Армийы инæлар, дыууæ хатты Советон Цæдисы Хъайтар, Цæгат Ирыстонæй рацæугæ Плиты Иссæйы ном сæвæрдтой Волгограды уынгтæй сæ иуыл. Уый тыххæй информацион агентад ТАСС-æн фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны ветеранты советы сæрдары хæдивæг, авиацийы инæлар-майор Бедойты Руслан.

«Волгограды ног арæзт уынгæн радтой нæ зынгæ æмзæххон, армийы инæлар, дыууæ хатты Советон Цæдисы Хъайтар Плиты Иссæйы ном. Ныр уым цы адæм цæрынц, уыдонæн фадат уыдзæн инæлары сгуыхтдзинæдтæ базонын, сæ горæт, Сталинград кæй хуыдтой, уый бахъахъхъæныныл куыд архайдта, уый тыххæй», – загъта Бедойы фырт.

Волгорады уынгæныл Плийы фырт ном радтыны инициативæ равдыста горæты ирон диаспорæ. Ирон диаспорæйы минæвæрттæ ма фæнд кæнынц горæты администрацимæ курдиат бадæттын, артиллерийы инæлар-майор, Советон Цæдисы Хъайтар, Цæгат Ирыстонæй рæцæугæ Карсанты Хъазыбеджы ном радтын.

Армийы инæлар Плиты Иссæ райгуырд 1903 азы Цæгат Ирыстоны Зæронд Бæтæхъойы хъæуы. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы уый хайад иста Мæскуы æмæ Сталинграды сæрыл тохты, Мелитополы, Березнеговато-Снигиревск, Одессаг, Белорусаг, Будапештаг æмæ Прагæйаг операциты. Цæугæдон Хуссар Бугыл ахизыны, Одессæйы сæрыл тохты æхсардзинад æмæ хъайтардзинад равдисыны тыххæй Плийы фыртæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном; Квантунаг арми ныппырх кæныны йе ‘нтыстыты тыххæй ссис дыууæ хаты Советон Цæдисы Хъайтар. Карибаг кризисы рæстæджы, 1962 азы июлæй 1963 азы маймæ къухдариуæг кодта Къубæйы советон æфсæдты къордыл сусæг операци «Анадырь»-ы рæстæджы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.