Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ног бæстыхай куы байгом, уæдæй нырмæ дзы арæхæй-арæхдæр райхъуысынц ног, цымыдисон хорз хабæрттæ. Ахæм хорз, æхсызгон хабар та дзы æрцыд æрæджы, 12 апрелы. Уæд ам байгом зоологийы музей. Йæ байгом кæныны церемонийы хайад райстой РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Хуссар Ирыстоны раздæры президент Тыбылты Леонид, ахуыргæндтæ, фысджытæ, нывгæнджытæ, уазджытæ Цæгат Ирыстонæй…

Цалынмæ музей байгом кæныны церемони нæ райдыдта, уæдмæ университеты вокалон-инструменталон ансамбль ирон æмæ уырыссагау сæххæст кодтой цалдæр зарæджы.

Уый фæстæ университеты музейон комплексы сæргълæууæг Хъотайты Еленæ ныхасы бар радта университеты ректор Тедеты Вадимæн. Уый банысан кодта, зæгъгæ мæм университеты музей байгом кæныны хъуыды сæвзæрд цалдæр мæйы размæ. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ мæ ацы фæнд афтæ æнцонæй нæ сырæзтаид, куынæ мын баххуыс кодтаиккой паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли æмæ Уæрæсейы Хуссар Ирыстоны минæвар Гасситы Знауыр, уæд. Стыр æххуыс ма мын, зæгъгæ, бакодтой Бестауты Бала, Бестауты Анатоли, Габаты Владимир æмæ æндæртæ. Уыимæ ма ректор банысан кодта, баххуыс кæныны тыххæй йын ныфс кæй бавæрдтой æндæр адæймæгтæ дæр æмæ мæ, зæгъгæ, ныфс ис, тагъд рæстæджы нæ экспонатты нымæц ноджыдæр кæй фæфылдæр уыдзæнис.

Цæгат Ирыстоны Хæххон-металлургон институты ректор Дмитрак Юри та раарфæ кодта, университеты лектортæ æмæ студенттæн, йæ байгом кæныны мадзалы хайад чи исы, уыдонæн. Уыимæ ма загъта, зæгъгæ, кæд Хуссар Ирыстонмæ арæх не ‘рцæуын, уæддæр мæ алы æрцыды рæстæджы дæр рахатын, уе ‘взонг паддзахад кæй рæзы æмæ размæ кæй цæуы, уый.

Уый фæстæ университеты студенткæ Хъодалаты Маринæ Ирыстоны тыххæй сæх-хæст кодта йæхи фыст зарæг.

– Мадзалы ахсджиаг ахадындзинад æмбаргæйæ мæ райдианы стыр бузныг зæгъын фæнды зарæггæнæг Хъодалаты Маринæйæн. Уымæн æмæ банкъардтон, кæй йын уыдзæнис стыр æмæ хорз æнтыстытæ, – загъта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Уыимæ ма банысан кодта, экспонатты иу хай нырмæ дæр кæй федта. Се ‘ппæт дæр сты зæрдæмæдзæугæ, бирæ цæуылдæрты дзурæг æмæ мæ ныфс ис, дунейы алы континенттæй ноджы цымыдисондæр экспонаттæ кæй исдзыстæм, уымæй», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

              ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.