НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин телефоны ныхас кодта Сомихстоны премьер-министр Никол Пашинянимæ. Уыдон æруынаффæ кодтой Евразийаг экономикон цæдисмæ хауæг фарстытыл æмæ Мæскуы æмæ Ереваны æмархайдтытыл. Владимир Путин ма телефоны ныхас кодта Казахстаны æмæ Белорусийы президенттæ Нурсултан Назарбаев æмæ Александр Лукашенкоимæ. Назарбаев раарфæ кота Путинæн футболæй дунеон чемпионат æнтыстджынæй кæй ауагътой, уый тыххæй. Дыууæ лидеры æруынаффæ кодтой къорд ахсджиаг фарстытыл.

Уæрæсейы паддзахады сæргълæууæг Лукашенкоимæ уынаффæ кодтой Евразийаг экономикон цæдисы фæлгæтты æмархайдыл æмæ фæндзæм Каспийаг саммитмæ бацæттæ кæныны тыххæй, кæцы уагъд æрцæудзæн августы мæйы Актауйы. Цыппæрæм Каспийаг саммит  уагъд æрцыд 2014 азы Астраханы. Афтæ ма уынаффæ кодтой дунеон актуалон фарстытыл дæр.

ÆРÆХГÆДТОЙ СЫН СÆ ФÆНДАГ

УФ-йы Æдасдзинады федералон службæ сликвидаци кодта Евроцæдисы бæстæтæй хæцæнгæрзтæ ласыны канал. Операци сæххæст кодтой Æдасдзинады федералон службæ, Мидхъуыддæгты министрад æмæ Росгварди. Хæцæнгарзæй базаргæнджыты къорды сконды уыдысты Мæскуы, Петербург æмæ Ярославлы цæрджытæ. Уыдонæй байстой  400 иуæджы куыд уæрæсейаг, афтæ фæсарæйнаг хæцæнгæрзтæ дæр.

НАЦПРОЕКТ «ДЕМОГРАФИ»

Национ проект «Демографи»-йы мадзæлтты реализацийæн бахъæудзæн 3,5 трилуан сомы, фехъусын кодта УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитри Медведев. Уый банысан кодта проект среализаци кæныны уавæртæ æмæ нысæнтты тыххæй. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, проект сæххæст кæнынæн æнæмæнгхъæуæг у уавæртæ саразын, афтæ ма цæмæй адæм æрмæст фылдæр ма цæрой, фæлæ ма цæрой активон æмæ аккаг цардæй дæр. Уымæй дарддæр ма хъæуы ацæргæ æмбæстæгтыл аудын.

ФЕМБÆЛДЫСТЫ НЕТАНЬЯХУИМÆ

Иерусалимы уыдысты Израилы премьер-министр Биньямин Нетаньяху, Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддыгты министр Сергей Лавров æмæ УФ-йы Гарзджын тыхты Генералон штабы къухдариуæггæнæг Валерий Герасимовы баныхæстæ, кæцыйы фæлгæтты уыдон æруынаффæ кодтой дыууæ бæстæйы ‘хсæн æмгуыстады перспективæтыл, афтæ ма Æввахс Хурскæсæны уавæрыл дæр. «Уæрæсе æмæ Израилы ‘хсæн бастдзинæдтæ тынг ахсджиаг сты. Нæ бæстæтæ æмгуыстад кæнынц алыгъуызон фарстыты фæдыл. Фæнды мæ банысан кæнын æмæ бузныг зæгъын Уæрæсейы æмæ АИШ-ы президенттæ Владимир Путин æмæ Дональд Трампæн Хельсинкийы саммиты фæлгæтты Израилы æдасдзинады тыххæй сæ хъуыдытæ кæй загътой, уый тыххæй», – фехъусын кодта Нетаньяху. Сирийы территорийæ Ираны гарзджын тыхты ракæныны тыххæй фарсты фæдыл Нетаньяху фехъусын кодта, зæгъгæ, хорз уаид цауты ахæм рæзт, уымæн æмæ Израилимæ арæныл Ираны гарзджын тыхты уæвынад катайдзинад æвзæрын кæны Тель-Авивы.

БАНЫХÆСТÆ  МЕРКЕЛИМÆ, МАКРОНИМÆ

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров æмæ УФ-йы Гарзджын тыхты Генералон штабы хистæр  Валерий Герасимов Израилæй ацыдысты Германмæ, цыран фембæлдысты канцлер Ангела Меркелимæ. Ныхасы рæстæджы уынаффæ цыд сирийаг фарст æрбæстон кæныныл, уыцы нымæцы политикон процессы рæзтимæ баст æмæ лигъдæтты раздахынæн уавæртæ саразыны фарстимæ. Уымæй дарддæр ма фæрстæ æруынаффæ кодтой 2015 азы 12-æм февралы Минскаг сразыдзинæдты тыххæй дæр. Ныхас ма цыд дыууæфарсон ахастыты иуæй-иу актуалон фарстытыл.

Германæй та уыдон ацыдысты Францмæ, цыран фембæлдысты Эмманюел Макронимæ. Ныхасы рæстæджы лæмбынæг æруынаффæ  кодтой Сирийы уавæрыл, политикон бæстонкæнынады процесс фæтагъддæр кæныны тыххæй, афтæ ма Сирийы постконфликтон æндидзынады тыххæй, лигъдæтты фæстæмæ тагъддæр раздахыныл акцент саразгæйæ. Фæрстæ бафидар кодтой «нормандаг форматы» фæлæгтты контакттæ адарддæр кæнын.

