстæйæн сæ куысты ахсджиагдзинад банысан кæнгæйæ.

Фыццаг атомон электростанц

УФ-йы Президент Владимир Путин кусæгон балцы уыд Туркы. Реджеп Тайип Эрдоган æмæ Владимир Путин видеоконференцийы режимы старт радтой атомон электростанц «Аккую»-йы арæзтад райдайынæн. Ацы атомон электростанц суыдзæн фыццаг Туркы. «Аккую»-йы аргъ у 20 миллиард доллары. УФ-йы Президент арфæ ракодта туркаг адæмæн ацы нысаниуæгджын боны сæраппонд. Туркы президент Эрдоган куыд загъта, афтæмæй алцы дæр сараздзыстæм, цæмæй 2023 азы иумæ хайад райсой ног электростанцы куысты райдиан». Путин банысан кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг фарс активонæй æмгуыстад кæндзæн станцæн лæггад кæныны тыххæй бæрзондквалификациджын специалисттæ бацæттæ кæныны планы. Ныртæккæ атомон энергетикæимæ баст здæхтыты уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыр кæнынц 220 туркаг студенты æмæ 35 туркаг æмбæстаджы та ныридæгæн райстой дипломтæ атомон энергетикæйы фадыджы.

Саммит

4-æм апрелы Путины кусæгон балцы дыккаг бон Анкарайы уагъд æрцыд Уæрæсе, Турк æмæ Ираны саммит сирийаг проблемæты фæдыл. Уый уыд дыккаг саммит ацы бæстæты лидертæн. Æртæфарсон саммиты президенттæ æруынаффæ кодтой 2017 азы Сочийы фембæлды бадзырдтæ сæххæст кæныныл, афтæ ма Сочийы уагъдæрцæуæг сирийаг национ диалогы конгрессы уынаффæтæ аскъуыддзаг кæныныл дæр. Æртæ бæстæйæн дæр сæ хъуыды у иу, зæгъгæ, сирийаг конфликт политикон методтæй æрбæстон кæнынæн альтернативæ нæй. Ацы процессы кæройнаг ныхас хъуамæ зæгъой сирийæгтæ сæхæдæг, æмæ дунеон æмæхсæнады уæнгты нысаниуæг та у, консенсус къухты бафтын кæнынæн æххуыс кæнын.

Фыццаг ракетæтæ

Фидæн аз туркæгтæ райсдзысты фыццаг ракетæтæ. Уæрæсе æмæ Туркы президенттæ Владимир Путин æмæ Реджеп Тайип Эрдоган Анкарайы æруынаффæ кодтой 2019-2020 азты уæрæсейаг зенитон комплекстæ С-400  балхæныны фæдыл. 2017 азы кæрон Турк Уæрæсеимæ контракт сарæзта С-400 цыппар дивизионы балхæныны тыххæй, кæцыты аргъ у 2,5 миллиард доллары. Ацы контракты фæдыл се ‘нæразыдзинад равдыстой АИШ-ы æмæ Туркмæ бартхъирæн кодта сæ ныхмæ санкцитæ бакæнынæй. Фæлæ уыйхыгъд Эрдоган бахатыд Уæрæсемæ, цæмæй сæ тагъддæр сифтонг кæной С-400.

 

Не сбæрæг кодтой, хъæстæгæнæн газ кæм уагъд æрцыд, уый

Бритайнаг химиктæн сæ бон не ссис Скрипаль æмæ йæ чызг Юлияйы цы газæй фæхъæстæ кодтой, уыцы буарад кæм уагъд æрцыд, уый сбæрæг кæнын. Солсберы Портон-Дауны химион лабораторийы эксперттæ не ссардтой бæлвырдгæнæн англисаг шпион Сергей Скрипалы фæхъæстæ кæныны Уæрæсейы хайадисты тыххæй. «Мах не сбæрæг кодтам, номхуындæй, хъæстæгæнæн буарад кæм уагъд æрцыд, уый. Фæлæ зонадон информаци радтам хицауадмæ, кæцы, цæмæй æмбæлон хатдзæгтæм æрцыдаиккой, уый тыххæй спайда кодта бирæ æндæр ратæдзæнтæй», – фехъусын кодта лабораторийы сæргълæууæг. Уыимæ бафидар кодта,  райсгæ хуызæгтæ хъæстæгæнæн буарад «Новичок»-ы хуызæн кæй уыдысты, уый. Стырбританийы æнæниздзинад хъахъхъæныны национ службæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Сергей Скрипалы уавæр нырма у критикон, фæлæ ивгъуыд къуыри йæ чызг Юлия йæхи æрæмбæрста æмæ йæ уавæр у стабилон.

