Уæрæсейы Федерацийы Экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаров æмæ РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли азылдысты Инвестицион программæйы объекттыл. Бабæрæг кодтой Паддзахадон университеты бæстыхайы, 3-æм иумæйаг ахуырадон скъолайы арæзтад, медицинон кластер, Гуыбаты æфсымæрты уынгыл арæзтцæуæг бирæфатерон хæдзар, Уанат-Цхинвалы донæмбырдгæнæн, «Ир-базальт»-ы завод æмæ æндæр ахсджиаг объекттæ.

Райдианы бацыдысты Тыбылты Александры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетмæ. Ам сыл фембæлд университеты ректор Тедеты Вадим. Уазджытæ азылдысты æмæ сæхи цæстæй федтой, студенттæ цы аудиториты ахуыр кæнынц, уыдон куыд уæрæх æмæ хæрзвадат сты. Студенттæн арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ дæр: егъау актон зал, библиотекæ, кæсæн зал, лингофон кабинет, компьютерон къластæ, музей. Уымæй дарддæр уазджытæн фенын кодтой университеты территорийыл цы спортивон комплекс ис егъау залимæ, уый дæр. Сергей Назаровы зæрдæмæ тынг фæцыд университеты бæстыхай.

Уазджытæ бацыдысты нæ горæты 3-æм скъолайы бæстыхайы арæзтадмæ дæр. Ам куыстытæ цæуынц æнæкъуылымпыйæ, скъо-ла рæзы тагъд темптæй. Аразгæ та йæ кæны бынæттон подрядон организаци «Бадо». Скъола арæзт цæуы 200 сывæллонæн. Йæ арæзтадон фæзуат у 4 200 квадратон метры бæрц. Ам ныртæккæ архайынц цалдæр брига-дæйы. Фæлæ сæм ис æрхонгæ специалисттæ дæр.

Уазджытæ æмæ нæ бæстæйы Президент цымыдис кодтой, арæзтад эксплуатацимæ лæвæрд кæд хъуамæ æрцæуа, уымæ. Уый фæдыл Архитектурæ æмæ арæзтады министр Зæгъойты Эдуард загъта, зæгъгæ, проектмæ гæсгæ куыст графикæй цæуы бирæ раздæр. Алчидæр хорз æмбары, ацы скъолайы ахуыргæнджытæ, ахуыргæнинæгтæ æмæ ныййарджытæ дæр æнæрхъæцæй кæй æнхъæлмæ кæсынц се скъолайы арæзтадмæ, уый. Кæд арæзтадæн лæвæрд цыд дыууæ азы æмгъуыд, уæддæр арæзтадон фирмæ тырны, цæмæй 2021 азы 1-æм сентябры скъола æрбакæна йæ дуæрттæ ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæн. Скъолайы кæрты сырæзт йæхи модулон хъармгæнæн. Уый та нысан кæны, ома, рухс куы ахуысса, уæд дизелон генератор йæхæдæг скусдзæнис æмæ рухсы аххосæй скъолайы ахуыртæ нæ бакъуылымпы уыдзысты. Æппæт уыцы ногдзинæдтæ уазджыты зæрдæмæ тынг фæцыдысты. Скъола фæндагæй арæзт 7-8 метры мидæгдæр кæй æрцыд сывæллæтты æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй, уый дæр УФ-йы æрцæугæ уазджытæ банымадтой хорзыл.

АЗЫЛДЫСТЫ ИНВЕСТПРОГРАММÆЙЫ ОБЪЕКТТЫЛ

Дарддæр сæ фæндаг акодтой Республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ. Уым сыл фембæлд Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министр Наниты Сослан. «Медицинон центры сæйраг нысан у цæрджытæн фыццаг медико-санитарон, сæрмагонд æмæ технологон-медицинон æххуыс бакæнын. Уый тыххæй абон медицинон центры ис æппæт фадæттæ дæр. Кæд экстремалон цаутæ фæзыны, уæд та рынчынтæ æрвыст æрцæуынц республикæйæн æдтæмæ», – загъта Наниты Сослан.

Уырдыгæй та УФ-йæ æрцæугæ уазджытæ сæ балц акодтой ЦАРЗ-ы микрорайоны Гуыбаты æфсымæрты уынгыл, раздæры цы фондзуæладзыгон хæдзар рæзы, уырдæм. Арæзтадон фирмæ «СТМ-Юг»-ы къухдариуæггæнæг уазджытæн радзырдта, куыстытæ хорз темптæй кæй цæуынц. Хæрзарæзт æрцæудзæнис кæрт дæр. Уазджыты цымыдис кодта фатерты квадратурæ æмæ цæмæй       ифтонг æрцæудзысты, уыцы фарстатæ.

