НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин телефоны Иорданийы кароль Абдалла II-имæ  ныхас кæнгæйæ, æруынаффæ кодтой Сирийы уавæр æрбæстон кæныны алыгъуызон аспекттыл. Уæлдай хъусдард здæхт æрцыд   сирийаг лигъдæтты  сæ райгуырæн бæстæмæ раздахыны фарстмæ. Путин æмæ Абдалла раарфæ кодтой кæрæдзийæн дыууæ бæстæйы ‘хсæн дипломатон ахастытыл 55 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд.

ДЫУУÆ КОЛЛЕГÆЙЫ ФЕМБÆЛД

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров фембæлд йæ сербаг коллегæ Ивица Дачичимæ. Уынаффæ кодтой Балканты уавæрыл, уæлдай хъусдард Косовойы тыххæй фарстмæ аздахгæйæ. Лавров банысан кодта Мæскуы æмæ Белграды ‘хсæн æфсæддон æмæ æфсæддон-техникон æмгуыстады фарстыты фæдыл æнгом æмгуыстады тыххæй. Йæ рады Дачич дæр банысан кодта, зæгъгæ, дыууæ бæстæйы хорз ахастыты тыххæй дзурæг у дипломатон ахастытыл 180 азы кæй сæххæст, уый дæр.

ПАРЛАМЕНТОН БАЙХЪУЫСТЫТÆ

УФ-йы Паддзахадон Думæйы уыд парламентон байхъуыстытæ пенсион реформæйы фæдыл. Пенсион кар фæфылдæр кæныны тыххæй хицауады закъоны проекты дыккаг бакаст уыдзæн парламенты фæззыгон сессийы. Закъоны проектмæ барасткæнинæгтыл уынаффæ кæндзысты æмбæстагон æхсæнады минæвæртты барасткæнинæгтæ хынцгæйæ, уыимæ закъоны проекты фæдыл фæндæттæ исыны æмгъуыд хаст æрцыд 18 августæй 24-æм сентябрмæ. Байхъуыстыты хатдзæгтæм гæсгæ, депутаттæ сараздзысты кусæгон къорд æппæт бахæсгæ фæндæттæ бахынцыны тыххæй. Æдæппæтæй байхъуыстыты хайад райстой 600 адæймаджы, уыцы нымæцы æмбæстагон æхсæнады минæвæрттæ дæр.

ЦÆТТÆ У НОГ ИМПУЛЬС РАДТЫНМÆ

Мæскуыйы УФ-йы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу æмæ йæ египетаг коллегæ Мухаммед Ахмед Заки ауагътой æфсæддон-техникон æмгуыстады фæдыл иумиаг къамисы фæндзæм рабадт. Фæстаг азты хъахъхъæнынады фадыджы дыууæ бæстæйы æмархайд бæрæг сфидардæр ис. Куыд Уæрæсе, афтæ Египеты хицауад дæр активонæй тох кæнынц террористон тæссагдзинады ныхмæ, фæлварынц Синайаг æрдæгсакъадахы уавæр æрбæстон кæнынмæ. Уæрæсейаг хæцæнгæрзтæ æмæ техникæйæ сæ кæй ифтонг кæнынц, уый сын æххуыс кæны ацы вазыгджындæр хæс среализаци кæнынæн. Шойгу банысан кодта, зæгъгæ, Мæскуы цæттæ у æрмæст æфсæддон-техникон бастдзинæдтæ фæактивондæр кæнынмæ нæ, фæлæ ма сæ египетаг коллегæтæн сæ фæлтæрддзинад бацамонынмæ дæр. Уыцы фæлтæрддзинад УФ-йы Уæлдæфон космикон тыхтæ райстой Æввахс Хурскæсæны террористты ныхмæ тох кæныны рæстæджы. Йæ рады Мухаммед Ахмед Заки дæр хъусдард аздæхта дунейы цы фæсидтытæ æмæ тæссагдзинæдтæ уæвынад кæнынц, уыдоны фæдыл æмхуызон кæй хъуыды кæнынц, уымæ, фыццаг рады терроризм æмæ экстремизмы тыххæй.