Сабырдзинад сифтонг кæныны фактор

УФ æмæ Китайы ахастытæ сты сабырдзинады ахсджиаг фактор. Дыууæ бæстæйы ‘хсæн ахастытæ хизынц æнæпрецедентон бæрзонд æмвæзадмæ æмæ сты сабырдзинад сифтонг кæныны æмæ дунеон æдасдзинады нысаниуæгджын фактор, – ахæм хъусынгæнинаг сарæзта УФ-йы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу Китайы æфсæддон ведомствойы сæргълæууæг, инæлар-булкъон Вэйем Фэнхэимæ фембæлды рæстæджы. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ дыууæ бæстæйы хицауад уæлдай хъусдард здахынц æфсæддон æмгуыстады тыххæй бадзырдтæ среализаци кæнынмæ, кæцытæ къухты бафтыдысты Уæрæсе æмæ Китайы сæргълæуджыты фембæлды рæстæджы. «Китайаг фарс æрцыд Уæрæсемæ, цæмæй америкæйæгтæ бамбарой Китай æмæ Уæрæсейы Гарзджын тыхты æнгом бастдзинæдты тыххæй, уæлдайдæр та ацы вазыгджын уавæры. Мах æрцыдыстæм, цæмæй уæ фарсмæ балæууæм», – банысан кодта Вэй Фэнхэ.

Серби нæ рахæцыд Стырбританийы æвварс

Сербийы хицауады куыд радзырдтой, уымæ гæсгæ Лондон фæлвæрдта Белградыл бандавынмæ, сæ коллективон демаршмæ æрбаиу кæнын домгæйæ. Сербимæ бахатыдысты, цæмæй йæ бæстæйæ иу уæрæсейаг дипломаты уæддæр арвита. Фæлæ сербæгтæ не сразы сты æмæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, сын Мæскуыимæ хорз ахастытæ зынаргъдæр сты. Сербийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Ивица Дачич фехъусын кодта, зæгъгæ, бритайнаг æндæвдадмæ нæ кæсгæйæ, йæ бæстæ нæ рарвитдзæн  уæрæсейаг  дипломаттæй иуы дæр, уымæн æмæ уый ныхмæвæрд у Белграды интерестæн.

Раарфæ йын кодта телефоны

УФ-йы Президент Владимир Путин телефоны раарфæ кодта Египеты президент ас-Сисийæн, ногæй йæ бæстæйы сæргъ-лæууæгæй кæй сæвзæрстой, уый тыххæй. Ныхасы рæстæджы уыдон бафидар кодтой алыгъуызон фадгуыты дарддæры æмгуыстады рæзты тыххæй, уыцы нымæцы энергетикæ, сæудæджерад æмæ транспорты фадгуыты дæр. Афтæ ма уынаффæ кодтой сирийаг фарст æрбæстон кæнын æмæ Æввахс Хурыскæсæны иумиаг уавæрыл, сæрмагондæй, палестинæйаг-израилаг здæхты.

Нон-граты персонæ

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад нон-граты персонæйæ расидт Черногорийы минæварады кусæджы. Минæварадмæ фæхуыдтой Уæрæсейы Черногорийы минæвар Рамази Башичы æмæ йæм радтой протесты нотæ. Фехъусын ын кодтой, зæгъгæ, уæрæсейаг дипломатон кусæджы Черногорийæ рарвыстой æнæбындурæй, Стырбританийæн æмзæрдæдзинады нысанæн æмæ, зæгъ, дзуаппæн Уæрæсе дæр æрвиты Черногорийы дипломатон кусæджы

Газуадзæн «Турецкий поток»

УФ-йы «Газпром»-ы сæргълæууæг Алексей Миллер куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ газуадзæн «Турецкий поток»-ы фыццаг таг æвæрд фæуыдзæн майы фыццаг декадæйы. «Алцыдæр цæуы планмæ гæсгæ. Абоны бонмæ æвæрд æрцыд 1047 километры. Уый у газуадзæны денджызон хайы иумиаг дæргъы 55%. Фыццаг тагæй арæзт æрцыд 827 километры.  Баззад ма нын химæисæн терминал æмæ дыккаг таг саразын», – загъта уый.

                       Бакодтой йыл уголовон хъуыддаг

Уæрæсейы Фæдагурæн комитет уголовон хъуыддаг бакодта Украинæйы мидхъуыддæгты министр Арсен Аваковыл. Уый аххосджын кæнынц ацы аз 18-æм марты УФ-йы президентон æвзæрстыты уæрæсейаг æмбæстæгтæн се ‘взарæн бартæ сæххæст кæнын кæй нæ бауагъта, уый тыххæй. Аваковы бацамындмæ гæсгæ, æвзарæн фадгуытæм нæ бауагътой уæрæсейаг æмбæстæгты. Министры хæслæвæрдтæ æххæст кодтой Украинæйы мидхъуыддæгты министрады кусджытæ, кæцыйы фæстиуæгæн Уæрæсейы æмбæстæгты бартæ гуымир æгъдауæй хæлд æрцыдысты.

Куыстурæд

Францы куыстурæд расидтысты æфсæнвæндаджы кусджытæ. Æфсæнвæндæгты æхсæнады къухдариуæгады ныхæстæм гæсгæ, æрвылбон дæр куыстурæд хицауадæн слæуæдзæн 20 милуан евройы æмæ иумиагæй та – 720 милуан евройы. Кусджытæ сæ куыст æрурæдтой æфсæнвæндаджы реформæйы ныхмæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.