Нæ абоны театры сценæйыл раздæрау мах уынæм курдиатджын, уындджын актерты. Се ‘ппæт дæр сæ удæй арт цæгъдынц национ культурæйы сырæзты сæраппонд.

Театр царды айдæн у, æмæ уыцы айдæны хицæуттæ та сты не сценæйы фидауцтæ. Уыдонæй сæ иу, Багаты Георгийыл у нæ ныхас. Нæ адæм æй фылдæр зонынц Ладикъойæ, арæх æй экраныл цы ролы хъазгæ уынæм, уымæй. Уыцы хъæлдзæг, юмористон  алæвæрд хуыйны «Сасинкъæ æмæ Ладикъо». Георги у нæ абоны зиууæттæй иу. Хорз рæхсы канд юмористон ролтæ нæ, фæлæ ма трагикон ролты хъазынмæ дæр.

Йæ царды азтæ нырма сты бæрцæй 46. Уыдонæй 23 азы схæлар кодта сценæйæн. Георги Дзауы районы Хъемултайы хъæуы райгуырд 1971 азы. Йæ фыд фосы дохтыр уыд, йæ мад та – ахуыргæнæг.

Царды йæ  фыццаг  ахуыргæнæг уыд йæ фыд Нодар, уыдис хъæлдзæг, дзырдарæхст, иттæг хорз зыдта нæ адæмы хъæздыг фольклор, бынæттон таурæгътæ æмæ легендæтæ, тынг рæхстис сæ дзурынмæ дæр.

Мад йæ царды бонтæ Хъемултайы скъолайы арвыста. Урокты æтте цы культурон мадзæлттæ уагъд цыд, уыдоны сæйраг цырв уыдис, æмæ уæдæй бауарзта сценæ,  аив дзырд. Уым федта «Сæтти æмæ Бæтти»-йы, стæй уæд «Фæныкгуыз»-ы. Æвдыстой сæ нæ театры уæды актертæ.

Абоны Хъемулта дæр йæ нывыл нал у, стæнæг, сфæлахс. Кæддæры нæргæ скъолайæн ма аззадысты йæ дурын къултæ. Георгийы дæр йæ ахуыр адарддæр кæнын бахъуыд нæ горæты 5 скъолайы.

Æвзонг лæппуйы сæхимæ æлвæстой театр, сценæ. Театрмæ кусынмæ бацæугæйæ, райдианы æххæст кодта алыгъуызон куыстытæ, стæй атылд йæ хъул. 1990 азы Хуссар Ирыстонæй Мæскуыйы М.С.Щепкины номыл театралон институтмæ æрвыст æрцыдысты нæ фæсивæдæй иу къорд. Уыдонимæ уыд æвзонг Багаты Георги дæр.

1994 азы æрыздæхт æмæ  абоны онг кæны æвæллайгæ куыст. У курдиатджын актер, рæхсы алы кары фæлгæндзтæ саразынмæ дæр, йæ удæй арт цæгъды, цæмæй фæлвых фæлгондзимæ ма рацæуа сценæмæ. Æрмæстдæр иу хатт чи фена Георгийы Гаглойты Владимиры пьесæ «Тугæйдзаг чындзæхсæв»-ы Саулæджы ролы хъазгæ, уый æнæмæнгдæр зæгъдзæн, нæ актер стыр психолог кæй у, кæй фæразы адæймаджы миддунемæ ныккæсын. Йæ рæстæджы раст банысан кодтой; «Уый (Багаты Г.) Саулæджы ролы хъазгæ нæ кæны, ахæм арæхстджынæй бацыд йæ хæрвы æмæ нæм йæ фыццаг фæзындæй суанг æмбæрзæн сæхгæныны онг афтæ кæсы, цыма актеры арæхстджын хъазтмæ нæ кæсæм, фæлæ Саулæг ивгъуыд дунейы мигъвæлмæй йæхæдæг рахызт цардæгасæй нæ размæ. Дзырд дæр ыл нæй, æмткæй сисгæйæ, ирон театралон аивады хæзнадоны цы цæрдхъомдæр фæлгæндзтæ ис, уыдоны нымæцмæ бафтыд Багаты Георгийы Саулæг дæр». (газ. «Хурзæрин» 26.02. 2005, №19.)

Саулæг йæхи æттæмæ, адæммæ дары уæздан, хиуылхæцгæ, дардмæуынæгæй, мидæгæй та у хин æмæ кæлæн, марг æмæ хæрам, лæджы счъизи кæнын, фесафын, сыхаджы бабын кæнын  уымæн сты гæнгæлыйау. Йе ‘взаджы цъуппыл хорз дзырдты æмрæнхъ бадынц цъаммар æмæ æлгъаг дзырдтæ.

