РАБАДТ ÆДАСДЗИНАДЫ СОВЕТЫ УÆНГТИМÆ

Владимир Путин ауагъта рабадт УФ-йы Æдасдзинады советы уæнгтимæ. Уый сын фехъусын кодта Фыццаг дунеон хæсты фæудыл 100 азы сæххæсты сæраппонд мадзæлтты фæлгæтты Парижы йæ коллегæтимæ контактты тыххæй æмæ æруынаффæ кодта Сингапурмæ йæ балцы тыххæй. Рабадты уынаффæ цыд социалон-экономикон характеры алыгъуызон фарстытыл.

ÆРТÆБОНОН ПАДДЗАХАДОН ВИЗИТ

УФ-йы Президент Владимир Путин æртæбонон кусæгон визиты ис Сингапуры. Ам уагъд цæуы АСЕАН – Хуссар-Скæсæн Азийы паддзахадты ассоциацийы саммит. Сингапуры президент Халима Якоб æмæ Владимир Путины фембæлды рæстæджы уæрæсейаг президент загъта: «Сингапур у Ази-Сабырденджызон регионы Уæрæсейы ахсджиаг æмæ перспективон партнер. Якобимæ нæ баныхæстæ уыдысты алыварсон æмæ цымыдисон. Хæларадон атмосферæйы мах æруынаффæ кодтам дыууæварсон ахастыты æнæхъæн комплексыл. Кæрæдзийыл æууæнкдзинад у прогресс, хæлардзинады æмæ рæзты бындур», – загъта Путин. Уæрæсейаг культурон центры арæзтады бындурæн дур æвæрд æрцыд дыууæ бæстæйы президенты хайадистæй. Уæрæсейæн Сингапур 30 азмæ арендæйæн цы территори рахицæн кодта, уымæн йæ фæзуат у æртæ мин квадратон метрæй фылдæр. «Нæ компанитæ кусынц Мæскуы, Татарстан æмæ Пензæйы областы. Абон нæ къухтæ æрфыстам Санкт-Петербурджы хицауадимæ горæты транспорты управленийы къабазы æмгуыстады сразыдзинадыл», – загъта Халима Якоб.

КУСÆГОН БАЛЦ ИТАЛИМÆ

УФ-йы премьер-министр Дмитрий Медведев кусæгон балцы уыд Италийы, цыран хайад райста Ливийы фæдыл дунеон конференцийы. Палермойы фембæлды рæстæджы  политиктæ кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ загътой Ливийы уавæр æрбæстон кæныны фæдыл. Конференцийы хайад райстой Италийы æмæ Алжиры премьертæ, Египет æмæ Тунисы президенттæ, Францы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, ливийаг политиктæ æмæ æндæртæ. Пленарон рабадты размæ ауагътой развæлгъау фембæлд, цыран Медведев фехъусын кодта ливийаг фарст æрбæстон кæныны фæдыл Мæскуыйы ахасты тыххæй.

ÆХСТЫТЫ БЫН

Израилы уæлдæфон гарзджын тыхтæ сатакæ кодтой Газы секторы 150 объекты бæрц. Нысæнтты нымæцы уыдысты ХАМАС-ы æмæ «Пысылмон джихады» къордты æфсæддон объекттæ, æфсæддон нау, хæцæнгæрзты æфтауцдæттæ æмæ штаб. Газы секторы ‘рдыгæй рауагъдæуыд 470 раке-тæйы æмæ артиллерион снаряды бæрц. Æхстыты фæстиуæгæн фæмард иу израилаг, цæфтæ та фесты 55 адæймагæй фылдæр. Уыимæ 100 ракетæйы æрцахстой æмæ сæ ‘рæппæрстой израилаг системæ «Железный купол»-æй. Израилы уæлдæфон гарзджын тыхты æхстытæн дзуаппæн ХАМАС фехъусын кодта, зæгъгæ, ракетон цæф ныккæндзæн израилаг горæттæ Беэр-Шева æмæ Ашдоды, кæд æмæ ма израилæгтæ дарддæр дæр атакæ кæной Газы секторы, уæд.  ИНО-йы генералон секретарь Антониу Гутерреш æрсидт палестинаг-израилаг конфликты фæрстæм, цæмæй сæхиуыл фæхæцой. Палестинæйы сæргълæууæг Махмуд Аббас æрсидт дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй сектор Газы уавæрмæ сæ хъус æрдарой æмæ бахатыд дунейы бæстæты лидертæм æвæстиатæй Израилы агресси æруромыны тыххæй. Сектор Газы алыварс уавæры эскалацийы фæдыл Уæрæсе æрсидт Израиль æмæ Палестинæмæ æвæстиатæй æхстытæ æруромыны тыххæй. Палестинæйы ног хабæртты порталы информацимæ гæсгæ, сектор Газы израилаг спецназы операцийы фæстиуæгæн фæмард сты авд палестинæйаджы, ноджы астæй фылдæр та цæфтæ фесты.

