Советон Цæдисы дыууæ хатты хъайтар, Монголты Адæмон Республикæйы хъайтар, армийы инæлар Плиты Иссæйы сæрмагонд дзаумæттæ лæвæрд æрцыдысты Цæгат Ирыстон-Аланийы Национ музеймæ, – уый тыххæй хъусын кæны парти «Единая Россия»-йы регионалон хайады пресс-службæ. «Музейон фондмæ уникалон коллекци радтын къухты бафтыд Паддзахадон Думæйы депутаттæ Таймæзты Артур æмæ Мæхъиты Зурабы æмархайды фæрцы. Лæмбынæг иртасæнты фæстиуæгæн бантыст зынгæ инæлары хисæрмагонд дзаумæтты коллекцийы фæдтæ ссарын», – дзырдæуы хъусынгæнинаджы. Æппæт коллекци балхæныны тыххæй баныхæстæ уагъд цыдысты цалдæр мæйы дæргъы.

Баныхæсты фæстиуæгæн парти «Единая Россия»-йæ Паддзахадон Думæйы депутаттæ Таймæзты Артур æмæ Мæхъиты Зураб балхæдтой интерьеры предметтæ, кæцытæ кæддæр уыдысты Иссæ Александры фырт Дзæуджыхъæуы æмбæстæтгæн химæрайст кæм уагъта, уыцы хæдзары, цыран ма 1983 азы онг цардысты йæ мад æмæ йæ хо дæр. Уæд Плийы фырт уыд Советон Цæдисы Уæлдæр Советы депутат.

Дзаумæтты ‘хсæн сты рагон гарнитуры хай, инæлары люстрæ, столылæвæргæ лампæ. Уæлдай стырдæр аргъ скæнæн ис Плиты Иссæ æмæ йæ бинонты къамты альбомæн, кæцытæн сæ фылдæр уый размæ мыхуыр никуы ма æрцыдысты, армийы инæлары пагæттимæ быдырон хæдон æмæ инæлары хæлаф (ныртæкæ уыдон сты Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты Централон музейы «Москва в судьбах полководцев Великой Отечественной войны»-йы равдысты), хисæрмагонд дзаумæттæ æмæ бинонты уæнгты документтæ. Коллекцийы иуæй-иу предметты хъæуы профессионалон реставраци.

«Мæнæн стыр кад у абоны мадзалы хайад кæй исын, уый. Нæ легендарон æмзæххоны дзаумæтты  историон Райгуырæн бæстæм раздахыны нысан у, цæмæй Иссæ Александры фырты мысой бирæ, бирæ фæлтæртæн», – банысан кодта Таймæзты Артур.

Паддзахадон Думæйы депутат, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Цæгат Кавказы æхсæнрегионалон координацион советы къухдариуæггæнæг Мæхъиты Зураб загъта: «Дзаумæттæн саргъгæнæн дæр нæй,  ис сæ ирон адæмы истори. Тынг ахсджиаг у, цæмæй фидæны фæлтæртæ зоной сæ истори, алыхатт дæр хъуыды кæной уыцы хъайтарты æмæ стыр адæймæгты тыххæй, кæцытæ æппæт рæстæджыты дæр кад кодтой нæ адæмæн, нæ Ирыстонæн».

Армийы инæлар Плиты Иссæ райгуырд 1903 азы Цæгат Ирыстоны Зæронд Бæтæхъойы хъæуы. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы уый архайдта Мæскуыйы æмæ Сталинграды сæрыл тохты, Мелитопольскаг, Одессæйаг, Белорусаг, Будапештскаг æмæ æндæр тохты. Цæугæдон Южный Бугы сæрты ахизыны, Одессæйы сæрыл тохты равдисгæ хъæбатырдзинады тыххæй Плиты Иссæйæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном, Квантунсаг армийы ныппырхы æнтысты тыххæй та ссис Советон Цæдисы дыууæ хатты хъайтар. 1962 азы июлæй 1963 азы маймæ командæ кодта советон æфсæдтыл Кубæйы сусæггаг операци «Анадырь»-ы рæстæджы.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.