Бабæрæг кодта Хъырымы хид

УФ-йы Президент Владимир Путин бабæрæг кодта Хъырымы хид. Уый ныхас кодта арæзтадон объекты кусджытимæ. Путин бахатыд, цæмæй автомобилон змæлд байгом æрцæуа æмгъуыдæй раздæр – сæрдыгон сезонмæ. Контрактмæ гæсгæ хидыл транспорт цæуын хъуамæ райдайа 2018 азы декабры мæйы. Аразджытæ ныфс бавæрд-той Путинæн, Хъырымы хид æхсæз мæйы раздæр, ома, майы бакæнынæй, – уый тыххæй фехъусын кодта подрядон компани «Стройгазмонтаж»-ы хицау Аркадий Ротенберг. Афтæ ма бамбарын кодта, зæгъгæ, хидыл суткæйы дæргъы цæудзæн 40 мин автомобилы æнæаргъæй. Проекты аргъ слæууыд 228,3 миллиард сомы.

Митинг-концерт

Севастополы дæсгай мин адæймæгтæ æрæмбырд сты митинг-концертмæ, Хъырымы Уæрæсемæ æрбаиу кæныны боныл цыппар азы кæй сæххæст, уый сæраппонд.  Митинг-концертмæ æрбацыд Владимир Путин æмæ раарфæ кодта æрæмбырд-уæвджытæн, афтæ ма фембæлд горæты цæрджытимæ дæр.

Æруынаффæ кодтой Сирийы уавæрыл

Мæскуыйы фембæлд уыд УФ-йы æмæ Туркы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ Сергей Лавров æмæ Мевлют Чавушоглуйæн. Уыдон æруынаффæ кодтой Сирийы уавæрыл. Афтæ ма фæрстæ сæрмагондæй ба-дзырдтой, Туркы куырдиатмæ гæсгæ Уæрæсе кæй фæтагъддæр кæндзæн зенитон-ракетон С-400 сæввонг кæнын.

Рарвитдзæн дипломатты

Стырбритани рарвитдзæн 23 уæрæсейаг дипломаты. Уый тыххæй парламенты йæ раныхасы рæстæджы фехъусын кодта бæстæйы премьер-министр Тереза Мэй. Уый бамбарын кодта, зæгъгæ, дипломаттæн ис иу къуыри, цæмæй бæстæйæ ацæуой. Лондон дарддæр дæр аххосджын кæны Уæрæсейы Скрипаль æмæ йæ чызджы фæхъæстæ кæнынæй. Уыдон дыууæ дæр ныртæккæ сты комайы.

Мæскуыйы райсгæ мадзæлттæ

уыдзысты карздæр

УФ-йы Паддзахадон Думæйы Федерацийы Советы æхсæнадæмон комитеты сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Владимир Джабаров куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Мæскуы дзуапп ратдзæн Стырбританийæн уæрæсейаг дипломатты куы рарвитой, уæд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Лондон алы 10-15 азы дæр бæстæйæ арвиты уæрæсейаг дипломатты.

Райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй рацæуыны тыххæй тæрхон кæуыл æрцыд, уый политикон æмбæхсæндон райста Британийы. Стырбританийы версимæ гæсгæ экс-булкъон Сергей Скрипаль æмæ йæ чызг фæхъæстæ сты, нуæрттæ чи æндзыг кæны, ахæм буарад «Новичок»-æй.

Не ‘рцæудзысты чемпионатмæ

Бритайнаг официалон адæймæгтæ не ‘рцæудзысты 2018 азы сæрды Уæрæсейы уагъдцæуæг дунейы чемпионатмæ футболæй. Уæрæсейы футболон цæдисы фыццаг вице-президет Никита Симонян фехъусын кодта, зæгъгæ, сæйраг у бритайнаг футболон командæйы æрцыд.

Уый фæдыл FIFA фехъусын кодта, зæгъгæ, футболæй дунейы чемпионаты хайад райсдзысты 32 командæйы се ‘ппæт дæр. Æмæ, зæгъ, дипломаттæ æмæ чиновниктæ трибунæты уыдзысты, уый та аскъуыддзаг кæнæт алкæцы бæстæ дæр, йæхи куыд фæнды, афтæ.

Цыппæрæм хатт

Ангела Меркель цыппæрæм хатт ссис Германы канцлер. Меркель ард бахордта Бундестагы цытджын церемонийы, цыран 14-æм марты парламенты депутаттæ фылдæр хъæлæстæй рахæцыдысты йæ кандидату-рæйы æвварс. Ацы уæлахизы тыххæй уый бахъуыд социал-демократтимæ коалицийы бацæуын, хицауады сын къорд сæйраг бынаты ратгæйæ, йæ парти æвзæрстыты æв-зæрдæр фæстиуæг куы фенын кодта, уый фæстæ. Баныхæстæ аххæссыдысты бæс-тæйæн рекордон æмгъуыд –  171 боны. Владимир Путин арфæйы тел арвыста канцлермæ æнтыстыты фæндиæгтимæ.

Срæмыгъды амæттæгтæ

Пакистаны горæт Рейвинды уыд срæмыгъд. Рæмудзæн æрмæг скуыста полицион фадыгмæ æввахс. Срæмыгъды фæстиуæгæн фæмард сты фараст адæймаджы, уыдоны ‘хсæн сты полицийы фондз кусæджы. Фæцæфтæ сты 20 адæймаджы. Дæсгай транспортон фæрæзтæ хъыгдард баййæфтой. Теракты тыххæй бæрндзинад йæхимæ райста пысылмон организаци «Техрик-е-Талибан Пакистан».

Æркалд хид

Америкæйаг горæт Майамийы, Флоридайы штаты æркалд хид. Хид арæзт цыд горæты хуссар-ныгуылæн хайы дунеон университеты цур. Инициденты рæстæджы конструкцийы бын фæцæйцыдысты машинæтæ æмæ сыл æркалд хид. Фæмард 4 адæймаджы.

Рацыдысты 11 мин адæймаджы

Иу суткæмæ Скæсæйнаг Гутайæ рацыдысты 11 мин адæймагæй фылдæр. Сирийаг хицауады æфсæдтæ фидыдады фæдыл центры æххуысæй архайынц уыдоны рæстæгмæ цæрæн пункты æрцæрын кæныныл.

Аххосджын æй кæнынц

Украинæйы хъайтар Надежда Савченкойы аххосджын кæнынц бæстæйы территорийыл теракттæ сорганзиаци кæныны. Банымадтой йæ райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй рацæуæгыл.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.