Хуссар Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-æн уæрæх æмæ алыварсон сты, æрвылбон дæр кæй бацæттæ кæны æмæ кæй радæтты,уыцы телералæвæрдтæ. Уыдонæй кæстæр кары телекæсджытæн уарзон уыдис «А-лол-лай». Уый эфиры рагæй цыдис,  цæттæ йæ чи кодтой, уæхскуæзæй йыл чи куыстой, уыцы сфæлдыстадон коллектив-иу развæлгъау ахъуыды кодтой алæвæрды актуалондзинадыл, куыстой йыл лæмбынæг æмæ бæстон, цæмæй йæ мидис æмæ архайдæй дæр æмбæлдаид телекæсджыты зæрдæйыл. Зæгъын хъæуы,  уый сæ къухты кæй æфтыд, кæй æлхæдтой сабиты, нæ рæзгæ хурты зæрдæтæ. Уый нæ, фæлæ ма хистæр кары адæм æмæ ныййарджытæ дæр ралæвæрдыл æмбæлдысты хорз зæрдæйы уагимæ æмæ дзы кæй истой стыр æхсызгондзинад.

 Алæвæрды тексттæ цæттæ кæныныл бирæ фыдæбон кодта Уанеты Ямзе. Уый, цалдæр азы размæ мемæ ныхас кæныны рæстæджы бафиппайдта, зæгъгæ, йæ нысан у, цæмæй алы алæвæрд дæр хъуамæ хицæн кодтаид куыд йæ мидисæй, афтæ йæ архайджыты змæлдæй дæр. Уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон нæ уыд, фæлæ йæ цæттæгæнджытæ æнкъардтой бæрндзинад нæ чысыл хурты раз æмæ йæм æнæрхъæцæй уымæ æнхъæлмæ кастысты телекæсджытæ, сæ кармæ нæ кæсгæйæ.

 Фæлæ зæгъын хъæуы, «А-лол-лай» ныр цасдæр рæстæджы йæхи нал æвдисы, нал дзы вæййы ралæвæрдтæ, кæд æм æрвылизæр дæр фенхъæлмæ кæсынц, уæддæр. Нæу зындгонд адæмæн, цы аххосагмæ гæсгæ нал вæййынц «А-лол-лай»-ы алæвæрдтæ, сабиты та фæнды, цæмæй та ногæй кæсой сæ уарзон телеалæвæрдмæ.

                                                                ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.