ЙÆ КЪУХ ÆРФЫСТА БАРАМЫНДЫЛ

УФ-йы Президент Владимир Путин йæ къух æрфыста Барамындыл 2025 æмæ дарддæры азты перспективæйы ядерон æмæ радиацион æдасдзинады фадыджы паддзахадон бындуртæ сфидар кæныны тыххæй. «Ядерон æмæ радиацион æдасдзинад у Уæрæсейы Федерацийы национ æдасдзнады ахсджиагдæр скондтæй сæ иу», – банысанчындæуыд Барамынды. Документ йæ тыхы бацыд къух ыл æрфыссыны бонæй, 13-æм октябрæй.

УЫНАФФÆ КОДТОЙ АЛЫГЪУЫЗОН ФАРСТЫТЫЛ

Египеты президент Абдель Фаттах ас-Сиси официалон балцы  æрцыд Мæскуымæ. УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведев æмæ  Египеты президент сæ фембæлды рæстæджы æруынаффæ кодтой æппæт фадгуыты дыууæ бæстæйы æмгуыстады тыххæй. Дзырдтой иумиаг егъау сæудæджерадон проектты, экономикæйы æмарахайды тыххæй. Уыцы бон изæрæй Египеты перзидент æрцыд Сочимæ, цыран донбылгæрæтты атезгъо кодта Владимир Путинимæ. Уыдон ныхас кодтой улæфджытимæ.  17-æм октябры дыууæ бæстæйы президенттæ  сæ къухтæ æрфыстой стратегион партнерондзинады тыххæй бадзырдыл. «Нæ бæстæты ‘хсæн ахастытæ 70 азы дæргъы рæзынц динамиконæй. Уæрæсейы Федераци нæ бæстæйæн цы æххуыс бакодта, уый баззад Египеты адæмы зæрдæты», – загъта Абдель Фаттах ас-Сиси.

ТЕРАКТ КЕРЧЫ

Знон, 17-æм октябры æмбисбонмæ æввахс, Керчы политехникон колледжы æрцыд срæмыгъд. Срæмыгъдæй дарддæр ма ахуырадон уагдоны цыдысты гæрзифтонг адæймæгтæ æмæ æхстой алкæй дæр. Æфсæддон эксперт Алексей Леонковы хъуыдымæ гæсгæ, террорист иунæгæй нæ архайдта. «Ис хъусынгæнинæгтæ, зæгъгæ, террористы фæндыд амынæтты райсын, цæмæй раразмæ кодтаид цахæмдæр домæнтæ. Фæлæ, æвæццæгæн, цыдæр раст нæ ацыд æмæ уымæ гæсгæ спырх кодта бомбæ. Теракты фæстиуæгæн фæмард 18 адæймаджы, дæсгай адæймæгтæ фæцæфтæ сты. Уагъд цæуынц фæдагурæн куыстытæ.

ФÆМАРД СТЫ ДЫУУÆ ПИЛОТЫ

Куынæггæнæг хæдтæхæг Су-27-ы дыууæ пилоты фæмард сты Украинæйы Виницкы областы æфсæддон ахуырты рæстæджы хæдтæхæг кæй æрхауд, уый фæстиуæгæн. Украинæйы гарзджын тыхты управленийы генералон штабы фехъусын кодтой, зæгъгæ, Су-27-ы бортыл уыдысты дыууæ пилоты,  украинæйаг æфсæддон службæгæнæг æмæ АИШ-ы национ гвардийы уæлдæфон тыхты наускъæрæг. Куынæггæнæг хæдтæхæг хайад иста «Чистое небо -2018»-ы  æфсæддон ахуырты.

 

БАСЫГЪТОЙ ДЕПУТАТЫ МАШИНÆ

Мæскуыйы цур полици фæдагурæн басгæрстытæ уадзы Сергиев Посады горæтон советы депутат Андрей Мардасовы машинæ кæй басыгътой, уый фæдыл. Депутат куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ йæ машинæйы басыгъд бæтты йæ депутатон архайдимæ. «Мæ хъуыды у афтæ æмæ мын мæ машинæ басыгътой Мæскуыйы цур бырæтты полигон «Сахарово»-йы арæзтады ныхмæ тох кæнын кæй райдыдтон, уый тыххæй. Уымæй дарддæр ма, ацы цау гæнæн ис æмæ баст уа мæ архайдимæ, кæцы здæхт у Сергиев Посады магазинты нелегалон куысты ныхмæ, кæцытæ уæй кæнынц æхсæвыгон карз нозт, бар сын нæй, афтæмæй.  Æрæджы æз бахатыдтæн Мæскуыйы цур губернатор Андрей Воробьевмæ, кæцыйы æххуысы руаджы æхгæд æрцыдысты цалдæр ахæм магазины нæ горæты», – загъта уый. Мардасовы ныхæстæм гæсгæ, йын йæ машинæ кæй басыгътой, уый фæстиуæгæн фæхъæстæ газæй æмæ бахауд реанимацимæ. Ныртæккæ йæ цардæн ницыуал тас у.

 

КЪУХТÆ ÆРФЫСТОЙ МЕМОРАНДУМЫЛ

Дамаскы сирийаг хицауад æмæ Хъырымы къухдариуæгады ‘хсæн къухтæ фыст æрцыдысты экономикон æмгуыстады тыххæй меморандумыл, кæцы ссис Сиримæ хъырымаг делегацийы дыууæбонон балцы сæйраг фæстиуæг. Республикæ Хъырымы сæргълæууæг Сергей Аксенов фембæлд Сирийы президент Башар Асадимæ, афтæ ма арабаг республикæйы премьер æмæ бынæттон парламенты сæрдаримæ. «Мах бадзырдтам базарадон хæдзар   æмæ наудзон компани саразыны тыххæй». Аксенов ма радзырдта иумиаг авиакомпани сразгæйæ  Сири æмæ Хъырымы ‘хсæн комкоммæ уæлдæфон бастдзинад æрнывыл кæныны плæнтты тыххæй.