ÆРУЫНАФФÆ КОДТОЙ СИРИЙАГ ЛИГЪДÆТТЫ РАЗДАХЫНЫЛ

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров йæ ливайнаг коллегæимæ фембæлды рæстæджы куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Уæрæсе æмæ Ливан æнгом æмгуыстад кæндзысты сирийаг лигъдæтты раздахыны фарстыл. Лавров банысан кодта, зæгъгæ, Мæскуы тырны ацы фарст куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр аскъуыддзаг кæнынмæ. Ныртæккæ Ливаны ис иу милуан æмæ æрдæджы бæрц сирийаг лигъдоны. Уæрæсе Сирийы хицауадимæ иумæ аразынц алцыдæр, цæмæй лигъдæттæ сæ райгуырæн бæстæмæ раздæхой. Ацы процессæн ныхдуртæ нал ис, уымæн æмæ Сирийы фылдæр территори сæрибар æрцыд террористтæй.

СЫСТЫН СÆ КОДТОЙ ФÆДИСМÆ ГÆСГÆ

Æфсæдты цæттæ кæнынц маневртæ «Восток-2018»-мæ. 20-æм августы райсомы 5 сахатыл Уæрæсейы Президенты уынаффæмæ гæсгæ Централон æмæ Скæсæйнаг æфсæддон зылдты, десантон хæйттæ, афтæ ма Дард æмæ Æфсæддон-транспортон авиацийы æфсæдты сыстын кодтой фæдисмæ гæсгæ. Фæстæдæр Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу рабадты куыд бамбарын кодта, уымæ гæсгæ хæстон цæттæдзинады æвиппайды басгæрст уагъд цæуы масштабон маневртæ «Восток-2018»-ы размæ. Сергей Шойгу куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уыцы маневртæ суыдзысты иууыл егъаудæртæ 1981 азæй фæстæмæ. Маневрты ма хайад райсдзысты Китайы æмæ Монголы гарзджын тыхтæ.

ОРГАНИЗАЦИ ÆРЦЫД ХИУÆТТЫ ФЕМБÆЛД

Хуссар Корея æмæ Цæгат Корея сорганизаци кодтой 50-æм азты хæст кæй фæхицæн кодта, уыцы хиуæтты фембæлд. Дыууæ бæстæйы абон сæндидзын кодтой бинонты баиу кæныны практикæ. Цæгат Кореяйы территоримæ сæ бон бацис æрдæгсакъадахы хуссары цæрæг 100 адæймагæн бацæуын, кæцыты хиуæттæ цæрынц Цæгат Кореяйы территорийыл. Уыдонæй бирæтæ кæрæдзи нæ федтой 65 азы, ома, æрдæгсакъадахы хæст корейяг бирæ бинонты куы фæхицæн кодта, уæдæй фæстæмæ. Ахæм фембæлдтытæ ауадзынæн фадат фæцис, дыууæ Кореяйы ‘хсæн ахастытæ куы фæхъармдæр сты, уый фæстæ.

БАХЪАСТ КОДТА ОРГАНИЗАЦИМÆ

Турк хъаст балæвæрдта Дунеон базарадон организацимæ, АИШ æндон æмæ алюминийы импортыл фиддонтæ кæй фæфылдæр кодта, уый тыххæй. Документы туркаг фарс куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ америкæйаг санкцитæ халынц Дунеон базарадон организацийы уагæвæрдты æнæхъæн къорды. Сæрмагондæй, Анкара банысан кодта, зæгъгæ, АИШ июны мæйы фехæлдтой сæрибар базары уагæвæрдтæ, бирæ бæстæты ныхмæ уæлæмхас фиддонтæ бакæнгæйæ. Организацийы уагæвæрдмæ гæсгæ, ныр Анкара æмæ Вашингтон 60 бонмæ хъуамæ бадзурой кæрæдзийы ‘хсæн. Кæд æмæ  нæ бадзурой, уæд уынаффæ райсдзæн Организаци. Уыимæ АИШ дарддæр домы, цæмæй Анкара радта америкæйаг æмбæстаг, аргъуаны службæгæнæг Эндрю Брансоны, кæцы ныртæккæ ис Туркы ахæстоны, 2016 азы паддзахадон фæфæлдæхт саразынæй йæм зæрдæ кæй фехсайдта, уымæ гæсгæ.

УЫДЗÆН ЗÆРДЫЛДАРÆН МАЙДАН

УФ-йы Президент Владимир Путин сфидар кодта «Хъырымы арæзтады тыххæй» зæрдылдарæн майдан, кæцыты дæтдзысты, Хъырмы хиды арæзтадмæ сæ хайбавæрд чи бахастой, уыцы æмбæстæгтæ æмæ компанитæн. Майдан саразыны тыххæй УФ-йы Президенты фæсауæрцон фондæй хицæн æрцæудзæн 27,8 милуан сомы.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.