Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав ныхас кодтой телефоны.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг мæсæллæйы ныхæстæ загъта Зары трагедийы амæттæгты æввахс хиуæттæн æмæ банысан кодта, 20 май æппæт Ирыстон кæй æрымысы æбуалгъ фыдракæнды, кæцы арæзт æрцыд лигъдæтты ныхмæ, æмæ кæй хъынцъым кæны фæмардуæвæг сылгоймæгтæ, кардзыд адæм æмæ сывæллæтты тыххæй.

Бибылты Анатоли, йæхи фарсæрдыгæй банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстоны историйы бирæ ис трагикон фæрстæ æмæ уыдоны мах кæддæриддæр хъуамæ мысæм. Президент Бибылты Анатоли банысан кодта, хъынцъымы æмæ цины хабæрттæ дæр иумæйаг кæй сты Ирыстоны цæгат æмæ хуссар хæйттæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.