КИТАЙЫ ЛИДЕРЫ ПАДДЗАХАДОН ВИЗИТ

Уæрæсемæ æртæбонон паддзахадон визитимæ æрцыд Китайы лидер Си Цзиньпин. Уый Кремлы йæхимæ райста Владимир Путин. Китайаг лидеримæ æрцыд егъау делегаци. Баныхæсты фæстиуæгæн къухтæ фыст æрцыдысты 25 базарадон-экономикон сразыдзинадыл. Цзиньпин Путины рахуыдта йе ‘ввахс хæлар æмæ банысан кодта, зæгъгæ, фæстаг æхсæз азы дæргъы уыдон фембæлдысты 30 хатты. Уæрæсе æмæ Китай банысан кодтой, зæгъгæ, æнæмæнгхъæуæг у Иранимæ базарадон-экономикон æмгуыстад адарддæр кæнын, афтæ ма загътой, зæгъгæ, сты кæцыфæнды бæстæйы иуварсон санкциты ныхмæ.

ДУНЕОН ЭКОНОМИКОН ФОРУМ

Санкт-Петербурджы йæ куыст кæны дунеон экономикон форум, цыран хайад исынц 3,5 мин фæсарæйнаг делегаты дунейы 140 бæстæйæ. Форумы уазджыты иумиаг нымæц у 17 мин адæймаджы. Мадзалы хайадисджытæ фыццаг рады уынаффæ кæнынц экономикæ æмæ бизнесы фарстытыл. Афтæ ма сæйраг темæты ‘хсæн сты энергетикæ, транспорт, дунеон проблемæтæ, амалиуæгады æмæ дунеон æмгуыстады нымæцон технологитæй пайда кæнын. УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ мадзалы программæ афтæ уæрæх у, æмæ Уæрæсейы ныхмæ ницахæм экономикон изоляцийыл дзырд нæ цæуы. Форумы хайад райстой ИНО-йы Генералон секретарь Антониу Гуттериш, европæйаг бæстæты президенттæ. Экономикон форумы сæйрагдæр уазджытæй иу у Китайы лидер Си Цзиньпин, кæцы форуммæ æрцыд Уæрæсемæ йæ паддзахадон визиты фæлгæтты.

КОЛЛЕГÆТЫ БАНЫХÆСТÆ

УФ-йы премьер-министр Дмитрий Медведевæн баны-хæстæ уыд Словакийы хицауады сæрдар Петер Пеллегриниимæ. Уыдон уынаффæ кодтой «Северный поток-2» æмæ Украинæйыл газы транзиты тыххæй. Словаки агуры гæнæн-тæ ног энергетикон проектмæ баиу уæвыны тыххæй. Ныридæгæн бæрæг у, Словаки цæттæ кæй у йе ‘фснайæндæттæ уæрæсейаг газæн радтыны тыххæй. Фембæлды фæстиу-джытæм гæсгæ, Уæрæсе Словакиимæ сараздзæн ног бадзырд бирæнысанон куынæггæнæг хæдтæхджытæ МиГ-29 лæггад кæныны фæдыл, кæцытæ сты республикæйы æфсæддон уæлдæфон тыхтæм. Ныртæккæ дæр ацы хæдтæхджыты хæстон цæттæдзинадыл кусынц уæрæсейаг специалисттæ, кæцы æрвылаз дæр пайда хæссы 30 милуан евройы.

УЫНАФФÆ КОДТОЙ ÆФСÆДДОН ÆМГУЫСТАДЫЛ

Анапайы уагъдцæуæг Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады паддзахадты-хайадисджыты хъахъхъæнынады министрты советы рабадты хайадисджытæ сфидар кодтой коалицион æфсæддон æмгуыстады плæнттæ 2025 азы онг. Ист æрцыдысты уынаффæтæ иумиаг æфсæддон ахуыртæ ауадзыны тыххæй.

КОНТАКТОН КЪОРДЫ РАБАДТ

Минскы фыццаг хатт конструктивонæй уагъд æрцыдысты Донбассы фæдыл баныхæстæ, фæрсты иууылдæр фæндыд уынаффæ ссарын, – фехъусын кодта конфликт æрбæстон кæныны фæдыл контактон къорды Киевы минæвар Леонид Кучма. Йæ ныхæстæм гæсгæ, раздæримæ абаргæйæ, дискусситы тон уыд бынтон æндæргъуызон. «Мах æрцыдыстæм «фæндагон картæимæ» Украинæйы президентæй. Паддзахады сæргълæууæджы æцæгæй фæнды, цæмæй ацы регионы уа сабырдзинад Æртæфарсон контактон къорды рабадты æз загътон уыцы фæндæтты тыххæй, кæцытæ фехъуыстон президентæй», – загъта Кучма.