РАБАДТÆН НÆ УЫД ФÆСТИУДЖЫТÆ

Израиль æмæ Палестинæйы ‘хсæн радон хæстон конфликт кæй сцырын, уый фæдыл уагъд æрцыдысты ИНО-йы Æдасдзинады советы консультацитæ, кæцыты ауадзын кодтой Кувейт æмæ Боливи. «Махæн нæ бон не ссис дзуапп ссарын Газы уавæр аскъуыддзаг кæныны тыххæй, кæд æмæ Æдасдзинады советы уæнгты фылдæр хай ралæууыдысты, исты саразын кæй хъæуы, уыцы хъуыдыйы æвварс, уæддæр», – загъта ИНО-йы Кувейты æдзухон минæвар Мансур Аль-Отейби. Йæ рады, ИНО-йы Палестинæйы æдзухон минæвар Рияд Мансур фехъусын кодта, зæгъгæ, «тыхмийы радон раунд райдыдта Израиль».

ÆРТХЪИРÆН КÆНЫ УАЗАЛ ХÆСТ РАЙДАЙЫНÆЙ

АИШ-ы вице-президент Майкл Пенс фехъусын кодта, зæгъгæ, Иугонд Штаттæ цæттæ сты Китаимæ «уазал хæст» райдайынмæ. Пенсы ныхæстæм гæсгæ, цæмæй Вашингтонимæ конфронтаци ма райдайа, уый тыххæй Пекин хъуамæ серьезонæй аива йæ политикæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Дональд Трамп тырны Китаимæ ахастытæ æрнывыл кæнынмæ, фæлæ Пекин конфронтаци ма æруадзынæн цы уавæртæ хъæуы, уыдон куынæ сæххæст кæна, уæд хъуыддаг хорз нæ уыдзæн. Пенс ма банысан кодта, зæгъгæ, Китайы сæрдар Си Цзиньпинимæ америкæйаг лидеры фембæлд Аргентинæйы Китайæн у фæстаг шанс Иугонд Штаттимæ “уазал хæст” ма æруадзынæн.

НЕ ‘РЦЫДЫСТЫ ИУ ХЪУЫДЫМÆ

Уæрæсе æмæ Саудоваг Арави Абу-Дабийы нæ бадзырд-той 2019 азы нефты æфтигæтæ фæкъаддæр кæныны тыххæй. Абу-Дабийы министрты мониторингон комитет фæцис æнæ консенсусæй, ОПЕК-ы бæстæты ног азы æфтиæгтæ фæкъаддæр кæныны тыххæй. Уæрæсейы делегаци Энергетикæйы министр Александр Новакы сæргъ-лæудæй нæдæр ацы инициативæйы æвварс рахæцыд æмæ нæдæр йæ ныхмæ рацыд. Абу-Дабийы ОПЕК-ы министрты фембæлд у æнæрадон. Планон рабадтыты хъауджыдæр уым уынаффæ кодтой æрмæст Венæйы бадзырдтæ сæххæст кæныныл нæ, фæлæ ма 2018 азы 31-æм декабры, ныртæккæйы бадзырды æмгъуыд куы фæуа, уæд ОПЕК-ы бæстæтæ цы араздзысты, ууыл дæр. Уавæр фæкарздæр Ираны ныхмæ санкциты тыххæй. Фæлæ уыимæ Оманы министр Мохаммед Ар-Румхи журналисттæн куыд загъта, уымæ гæсгæ ОПЕК-ы фылдæр бæстæтæ хæцынц æфтиæгтæ фæкъаддæр кæныны æвварс, уымæн æмæ катайаг прогнозтæ æвдисынц 2019 азы нефть фылдæр кæй уыдзæн, цас хъæуы, уымæй. Уымæн та ахъаз кæнынц базарадон хæстытæ, национ валютæтæ кæй фæлæмæгъдæр сты, уый. Æппæт уыцы фактортæ сындæгдæр кæнынц экономикон рæзты темптæ æмæ æндавынц нефтæй пайда кæныныл. ОПЕК-ы иннæ ба-дзырдтæ уыдзысты 5-7 декабры Венæйы.  Уæд бæстæтæ хъуамæ къухтæ æрфыссой ног сразыдзинадыл.

ХЪЫРЫМЫ ХИДЫ ТЫХХÆЙ

Хъырымы хиды аразджытæ фесты сæйраг этаптæй сæ иу –  æфсæвæндаджы хайы быцæуты арæзтад. Процесс у тынг вазыгджын, куыстытæ æххæст цыдысты вазыгджын уавæрты, фæлæ кусджытæ сæххæст кодтой куыстытæ графикæй раздæр. Æрмæст Уæрæсейы нæ, фæлæ Европæйы дæр иууыл даргъдæр 19 километрон хиды дон æмæ сурзæххыл уромынц 595 быцæуы. 288 быцæуы сты автомобилон хайы бын, кæцыйыл ныр 6 мæйы дæргъы цæуынц машинæтæ. Æфсæнвæндаджы бындур та сты 307 уæлдай егъаудæр конструкцитæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.