Ивгъуыд къуыри информагентад «Спутник»-ы конференц-залы ауагъдæуыд пресс-конференци. Хайад дзы райстой хуыйæн фабрикæйы ног къухдариуæгад –  генералон директор Тубеты Инал æмæ йæ хæдивæг Светлана Пархоц.

Куыд зонæм, афтæмæй фабрикæ БТК-4 байгом 2013 азы. Уæрæсейы гом акционерон æхсæнад «БТК-групп»-ы цæстдарды советы сæрдар у Ирыстонæй ацæугæ зынгæ амалиуæггæнæг Боллоты Таймураз. Йæ байгом кæныны нысан уыд нæ адæмæн кусæн бынæттæ саразын æмæ уыдон хæрзвадат уавæрты кусын кæныны.

БТК-4-ы генералон директор фембæлды рæстæджы уынаффæ кодта æмæ журналисттæн лæмбынæг радзырдта куыстуаты уавæртыл. «БТК-4-ы руаджы республикæйы цæрджытæн фадат ис хорз куыстмызд исын æмæ хæрзвадат уавæрты кусынæн. Куыстуаты кусы 609 адæймаджы, кæцытæн арæзт æрцыдысты æппæт æнæмæнгхъæуæг уавæртæ, кусджытæ æнæаргъæй сæрмагонд автобустыл ласт цæуынц цыппар маршрутыл, хуыйæн фабрикæйы ис хæрæндон. Адæм райгонд сты сæ куыстæй. Нæ кусджытæй иуæй-иутæ, æгæрыстæмæй, куыстмæ рацæуынц улæфтыбонты дæр. Анахъом сывæллонджын мæдтæн фабрикæйы территорийыл ис рæвдауæндон, цæмæй сæ сабитæм сæ зæрдæ ма ‘хсайа. Уыдон куыд бакусынц, ууыл баст у сæ куыстмызд дæр, кæцы мæйæ-мæймæ кæны фылдæр. Иумæйагæй хуыйæн фабикæйы хæрдзтæ сты мæй 737 милуан сомы. БТК-4-æй æфтиæгты хуызы Паддзахадон бюджетмæ æрвылмæй дæр цæуы 62 милуан сомы. Куыстмыздыл хардз æрцæуы 612 милуан сомы, Пенсион фондмæ ахынцæм 63 милуан сомы бæрц», – дзырдта фабрикæйы генералон директор.

Уый ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй холдинг «БТК-групп» сæхгæнынмæ  нæ хъавы Цхинвалы хуыйæн фабрикæ, æрæджы социалон хызæджы цы мæнг информаци фæзынд, ома, Хуссар Ирыстоны Президент æмæ Санкт-Петербурджы гом æхсæнад «БТК-групп»-ы сæргълæууæджы æхсæн хъаугъа рауад, зæгъгæ, уый тыххæй дзургæйæ.

«Абоны бон ахæм уавæр нæй, цæмæй фабрикæйæн тас уа сæхгæнынæй. Проект коммерцион нæу, фæлæ социалон. Кæй зæгъын æй хъæуы, республикæйы къухдариуæгад йæ хъусдард здахы хуыйæн фабрикæйы архайдмæ, уымæн æмæ ныртæккæ фабрикæйы æгасæйдæр кусынц Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ. Уыдон куыстмыздæй куыд ифтонг сты æмæ цавæр уавæрты кусынц, уымæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуамæ цымыдис кæна паддзахад», – дзырдта Тубеты Инал.

БТК-4 генералон директоры хæдивæг Светлана Пархоц та æрдзырдта, фабрикæйæн æрвылаз дæр кæй бантысы 250 мин иуæджы цæттæ продукци рауадзын. «Æрвылбон дæр фабрикæмæ кусынмæ æрбацæуы 609 адæймаджы, уыдонæй 454 сты хуыйджытæ, иннæтæ – механиктæ, электриктæ, кæстæр кусæгон персонал æмæ афтæ дарддæр. Махмæ нæй кармæ гæсгæ кусджытæ æвзарыны принцип. Ис нæм 70 æмæ 76 азы кæуыл цæуы, ахæм фæлтæрд кусджытæ дæр. 2015 азы Цхинвалы хуыйæн фабрикæ куысты фæстиуджытæм гæсгæ «БТК групп»-ы филиалты ‘хсæн бацахста фыццаг бынат. Нырма æрæджы кæй скуыста куыстуат æмæ афтæмæй фыццаг бынат кæй бацахста фæлтæрд куыстуæтты ‘хсæн, уый иттæг хорз хъуыддаг у æмæ дзурæг у нæ кусджытæ кæй райстой хорз квалификаци æмæ куыст кæй у æмбæлон æгъдауыл арæзт. Ацы уæлахизæн æмбæлон аргъ скодта Санкт-Петербурджы «БТК-групп»-ы сæйраг офисы кусæгон рабадты гом æхсæнадон акционерты æхсæнады сæрдар Болоты Таймураз. Уый арфæйы ныхæстæ зæгъгæйæ банысан кодта, Цхинвалы хуыйæн фабрикæйы архайдæн кæй ис позитивон тенденцитæ».

Журналистты фарстатæн, ома, республикæйы районты хъавут æви нæ филиалтæ бакæнынмæ хуыйæн фабрикæйæн, уый фæдыл та Светлана Пархоц сдзуапп кодта. «Мах нæма хъавæм нæ куыстуат рауæрæх кæнынмæ. Кæд æмæ заказ кæмæй исæм, уыдон сæ нымæц фæфылдæр кæной, уæд мах дæр ахъуыды кæндзыстæм уыцы фарстыл. Абон уал фабрикæ цы сæрмагонд дарæс хуыйы, уый æрвыст æмæ реализаци цæуы Уæрæсейы уæрæх базарты. Сæрмагонд униформæйæн балхæнæн ис БТК-йы территорийыл цы магазин ис, уым дæр», – загъта БТК-4-ы фабрикæйы директоры хæдивæг.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.