Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр парти «Иугонд Ирыстоны»-ы сæрдар Тадтаты Аланимæ бабæрæг кодтой Цхинвалы  2-æм астæуккаг скъола.

Сæ бацыды аххосаг уый мидæг уыд, æмæ скъолайы къухдариуæгад бахатыдысты æмбæлон органтæм ахуырадон уагдоны спортивон залы астæрды гъæды тыххæй.

Скъолайы директор Ольга Михаилиди куыд загъта, афтæмæй астæрд арæзт æрцыд 9 азы размæ æмæ негативон æгъдауæй æндавы ахуырдзаутыл, карз æмæ дзы хъыхъхъаг тæф кæй цæуы, уый фæстиуæгæн. «Скъола сцалцæг кодтой фараст азы размæ. Фæйнæгæй астæрд раивтой, дон ыл кæй тагъд æмæ кæй бамбыд, уымæ гæсгæ. Аразджытæ астæрд раивтой, æмæ загътой, зæгъгæ, йæ сарæзтой зынаргъ æмæ гъæдджын æрмæгæй. Фæлæ цасдæр рæстæджы фæстæ сывæллæттæ сæхи æвзæр хатын райдыдтой, сæ ахсæнтæ рыстысты, сæ зæрдæтæ хæццæ кодтой, сæ цæстыты сыг мызт».

Хатæны тæф никуыдæм цæуы. Мах байгом кодтам ру-дзгуытæ иууылдæр æмæ дуæрттæ, фæлæ уый дæр не ‘ххуыс кæны. Уыцы æвзæр тæф, æгæрыстæмæй, цæуы, спортивон залы сæрмæ ахуыргæнджыты хатæнмæ дæр. Мæнæн дзурынц, зæгъгæ, астæрд арæзт у зынаргъ æмæ фидар æрмæгæй, фæлæ сывæллæттæн се ‘нæниздзинадыл æндавы, æмæ уый у иууыл ахсджиагдæр», – банысан кодта Ольга Михаилиди.

Скъолайы директоры ныхæстæм гæсгæ, ацы уавæрмæ æркастысты эксперттæ  æмæ санэпидстанцийы кусджытæ  дæр.

Гасситы Петр æмæ Тадтаты Алан бабæрæг кодтой спортивон зал æмæ банысан кодтой, залмæ бахизгæйæ дзы кæй ис, æцæгæйдæр карз æмæ хъыхъхъаг тæф. Тадтайы фырт ныфс бавæрдта скъолайы директорæн, ацы проблемæ скъуыддзаг кæй æрцæудзæн.

Гасситы Петр йæхи фарсæрдыгæй, аразджыты куыст банымадта фыдракæндыл.

«Мах уавæрмæ æркастыстæм. Сывæллæттæ ахæм уавæрты ма хъуамæ ахуыр кæной. Хорз æрмæг агурын райдайдзыстæм, спортивон залæн цахæм хъæуы, ахæм æмæ ацы проблемæ скъуыддзаг æрцæудзæн», – загъта Гассийы фырт.

Парламенты Сæрдар ма банысан кодта, ацы проблемæйы фæдыл кæй уыннаффæ кодтой РХИ-йы Президентимæ.

«Анатолий Ильяйы фырт загъта, цæмæй ацы проблемæ скъуыддзаг æрцæуа цыбыр æмгъуыдмæ», – загъта Парламенты Сæрдар.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты информацион-аналитикон службæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.