Мад… Куыд фæлмæн æмæ адджын у ацы дзырд. Ницы ис мадæй зынаргъдæр, мадæй адджындæр. Чи æмбары сывæллоны рыст мадæй хуыздæр! Ницæимæ йын ис абарæн мады уарзтæн. Йæ уарзт у тых æмæ ныфсдæттæг. Йæ фæлмæн къухтæй авдæн чи фæузы, уарзон хъæлæсæй “А-лол-лай”-йы зарæг чи фæкæны. Цæй амондджын у уыцы саби, мад йæ фæлмæн хъæбысы кæй фæрæвдауы, йæ зæрдæйы хъармæй кæй батавы.

Ныййарæг мадæн йæ æгъуыссæг æхсæвтæн, йæ лæггæдтæн, йæ хæрзтæн бафидæн ницæмæй ис а-зæххыл. Стæй домгæ дæр куы ницы фæкæны фæлмæн ныхасæй дарддæр. Уый йедтæмæ, куыд балæггад кæнай дæ ный-йарæгæн, афтæ дын балæггад кæндзысты сомбон дæхицæн дæр дæ цот.

                           * * *

Иу лæппу йæ мады æхсæвæр бахæрынмæ акодта зынаргъ ресторанмæ. Мад зæронд æмæ æнæбон кæй уыди, уымæ гæсгæ-иу цы хордта, уый брæттæ калдысты фынгмæ æмæ зæхмæ. Рестораны ма чи уыд, уыдонæй иуæй-иутæ зæронд усмæ æлгъаг каст кодтой. Фæлæ-иу йæ фырт сыстад, салфеткæйæ-иу йæ мады былтæ фæлмæн сæрфт акодта æмæ та-иу æрбадт.

Æхсæвæр куы бахордтой, уæд лæппу æнæзивæгæй йæ мады къухтæхсæнмæ бакодта, уым ын йæ уæлæдарæс æрцагъта, йæ сæрбæттæн ын ногæй бабаста, бараст ын кодта йæ кæсæнцæстытæ, æмæ сæ цыд дуарæрдæм акодтой.

Æппæт уыцы митæм рестораны уæвджытæ æнцад кастысты. Уæд дын лæппумæ иу зæрондгомау, рестораны чи бадт, ахæм лæг фæстейæ бадзырдта:

– Лæппу, афтæ дæм нæ кæсы, æмæ цыдæр ныууагътай?

– Нæ, мæ буц хистæр, ницы! – дзуапп ратта лæппу.

Нæразыйы тылд бакодта йæ сæр зæронд лæг æмæ йын  загъта:

– Куыд нæ! Ды ам ныууагътай алы фыртæн дæр зонды скъола, алы ныййарæгæн та – ныфс!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.