ЙÆ ЦАРДÆЙ АХИЦÆН МАРК КРИВОШЕЕВ

Уый уыд дунеон масштабы советон æмæ уæрæсейаг ахуыргонд. Растдæр уый лæууыд телеуынынады гуырæнты, афтæ ма нымæцон телеуынынады æппæт стандарттæ дæр арæзт цыдысты йæ къухдариуæгады бын, кæцы йæ уарзон куыстæн снывонд кодта йæ царды 70 азæй фылдæр.  Уымæн саккаг кодтой иууыл кадджындæр нæмттæ æмæ хорзæхтæ. 60-æм азты райдианы сорганизаци кодта Сырх фæзуатæй зындгонд комкоммæ эфир, фыццаг космонавт Юрий Гагариныл куыд сæмбæлдысты, уый фæдыл. 1980 азы бæрнон уыд Мæскуыйы Олимпиадæйæ нывты гъæды тыххæй. Легендарон ахуыргондыл цыд 96 азы.

БАБЫРСТОЙ ЛИГЪДÆТТЫ ЛАГЕРМÆ

Сирийы боевиктæ бабырстой Дейр-эз-Зоры провиницийы лигъдæтты лагермæ æмæ раластой 130 бинонты, æдæпптæй 700 адæймаджы бæрц. Кæй аскъæфтой, уыцы сабыр цæрджытæ уыйадыл ист æрцыдысты амынæты æмæ сæ, гæнæн ис, террористтæ спайда кæной «удæгас уарты» хуызы.

 

ИТАЛИ ГÆНÆН ИС ФЕХАЛА ЕВРОЦÆДИСЫ

Италийы ног хицауадон коалици фæнд кæны Герман, Франц æмæ Еврокъамисыл бандавын италиаг хæсы реструктуризацийы фарсты, кæцы гæнæн ис æркæна Евроцæдисы ныппырхмæ. Афтæмæй Рим «расидт хæст» Меркель æмæ Евроцæдисæн. Италийы вице-премьер Луиджи Ди Майо æмæ мидхъуыддæгты министр Маттео Сальвини, кæцытæ домынц Брюсселæй бæстæйы хæдбардзинад, сарæзтой бюджеты проект, цыран хъалонтæ фæкъаддæр кæныны æмæ универсалон æфтиаг 2,4 проценты бæрзонддæр сты бюджеты дефициты Евроцæдисы гæнæнуæвæг нормæтæй. Сальвини æмæ Ди Майойы къухты ис уæзгæ рахæцæнтæ Евроцæдисы паддзахадон хæсты тыххæй, кæцыты руаджы политиктæн сæ бон суыдзæн Еврокъамисы сæргълæууæг Жан-Клод Юнкер, Германы канцлер Ангела Меркель æмæ дунеон валютон фонды сæргълæууæг Кристин Лагардыл бандавын, цæмæй райсой иууыл пайдаджындæр гæнæнтæ сæ хæсы среструктуризаци кæныны тыххæй. Рим æрæвæрдта ахæм уавæртæ, кæцытæ нæ аразынц Брюсселы къух æмæ æппæт уыдæттæ арæзт цæуынц уый тыххæй, цæмæй италиаг æмбæстæгты бафæнда Евроцæдисæй рахизын.

 

ВАШИНГТОН ГÆНÆН ИС БАКÆНА НОГ САНКЦИТÆ

АИШ-ы президент Дональд Трамп банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейæ Китай у стырдæр тæссагдзинад Вашингтонæн æмæ кæны Пекины æруромыны фæнд ног базарадон тарифтæ бакæныны тыххæй æртхъирæнтæй. Трамп бартхъирæн кодта Пекинмæ фиддонты ноджы иу пакет бакæнынæй, кæд æмæ Китай йæхи хæццæ кæна Иугонд Штатты политикæйы, сæрмагондæй, æвзæрстыты, уæд. Трамп фехъусын кодта, зæгъгæ, Пекин йæхи схæццæ кодта 2016 азы æвзæрстыты æмæ ныртæккæ дæр у стыр проблемæ Урс хæдзарæн. Æцæг Иугонд Штаттæ америкæйаг æвзæрстыты хи схæццæ кæныны тыххæй ницахæм аргументтæ æрбавдыстой.

 

НÆ СЫН РАДТА НОМХЫГЪД

Цæгат Кореяйы сæргълæууæг Ким Чен Ын не сразы АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпеойæн ядерон объектты номхыгъд радтыныл, цалынмæ Кореяйаг хæсты формалонæй æруромыны тыххæй декларацийыл къухтæ æрфыссой, уæдмæ. 7-æм октябры Помпео Цæгат Кореямæ йæ балцы рæстæджы бахатыд Ким Чен Ынмæ, цæмæй йын радта æппынкъаддæрæй ядерон объектты хайон номхыгъд, фæлæ йын уый не сразы. Цæгат Кореяйы сæргълæуæг йæ ацы уынаффæ бамбарын кодта, зæгъгæ, уæддæр Иугонд Штаттæ дызæрдыг кæндзысты ацы номхыгъды актуалондзинадыл,  дыууæ паддзахады ‘хсæн æууæнкдзинад кæй не сфидар, уымæ гæсгæ.

 

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.