Сценæйæн æдтейæ Георгийæн æнтыстыл банымайæн ис, арæх кæм хъазы, уыцы юмористон телевизион ралæвæрд «Сасинкъа æмæ Ладикъо»-йы Ладикъойы роль. Кæуылты у ам Георгийæн йæ архайд, йе змæлд, йæ ныхасы уаг. Ирыстоны цардуаджы рахæцæнтæ дзы бæлвырдæй разынынц. Æфхæрд æмæ мидбылхудтимæ дзуры не ‘взаг æмæ не ‘гъдæуттыл, æгуыстдзинад æмæ магусадзинадыл, рынчынтæ æмæ дохтыртыл, нæ уынгтæ æмæ шофыртыл, хъæу æмæ горæты ахастытыл, ныййарджытæ æмæ скъолайыл, стæй бирæ æндæр ахæм хъуыддæгты фауддзагæй цы ис, уыдæттыл.

Театрдзаутæ йæ федтой ахæм пьесæты хъазгæ, куыд  Хуыгаты Георги – «Сæтти æмæ Бæтти», «Æрдхорд æфсымæртæ»,Уанеты Владимир – «Шахматтæ»-1, «Шахматтæ»-2; «Тугæйдзаг чындзæхсæв», Нартыхты Григолы – «Файнустытæ», «Æз президент куы уаин», Хаситы Вильгельмы – «Расыггæнджытæ», Гуыцмæзты Михалы – «Бирæгъты».

Георги не сценæйыл цы фæлгæндзтимæ ралæууы, уыдоныл сценæмæкæсджытæ зæрдæйæ сæмбæлынц кæддæриддæр. Актеры репертуары сты канд национ цардæвдисæг фæлгæндзтæ нæ фæлæ,  ма тæлмацгонд пьесæты фæлгæндзтæ дæр.

Ахæмтæ та сты Шекспиры «Ромео æмæ Джульетта», Пушкины «Куывд», Гольдонийы «Æнахуыр цау», Брантоны «Чарлейы мады хо», Цагарелийы «Фæныкгуыз», Лопе де Вегайы «Иуæндæсæм фæдзæхст», Мольеры «Бынатмæ бырæг», Ал.Толстойы «Буратино» æмæ æнд.

Багаты Георги у æнæрынцой зæрдæйы хицау. Куы йæ фæрсай, чысылæй, скъоладзауæй, дæ сæйраг бæллицтæ цы уыдысты, зæгъгæ, уæд йæ мидбылты бахуды æмæ фæзæгъы: – Бæллыдтæн нырма футболист суæвынмæ, стæй та хæдтæхæг скъæрæг, фæлæ  равзæрстон театр, – зæгъгæ.

Сценæ алыгъуызон ролтæ æмæ актертæй фидауы. Георгийы куы фæрсай, сценæйыл дын æнцондæр кæцы актеримæ вæййы, уæд фæзæгъы, зæгъгæ, мын æнцондæр, æхсызгондæр, цымыдисагдæр вæййы уæд, мæ алыварс куы вæййынц Бибылты Сослан, Джиоты Аслан, Харебаты Жан-Жак, Джиоты Бэлæ, Хуыгаты Дзамболат.

Канд театр нæ, Георги цæмæ нæ рæхсы, йæ къух цæмæ нæ фæкæндзæн, ахæм куыст нæй. Хæдзарон уæззау куыстытæ дæр уымæй рох никуы уыдысты. Хуссар Ир зындоны уавæры куы бахауд, нæ горæтæн рухс, дон, хæринаг, хъармдзинад куынæуал уыд, уæд дæр Георги ссардта фæрæз – адæмæн лыг кодта сугтæ йæ хырх «Дружба»-йæ, цы йын лæвæрдтой, уыцы аргъыл.

Хорздзинæдтæ кæмæй ферох уой, Георги уыдонæй нæу. Абон дæр дзы рох не сты, хистæр фæлтæрæй йæм йе ‘ххуысы къух чи фæдаргъ кодта, уыдон. Уыдон та йын сты Галуанты Людæ, дзæнæты бадинаг Зæгъойты Ростик æмæ æндæртæ. Фæзæгъы уый дæр, кæд мæ исты рацыд, уæд уый у мæ режиссертæ Дзуццаты Тамерлан æмæ Тъехты Уасилы руаджы.

Георгийы хорз зонынц Хуссар æмæ Цæгаты театрдзаутæ, хорз зонгæ у нæ министрадтæн, стæй уæд нæ Республикæты къухдариуæггæнджытæн. Ууыл дзурæг сты, цы хорзæхтæ фæиста, уыдон. 2011 азы 29 июлы йын лæвæрд æрцыд РХИ-ы сгуыхт артисты ном, фæстæдæр, 2017 азы 24 июлы та – РЦИ-Аланийы сгуыхт артисты ном.

Рæхджы нæ ног театр бакæндзæн йæ дуæрттæ. Нæ курдиатджын актертæ æмæ режиссертæ сæгъы сыкъайæ бахиздзысты аргъæутты галуанмæ. Уырдæм у йæ каст Багайы фыртæн дæр æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы: низтæ хъæдмæ фæлидзæнт, ды та уæнгрогæй, ног хъарутимæ цы ралæууай адæмы раз, уый дын уарзы нæ цæст æмæ Дунескæнæг Хуыцауы цæст.

Ир – дæ фæндиаг, ды та Иры – фæндиаг.

Плиты Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.