Бæрзонд хæххон хъæу Едысы арæзт цæуы сыгъдæг нуазыны донуадзæн завод.

Аразынц æй не ‘мбæстаг амалиуæггæнæг Кокойты Алан æмæ Бæгъиаты суаруадзæн заводы директор Тедеты Роланд. Йæ бынат ис Транскамы фæндагæй 12 километры мидæгдæр. Ныртæккæ арæзтадон куыстытæ сты сæ тæмæны, донгуырæнмæ хæстæг фæз бынаты сырæзт егъау бæстыхай. Йæ ифтонггæрзты сæйраг хæйттæ сты бынаты. «Иу къуыримæ сæудæджерадон объект уыдзæн цæттæ» – ныфс æвæрынц йæ аразджытæ. Дон уагъд цæудзæн дыууæ хуыз мигæнæнты – 0,5 æмæ 1 литруат æвгты. Едысы ацы суадоны донæн иттæг хорз гъæд кæй ис, уымæн сфæнд кодтой ам бынаты кондад саразын.

Тедеты Роланд куыд зæгъы, афтæмæй завод уадздзæн «удæгас дон», ома, цæудзæн комкоммæ суадонæй авгмæ. Дæнцæгæн уый æрхаста историон цау. Уæрæсейы паддзах Петр I-æн йæ зæрдæмæ тынг фæцыд ирон бæгæны. Уый бацымыдис кодта йæ саразыны сусæгдзинæдтæм. Бæгæныфыцджыты акæнын кодта, семæ аластой бынæттон дон дæр. Фæлæ уæддæр бæгæны Петр I зæрдæмæ чи фæцыд, ахæм нæ рауад. Иртасджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй алкæцы дон дæр фæндагыл ласгæ-ласын сафы йæ миниуджытæ æмæ йæ сусæгдзинад дæр уый мидæг ис. Кокойты Алан æмæ Тедеты Роланд раст уымæ гæсгæ аскъуыддзаг кодтой сæ завод саразын бæрзонд хæххон хъæуы, суадоны уæлæ.

Едысы хъæуы ма æдзух цæрæг хæдзæрттæ ис æрмæстдæр æртæ. Адæм хуыздæр цардагур фæлыгъдысты æндæр æмæ æндæр рæттæм. Фæлæ куы фехъуыстой, ома, Едысы завод рæзы, афтæ бирæтæ сæ хæдзæрттæ райдыдтой цалцæг кæнын, кæмдæрты та ныккалдтой хæдзæрттæн бындуртæ. Уый та нысан кæны заводы арæзтадимæ иумæ кæй сæндидздзæн хъæу дæр.

Амалиуæггæнджыты ныхæстæм гæсгæ фыццаг рæстæджы завод сараздзæн 15 куысты бынаты. Ныртæккæ сæм цы арæзтадон куыстытæ цæуы, уым архайынц бынæттон цæрджытæ дæр. Райдианы заводмæ хуынд æрцæудзæнис æндæр рæттæй специалисттæ, фæлæ уыдон сахуыр кæндзысты бынæттон цæрджыты æмæ дзы уый фæстæ кусдзысты нæхи специалисттæ.

Фидæны заводы хицæуттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ фæнд у продукцийы фылдæр хай фæсарæнтæм æрвитын. Уыдон фидарæй уырны едысаг суадоны дон Уæрæсе æмæ Швейцарийы базарады йæхи æлхæнджытæ кæй ссардзæнис.

Едысы суадон уагъд цæудзæн «Натурплата» маркæйы бын.

Уыдон ма ныфс æвæрынц фæстæдæр завод рауæрæхгонд кæй æрцæудзæнис. Бакæндзысты дзы æндæр цехтæ дæр. Ныфс æвæрынц ног азы алы ирон бинонтæ дæр сæ фынгтыл кæй æрæвæрдзысты æндæр нозтыты æмрæнхъ «Едыс»-ы «удæгас» дон дæр.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.