ЦЫТДЖЫН МАДЗÆЛТТÆ

Портсмуты уагъд цæуынц цытджын мадзæлттæ Нормандийы æмцæдисонты рахызты боныл 75 азы сæххæсты сæраппонд. Цытджын мадзалы хайад исынц Елизавета II, АИШ-ы президент Дональд Трамп, Германы канцлер Ангела Меркель, Францы президент Эммануэль Макрон, Стырбританийы премьер-министр Тереза Мэй, афтæ ма Нормандиаг операцийы хайадисджытæ æмæ æндæр бæстæты сæргълæуджытæ.  Владимир Путин хайад нæ исы мадзалы. 1944 азы 6-æм июны антигитлерон коалицийы фæдыл æмцæдисонтæ рахызтысты Нормандийы, хайад дзы истой 14 бæстæйы 150 мин салдаты.

УРÆД ÆРЦЫД

УФ-йы фæдагурæн комитеты слестгæнæн управленийы бахæсмæ гæсгæ Мæскуыйы Шереметьевойы аэропорты Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы кусджытæ баурæдтой Иркутскы областы хъæды комплексы министр Сергей Шевердайы. Уымæ зæрдæ фехсайдта йæ службæйон хæстæ фæбæрзонддæр кæнынæй. Чиновник урæд æрцыд, æнæзакъонæй хъæд цæгъдыны тыххæй йыл уголовон хъуыддаг кæй бакодтой, уый фæлгæтты. Санитарон мадзæлтты æфсон уым куынæг цыдысты æнæниз бæлæстæ, кæцыйы фæстиуæгæн зиан æрхастæуыд 748 милуан сомы. Уыимæ уыдонæн сæ бон ссис, æрмæстдæр планы сын цы уыд, уымæн йæ фæндзæм хай ралыг кæнын, науæд иумиаг зиан уыдаид 2 миллиард сомы.

ФÆФЫЛДÆР УЫДЗÆН МАДЫ КАПИТАЛ

2020 азы 1-æм январæй Уæрæсейы мады капитал фæфылдæр уыдзæн 470 мин сомы онг. Уый тыххæй æхцатæ хынцыд æрцыдысты бюджеты, – фехъусын кодта УФ-йы Фæллойы æмæ социалон хъахъхъæныны министр Максим Топилин. Ацы аз 1-æм апрелмæ мады капиталы сертификат райстой 9,2 милуан бинонтæ.

ДЗЫРДХÆССЫНЫ ТЫХХÆЙ  – 10,5 АЗЫ АХÆСТОНЫ ФÆБАДЫНЫ ТÆРХОН

Хъырымы уæлдæр тæрхондон Украинæйы æмбæстаг Константин Давыденкойæн рахаста 10 азы æмæ æрдæг ахæстоны фæбадыны тæрхон Украинæйы æдасдзинады советы пайдайæн æй дзырдхæссыны фæаххосджын кæнгæйæ. Давыденко æмбырд кодта æфсæддон техникæйы ног хуызæгты, электроникæ, æртыккаг фæлтæры бастдзи-нады фæрæзты тыххæй зонæнтæ.

БАХАСТОЙ ЗАКЪОНЫ ПРОЕКТ

Депутат Олег Мусий Украинæйы Уæлдæр Радамæ бахаста закъоны проект Донбассы цæрджытæй уæрæсейаг паспорттæ чи райстой, уыдонæн сæ исад сконфискаци кæныны тыххæй. Киевы бартхъирæн кодтой, зæгъгæ, Донбассы цæрджытæй уæрæсейаг паспорттæ райсыны тыххæй чи бахата, уыдонæн байсдзысты украинæйаг æмбæстагдзинад. Уымæй дарддæр ма  ветеранты хъуыддæгты фæдыл  министр Ирина Фриз фехъусын кодта, зæгъгæ, уыдон нæ исдзысты социалон бафыстытæ æмæ пенситæ.

КИЕВ ГÆНÆН ИС ФЕСАФА ДОНБАССЫ

Уæлдæр Радайы депутат Надежда Савченко фехъусын кодта, зæгъгæ,  Евроцæис æмæ НАТО-мæ бацыд фидаргонд æрцыд Украинæйы конституцийы, фæлæ, зæгъ, уый реализаци куы æрцæуа, уæд йæ бæстæ фесафдзæн Донбассы.

МИТИНГ

Чехийы сæйраг горæт Прагайы Вацлавы фæзуаты уагъд æрцыд митинг бæстæйы премьер-министр, долларон миллиардер Андрей Бабишы отставкæйы домæнимæ. Митинджы раныхасгæнджытæ премьеры фæаххосджын кодтой коррупцийы. Критикæ райхъуыст Чехийы президент Милош Земаны адресыл. Уый, зæгъ, активонæй хæцы министрты кабинеты сæргълæууæджы æвварс.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.