Мæ бонзонгæ царды æппæтæй фылдæр уарзын скъолайы дзæнгæрæджы хъæр. Бацыдтæн урокмæ æмæ мын сабитæ салам радтой:

– Дæ райсом хорз, ахуыргæнæг!

Æз сæм мæ мидбылты бахудтæн, уыдон мын разыйы дзуапп радтой. Æмæ та райдыдта нæ урок. Ахуыргæнæг æмæ скъоладзауты урок. Мадæлон æвзаджы урок. Цы ис цымӕ ахӕм ӕмгуыстадᴁй хуыздæр, кӕрӕдзийы ӕмбарынадӕй?! Фӕлӕ, хъыгагӕн, алы хатт афтӕ нӕ вæййы… Кӕд тынг бирӕ нӕ бакуыстон скъолайы, уӕддӕр арӕх ахӕссын мӕ цӕст мӕ ивгъуыд фӕндагыл. Алы аз дӕр дзы йӕхирдыгон фӕд ныууагъта мӕ зӕрдӕйы, мӕ сагъӕсты, мӕ хъуыдыты, мӕ царды. Цас бӕллицтӕ мӕм уыдис, университет каст куы фӕдӕн ӕмӕ скъолайы кусын куы райдыдтон, уӕд. Афтӕ мӕм каст, цыма скъоладзаутимӕ кусынӕй никуы бафсӕддзынӕн. Фӕлӕ мӕ рӕсугъд бӕллицтӕ атадысты мӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ фыццаг фембӕлды фӕстӕ: ӕз не ‘мбӕрстон мӕ хъомылгӕнинӕгты, уыдон не ‘мбӕрстой – мӕн. Цӕуылнӕ ӕмбарӕм кӕрӕдзи? Цы ‘рцыд? Уӕдӕ нын кусынӕн дӕр ӕвзӕр уавӕртӕ куы нӕ ис. Ацы хъуыды мын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта. Æмӕ йӕ фӕстӕдӕр бамбӕрстон. Университеты ахуыргӕнгӕйӕ мӕм тынг нӕ хъардта мадӕлон ӕвзаджы уӕззау уавӕр. Ныр скъолайы къӕсӕрӕй куы бахызтӕн, уӕд мӕ сагъӕстӕ сӕ уӕлныхты систой. Уыдон уыдысты, мадӕлон ӕвзагмӕ ногæй хъус дарын куы райдыдтой, уыцы фыццаг азтӕ. Ау, мадӕлон ӕвзагӕн нӕй бауарзын кӕнӕн? Мадæлон куы у?! Куыд тынг тӕхуды кодтон иннӕ предметты ахуыргӕнджытӕм, цас ӕнцондӕр уыдис уыдонӕн кусын: нымайынц дӕ, «сæйраг предмет» чи амоны, ахæм ахуыргӕнӕгыл де скъоладзаутӕ, дӕ предмет дын ахуыр кӕнынц, ӕмбарынц дӕ, ис дын алыхуызон ӕрмӕг. Ацы сагъӕс ӕрмӕстдӕр ирон ӕвзаджы ахуыргӕнджытӕ бамбардзысты…

Æмæ мæнæ иу ахæмы фæкомкоммæ дæн мæ хъомылгæнинæгты цæстытæм, сагъдæй аззадтæн. Цы федтон  уагæры уыцы цæстыты? Иртæст мадæлон бындурæй, æвзагæй, культурæйæ, æгъдæуттæй. Цы ма сæм баззад ирондзинадæй? Æппындæр ницы. Афтæ мæ куысты зындзинадæн йæ сæйраг æфсон сбæрæг кодтон. Ныр ыл фæхæст дæн, бамбæрстон, цæуылнæ мæ æмбарынц, цæмæн мæм кæсынц уазал, æцæгæлон цæстæнгасæй. Æмæ æрфæсмон кодтон, аххосджыныл скъоладзаутæн сæхи кæй нымадтон, ууыл. Ме скъоладзау, цæмæн дын-иу бакодтон уайдзæф? Мæ маст дæуæй цæмæн истон? Чи дæ æркодта ахæм уавæрмæ? Ирон мад! Куыд бацис дæ бон æмæ дæ хъæбулы хъомыл кодтай мадæлон æвзаджы æхцон зæлтæй иппæрдæй, нæ йын зарыдтæ «А-лол-лай», нæ йын кодтай нæ диссаджы аргъæуттæ мадæлон æвзагыл!.. Ирон фыд! Чи дын радта ахæм бартæ, æмæ дæ сывæллонæн нæ бацамыдтай, нæ загътай, цы у мадæлон æвзаг? Нæ рæсугъд æгъдæуттæ, лæгдзинад, хъæбатырдзинад, уæздандзинад, æфсарм нæ уыдысты сæ бындур дæ хъомыладæн. Цæмæн у ныр афтæ зын уæ хъæбултæн, уæ фæстагæттæн, ирон ныййарджытæ? Нымайæм, дарддæр аххосджын чи уыд, уыдоны? Нæ, алчи дæр сæ зоны. Мæ зæрдыл арæх æрлæууы иу æмбисонд. Бирæгъы, дам, бафарстой, æппæты тыхджындæр чи у зæххыл. Уый сын дзуапп радта: «Адæймаг, фæлæ йæм ис иу лæмæгъдзинад – фæстæмæ кæсын нæ зоны». Цыдыстæм размæ нæ риуæмбæрц æмæ хорзæй цы сарæзтам, уымæн абон не ‘ппæт дæр – æвдисæн. Æмæ бавнæлдтон ирон адæмы удварны хæзнатæй пайда кæнынмæ. «Чи дæн æз?», – ахæм фарстæй райдыдтам нæ куыст. Дзуапп радтыныл ын архайдтам иумæ, æз æмæ мæ хъомылгæнинæгтæ. Иу урок иннæйы ивта. Зын уыди, фæлæ арфæйаг куыст. Мæнæ ме скъоладзауты цæстыты раз сыстадысты нæ рагфыдæлты царды хабæрттæ, сæ хъæздыг, цымыдисаг æмæ тæссаг истори. Тынг дисы сæ бафтыдта иу хъуыддаг: дунейы зындгонддæр ахуыргæндтæ цы æвзаг иртæстой, уый кæд разынд нæ мадæлон æвзаг! Нарты Уырызмæг æмæ Хæмыц, Сослан æмæ Батрадз, нарты иннæ хъайтартæ дисы æфтыдтой ме скъоладзауты сæ хъæбатырдзинадæй, сæрыстырдзинадæй, уæздандзинад æмæ æмуддзинадæй. Уый урочы ирон æвзаг сдзырдта рагон ирайнагау, цæмæй фæлтæртæ бамбарой, æнусты тымыгътæй сæм кæй æрхæццæ æмæ йæ хъахъхъæнын кæй хъæуы. Йæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ цард чи радта, йæ уæздандзинад æмæ лæгдзинадæй адæмты йæхимæ чи æркæсын кодта, Ирыстоны кад бæрзонд чи хаста, йæ мадæлон æвзаг, йæ рæсугъд æгъдæуттæ, йæ ирондзинад зын рæстæджы дæр чи нæ ферох кодта, уыцы буц хистæрты хуызæн суæвын уæ цалы бафæн-дыд, ме скъоладзаутæ?