БАХÆС КОДТА ФАРСТЫЛ БАКУСЫН

Владимир Путин хицауадæн бахæс кодта хид саразыны тыххæй фарстыл бакусын, кæцы бабæтдзæн материкон Уæрæсейы æмæ Сахалины сакъадахы. Хиджы арæзтад ахсджиаг у æрмæст сакъадахы цæрджытæн нæ, фæлæ Хабаровскы крайы цæгаты рæзтæн дæр. Хиды арæзтад гæнæн ис райдайа 2021 азы, йæ аргъ слæудзæн 540,3 миллиард сомы, кæцы 3,5 хатты фылдæр у Хъырмы хиды арæзтады аргъæй. Уыимæ æфсæнвæндаг гæнæн ис ацæуа хидыл нæ, фæлæ тунелыл Невельскаг донкъубалы бынты.

КÆУÆН КЪУЛÆЙ РАХАУДТА ДУР

Иерусалимы мэри рæстæгмæ сæхгæдта Кæуæн къулы территорийы иу хай, уымæй егъау, йæ уæз 100 килограммы кæмæн уыд, ахæм дур зæхмæ кæй рахауд, уый аххосæй. Дзыллон информацийы фæрæзтæ куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ Къулы ныгуылæн фадыгæй дур рахаудта уыцы бынаты, цыран динон нормæтæм гæсгæ гæнæн ис уой нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ дæр.  Дур æрхаудта къулы цур чи куывта, уыцы сылгоймæгтæй цалдæр метры æддæдæр.

ИНО ХАЙАД НÆ ИСТА «УРС КАСКÆТЫ» ЭВАКУАЦИЙЫ

ИНО хайад нæ иста организаци «Урс каскæты» активистты сæ бинонты уæнгтимæ Сирийæ ракæныны операцийы. «Махæн ницы ахаст ис ацы процессмæ, фæлæ уыимæ бузныг стæм Иордани уазæгуарзонæй ацы 422 бинонты кæй райста, уый тыххæй», – фехъусын кодта ИНО-йы генералон секретары офицалон минæвар Стефан Дюжррик

ЗЫНГСИРВÆЗТЫТÆ ГРЕЦИЙЫ

Грецийы зынгсирвæзтыты фæстиуæгæн фæмард сты 74 адæймаджы бæрц, уыдон ‘хсæн ис сывæллæттæ дæр, æбæрæгæй сæфтыл нымад цæуынц дæсгай адæймæгтæ. Фæмардуæвджыты ссардæуыд Рафин æмæ Неа- Макрийы горæтты цур. Грекъаг хицауады нымайынц ахæм аххосаг дæр, зæгъгæ, зынгсирвæзтыты аххосаг гæнæн ис суыдаиккой барæй зынгбафтауыны цаутæ. Банысанчындæуыд, зæгъгæ, уыцы иурæстæджы Скæсæн Аттикийы территорийыл 15 зынгсирвæзты. Грецийы тæссаг уавæр кæй сæвзæрд, уый фæдыл бæстæйы хицауад æххуысмæ бахатыд АИШ æмæ Евроцæдисмæ. Грецийы баконд æрцыд уæлвæткон уавæры режим. Сæрмагондæй, Испан ныридæгæн рарвыста зынгхуыссынгæнæн авиацийы хæдтæхджытæ, Кипрæй Аттикумæ æрцыдысты зынгхуыссынгæнæн æмæ аварийон службæты 60 специалисты, афтæ ма тагъд æххуысы дохтыртæ дæр. Бæстæйы расидт æрцыд æртæбонон фыдох.

ЦÆТТÆ У БАХХУЫС КÆНЫНМÆ

УФ-йы Президент Владимир Путин Грецийы президент Прокописа Павлопулос æмæ премьер-министр Алексис Ципрасмæ арвыста тел, цыран уый фехъусын кодта зынсирвæзтытæ аиуварс кæнынæн баххуысмæ цæттæ кæй у, уый тыххæй. Путин банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы адæм дих кæнынц æфсымæрон адæмы хъыгдзинад.

ФЕСÆФТЫСТЫ АДÆМ

Лаосы хуссар-скæсæн хайы Аттапыйы провинцийы  дамбæ кæй ратыдта, уый фæстиуæгæн æбæрæгæй фесæфтысты сæдæгай адæймæгтæ. куыд хъусынчындæуы, уымæ гæсгæ фæмард сты дæсгай адæймæгтæ, фæлæ сæ нымæц нырма бæрæг нæу. Дамбæйы ратынды фæстиуæгæн ракалд фондз миллиард кубометры дон. Доны бын фесты æхсæз хъæуы, сæ цæрæнуæттæ фесæфтой 6,6 мин адæймаджы.

ТЕРАКТ

Сирийы хуссары горæт Эс-сувейдайы теракты амæттæгтæ баисты 30 адæймаджы, цæфты нымæц бæлвырд цæуы. Террорист-химар йæхи спырх кодта горæты базары.
Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.