ДЫУУÆ ЛИДЕРЫ БАНЫХÆСТÆ

Мæскуыйы уагъд æрцыдысты УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ Японы премьер-министр Синдзо Абэйы баныхæстæ. Уый уыд дыууæ лидеры 25-æм фембæлд. Уыдон æруынаффæ кодтой сабырадон бадзырд саразыны тыххæй, афтæ ма дыууæфарсон ахастыты рæзтыл. Мæскуы æмæ Токио агурынц сабырадон сразыдзинадмæ бахæссыны тыххæй кæрæдзийæн æдасдзинады гарантиты амæлттæ ссарыныл. Уый фадат нæ радтид Уæрæсейы арæнтæм æввахс АИШ-ы æфсæдты равæрынæн. «Нæ коллегæтæ развæлгъау планы куыстой бирæ здæхтыты, куыд эконо-микæйы, афтæ фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хаххыл дæр. Куыстой сабырадон бадзырды фарстытыл», – загъта Путин.

НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров телефоны ныхас кодта Египеты æддагон ведомствойы сæргълæууæг Самех Шукриимæ. Уыдон æруынаффæ кодтой Сири æмæ Ливийы уавæрыл, афтæ ма палестинæйаг-израилаг фарст æрбæстон кæныны тыххæй.

ФЕМБÆЛД – МÆСКУЫЙЫ

Сирийы кризис æрбæстон кæныныл уынаффæ кодтой Сергей Лавров æмæ Сириаг Арабаг Республикæйы уавæры фæдыл ИНО-йы сæрмагонд минæвар Гейр Педерсен дæр. «Махæн, ИНО-имæ иумæ архайгæйæ,  нæ къухты бафтыд бирæ æвæрццаг фæстиуджытæ, уыцы нымæцы – гуманитарон фарстытæ аскъуыддзаг кæныны дæр, кæцы у тынг карз, уæлдайдæр та – террористтæй ссыгъдæггонд территориты», – загъта Сергей Лавров. «ИНО æмæ Уæрæсейæн хъуамæ уа ахсджиаг нысаниуæг Сирийы политикон процессы размæцыды хъуыддаджы. Фыццаг рады мах кусдзыстæм иумæ, цæмæй нæ къухты бафта лигъдæтты раздахыны тыххæй нормалон цардæн уавæртæ саразын», – фехъусын кодта Гейр Педерсен.

 

БАНЫХÆСТÆ – ГАЗЫ ТРАНЗИТЫ ФÆДЫЛ

Брюсселы уагъд æрцыдысты Уæрæсе, Евроцæдис æмæ Украинæйы æртæфарсон баныхæстæ Украинæйы территорийыл уæрæсейаг газы транзиты æмæ «Газпром»-мæ «Нафтогаз»-ы финансон претензиты фарстыты фæдыл. Уæрæсейаг делегацийы сæргъ лæууыд УФ-йы энергетикæйы министр Александр Новак. Энергетикон цæдисы фæдыл Евроцæдисы къамисы сæрдары хæдивæг Марош Шефчович нымайы, зæгъгæ, ног контрактыл къухтæ хъуамæ фыст æрцæуой æп-пынкъаддæр, 10 азмæ, æмæ газы гуырахсттæ хъуа-мæ уой ахæм, цæмæй транзит инвестортæн баззайа химæлвасæй, уыцы нымæцы – европæйæгтæн дæр. Украинæимæ баныхæсты рæстæджы – уæрæсейаг делегаци бамбарын кодта, зæгъгæ, Украинæйы территорийыл газы транзиты фæдыл варианттæм æркæсæн гæнæн ис æрмæстдæр уæд, кæд  æмæ Киев аива йæ æнахуыр бирæ-миллиардон финансон претензитæ «Газпром»-мæ.

 

ПРОТЕСТОН АКЦИТÆ

Венесуэлæйы алы горæтты райдыдтой протестон акцитæ бæстæйы президент Николас Мадуройы ныхмæ. Каракасы ныхмæлæудтытæ уыд æфсæддонтæ æмæ демонстрантты ‘хсæн. Акцийы хайадисджыты ныхмæ спайдачындæуыд цæссыгкалæн газæй. Куыд хъусын кæнынц, уымæ гæгæ фæмард сты дыууæ адæймаджы.