Иу урок иннæйы ивта, ивтой ме скъоладзаутæ дæр сæ цæстæнгас мадæлон æвзагмæ. Кæрæдзийы хуыздæр æмбарын райдыдтам… Нæ бæрæгбоны изæрты, равдыстыты æз бамбæрстон, куыд тынг фæивтой, сæ миддуне куыд фæхъæздыгдæр, куыд сæ фæндыд фылдæрæй-фылдæр зонын. Æмæ мæнæ иуахæмы федтон мæ хъомылгæнинæгты цæстыты цин æмæ сæрыстырдзинады цæхæртæ. Уый уыди нæ фыццаг уæлахиз. Фæлæ нæ къухты ницы бафтыдаид, нæ фарсмæ хорз зондамонджытæ куы нæ уыдаид, нæ рæдыдтытæ нын чи амыдта, хуыздæр фæндагыл-иу нæ чи фæраст кодта, алы уавæртæ дæр нын чи арæзта нæ куысты. Не скъола та ахæм фæрнджын адæмæй цух никуы уыд. Дарддæр цы фæндагыл цæуæм, уым нæ размæ бирæ зындзинæдтæ æмæ цæлхдуртæ ис. Фæлæ йыл ныр æнцондæр у цæуын, кæрæдзи æмбаргæйæ. Мæн уырны, тагъд рæстæджы не ‘ппæт дæр зæрдæбынæй кæй зæгъдзыстæм:

 

Куыд хорз, куыд кадджын дæ мæ цæсты

Мæ ирон, мадæлон æвзаг…

 

Æмæ нын афон у бамбарынæн дæр. Абон, ирон адæмы фидæныл хъуыдыгæнгæйæ, хъомыл кæнын хъæуы ног фæлтæр, кæцыйæн зынаргъ  уыдзысты йæ мадæлон æвзаг, истори, культурæ, æгъдæуттæ… Тынг хорз æй æмбарæм, Ирыстоны абоны зын уавæрæн дæр йæ сæйрагдæр аххосæгтæй иу кæй у, бирæ азты мадæлон бындурæй иппæрд фæлтæр хъомылгонд кæй цыд, уый. Уыцы фæлтæры та тынг не ‘ндавы Ирыстоны æмæ йæ адæмы хъысмæт, уымæн æмæ алчи дæр йæ рæстæджы хъомылгонд у. «Мадæлон æвзагмæ былысчъилæй чи кæсы, йæ ахадындзинад æмæ царды цы бынат ахсы, уый чи не ‘мбары, æцæгæлон цæстæй йæм чи кæсы, уыцы ирон адæймаг канд æвзаг нæ, фæлæ миддунейæ у æдых, мæгуыр, æдзыт æмæ æнæ фидæн» (Абайты Васо). Æмæ цымæ, миддунейæ æдых, мæгуыр, æдзыт æмæ æнæ фидæн чи у, ахæм адæймаг хорзæй исты сараздзæн? Ницы… Æмæ та райхъуыст дзæнгæрæджы хъæр. – Хорзæй баззай! – Фæндараст ут! Сымах мæм уæ мидбылты бахудтыстут, æз уын разыйы дзуапп радтон. Афтæ фæвæййы нæ урок, ахуыргæнæг æмæ скъоладзауты урок, мадæлон æвзаджы урок. Уадз, хуыздæрæй-хуыздæр, хъæздыгæй-хъæздыгдæр, зынаргъæй-зынаргъдæр кæнæд бонæй-бонмæ, азæй-азмæ мадæлон æвзаджы урок, уымæн æмæ мадæлон у æмæ мады ад кæны.

УАЛЫТЫ Татьянæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.