 

ЗЫНГСИРВÆЗТ – НАУТЫ

Керчы донкъубалы нейтралон дæтты æрцыд уæлвæткон цау. Денджызонтæ фæлвæрдтой Новороссийск æмæ Керчы ирвæзынгæнæн службæтимæ сиу уæвын, цæмæй сæм адæдтаиккой, фыдбылыз цы науты æрцыд, уыдон координаттæ. Уыцы рæстæджы танкеры айхъуыст тыхджын срæмыгъд æмæ зынджы æвзæгтæ сивæзтысты 10 метры бæрзæндмæ. Уый фæстæ ссыгъд дыккаг нау дæр. Экипажты уæнгтæ сæхи æппæрстой донмæ, ирвæзынгæнæн жилеттæ дæр не скодтой, афтæмæй. Танкертæ «Маэстро» æмæ «Канди» Танзанийы тырысайы бын ластой æлхъывд æрдзон газ 5 мин тоннæйы бæрц. Зынгсирвæзт æрцыд иу науæй иннæ наумæ, æлхъывд газ куы уагътой, уæд. Дыууæ танкеры экипажты сконды уыдысты Инди æмæ Туркы æмбæстæгтæ.  Экипажты æдæппæтæй уыд 32 уæнджы, кæцытæй аир-вæзын кодтой 12 адæймаджы, 10 адæймаджы фæмард сты æмæ 10 та нымад цæуынц æбæрæгæй сæфтыл.

 

НОГ ЦÆФ НЫККОДТА СИРИЙЫ

Израиль ног авиацæф ныккодта Сирийы. Атакæ аххæссыд 50 минуты. Израилаг æфсæддонтæ фехъусын кодтой, зæгъгæ,  уыдон авиацæф ныккодтой Сирийы территорийыл «Аль-Кудс»-ы ирайнаг  дæлхæйтты нысæнтты. Сириаг фарс куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ ракетæты фылдæр хай нæ сæмбæлдысты сæ нысæнттыл. Атакæйы фæстиуæгæн фæмард сты 4 сириаг æфсæддон службæгæнæджы, фæцæфтæ сты цалдæр адæймаджы. Израилы атакæйы рæстæджы хъыгдард баййæфта Дамаскы дунеон аэропорт.

ФÆМАРД СТЫ 130 АДÆЙМАДЖЫ

Афганистаны радикалон змæлд «Талибан»-ы боевиктæ бабырстой централон афгайнаг провинци Вардакы горæт Майданшахры æфсæддон базæмæ. Атакæйы фæстиуæгæн фæмард сты пысылмон республикæйы æдасдзинады служ-бæты 130 кусæджы. Боевиктæ уыдысты фондзæй. Уыимæ нырма террорист-химар автомобилы æвæрд рæмудзæн æрмæг æркодта архайдмæ. Уый фæстæ иннæ цыппар боевикы ‘хсын райдыдтой æфсæддон базæ, фæлæ уыдон куынæг æрцыдысты.

ÆРБАЦЫДЫСТЫ БАЛТИЙЫ ДЕНДЖЫЗМÆ

АИШ-ы эсминецтæ Gravely æмæ Porter æрбацыдысты Балтийы денджызы акваторимæ. Уыдонимæ æмдзу кæнынц Уæрæсейы æфсæддон-денджызон тыхты корветтæ «Бойкий» æмæ «Сообразительный». Уый размæ та Сау денджызы акваторимæ æрбацыд АИШ-ы æфсæддон-денджызон тыхты ноджы иу эсминец. Америкæйаг æфсæддонтæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, ацы регионмæ нау æрбарвыстой «æдасдзинад сифтонг кæныны фæдыл операци ауадзыны тыххæй». Ныртæккæ эсминецы архайдмæ йæ хъус дары хъахъхъæнæг нау «Пытливый».

АРÆЗТ ÆРЦЫД ПРОЕКТЫ 20 ПРОЦЕНТЫ

Уæрæсейаг энергетикон компанийы сæргълæууæг Алексей Миллер радзырдта, Балтийы денджызы бынты Уæрæсейæ Германмæ чи ацæудзæн, уыцы  газуадзæн  «Северный по-ток»-ы арæзтады тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн арæзт æрцыд денджызон газуадзæны 20 проценты. Газуа-дзæн ацæудзæн фондз паддзахады – Уæрæсе, Финлянди, Швеци, Дани æмæ Германы экономикон зонæты æмæ территориалон дæттыл. Проекты ныхмæ сты Иугонд Штаттæ æмæ Украинæ, кæцы тæрсы уæрæсейаг газы транзитæй исгæ фæрæзтæ фесафынæй.

 

НЕМЫЦÆГТÆ СТЫ ПРОЕКТТЫ ÆВВАРС

Германы цæрджыты 67 проценты сты  газуадзæн «Северный поток-2»-йы проекты æвварс, уымæн æмæ уый ницы зиан æрхæссдзæн Германæн. Кæй бафарстой, уыдоны 90 проценты нымайынц, зæгъгæ, уæрæсейаг газуадзæны арæзтад ма бауадзыны тыххæй АИШ-ы президент Дональд Трампы сидтытæ баст сты Европæйы æлхъывд æрдзон газ ауæй кæныны фæдыл америкæйаг амбицитимæ. Газуадзæн скусдзæн 2019 азы кæронмæ.

 

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.