Сергей Назаров æмæ Бибылты Анатоли бабæрæг кодтой Уанат-Цхинвалы донуадзæн магистралон хæтæлæн Присы хъæумæ хæстæг арæзт цы дыууæ егъау донæмбырдгæнæн бассейнтæ арæзт æрцыд, уыдон дæр. Ам куыстытæ цы генподрядон организаци ООО «СТМ-Юг» æххæст кæны, уыдон минæвар куыд радзырдта, афтæмæй сæйраг куыстытæ ныридæгæн фæуд сты. «Проекты аргъ у 400 милуан сомы. Донуадзæны дæргъ та у 16 км. бæрц. Проекты арæзтад йæхæдæг вазыгджын у. Фæлæ нын ацы хъуыддаджы хорз æххуыс кæнынц ГУП «Водоканал». Уыдон руаджы хæтæлтæ уагъд æрцыдысты ахæм бынæтты, цæмæй мацы зиан æрхæссой горæты инфраструктурæйæн. Горæты цæрджытæ Цхинвал-Уанаты доны хæтæлæй нырæй фæстæмæ исдзысты 9 мин кубометр дон иу суткæйы мидæг. Дзомагъæй цы дон цыд, уымæн та иу алы уалдзæг дæр йæ дебет æрхауд æмæ цæрджытæ тыхстысты æнæ донæй. Уæрæсейы экономикон рæзты министры хæдивæг цымыдис кодта донæн йæ райдайæн кæм ис, уым куыстытæ капиталонæй арæзт æрцыдысты æви нæ, уымæ. «Советон рæстæджы дæр уым арæзт уыд  цъайтæ фæлæ фесты сыджыты бын. Мах басур кодтам цъыфдзаст бынæттæ æмæ уым арæзт æрцыд дренажтæ. Красноярскæй хуынд æрцыд фæлтæрд специалисттæ. Уыдон нывæзт сарæзтой донуадзæн систе-мæйæн, бахынцыдтой æппæт дæр, цæмæй горæтмæ дон æнæкъуылымпытæй цæуа», – загъта Гуырцъыты Эльбрус.

АЗЫЛДЫСТЫ ИНВЕСТПРОГРАММÆЙЫ ОБЪЕКТТЫЛ

Кæронбæттæны та уазджытæ бацыдысты, нæ республикæйы цы ног кондад рæзы», – «Ир-Базальт», зæгъгæ, уырдæм. Йæ генералон директор Джиголаты Роман уазджыты базонгæ кодта, кондад цы куыст кæндзæнис, равдыста сын цы базальтон таг уадздзæн, уыдон хуызæгтæ. «Базальтон таг у хъæрмады уникалон изоляцигæнæн æрмæг. Базальтон тагæй уæрæхæй пайда кæнынц хæдзæрттæ хъарм кæныны, суанг наутæ аразыны дæр. Куыстуат йæхæдæг æмæ дзы мидæгæй чи кусой, уыдонæн у æдас. Экономикон æгъдауæй та у перспективон. Уымæн æмæ геологтæ куыд амонынц, афтæмæй Хуссар Ирыстон хъæздыг у базальтæй.

«Мах ныфс ис, кондад размæ кæй ацæудзæнис. Суткæйы мидæг пец дон кæндзæнис 600 кг. базальтон дур. Технологимæ гæсгæ базальтæй райсæн ис 97 проценты таг. Иннæ æртæ проценты дуры умæлад, кæцы байсысы кондадон процессы рæстæджы тæвд пецы. Цыдæриддæр базальты зианхæссæг буарадтæ ис, уыдон баззайынц йæхи мидæг æмæ кондады кусджытæн зиан ницы хæсдзæнис. Экологийæн дæр уыдзæнис æдас», – радзырдта Джиоты Роман. Уый ма куыд загъта, афтæмæй райдиан этапы завод уадздзæн æртæ хуызы продукци: таг, арматурæ æмæ базальтон  шнур. Амалиуæггæнæг ма куыд загъта, афтæмæй базальты цы минералон буарадтæ ис – магни, кальций, калий, кремний, титан, натрий, марганец, уыдон судзгæ нæ кæнынц. Уый ма радзырдта УФ-йы Инвестицион агентад «Альфа-Надежда» кæй у «Ир-Базальт»-ы бындурæвæрæг. Æмæ базальтон продукцийы хуызтæ, кæцытæ кондад уадза, уæрæсейаг базары дæр уæй цæудзысты «Альфа Надежда»-йы фæрцы. 200 милуан сомы рахицæн æрцыд инвестицион агентады фæрцы коммерцион структурæтимæ. Фæрæз-тæ, кæцыты радтой кредиты хуызы, хъуамæ фыст æрцæуой 10 азы æмгъуыдмæ.

Азылды фæстиуджыты тыххæй УФ-йы Экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаров журналисттæн афтæ загъта: «Æз райгонд дæн иумæйаг тыхтæй нæ бон кæй у скъуыддзаг кæнын, цы проблемæтæ ис, уыдон. Ноджыдæр æркæсдзыстæм, аскъуыддзаг кæныны стадийыл чи ис, уыцы фарстатæм дæр. Абоны азылдæй æз бамбæрстон Хуссар Ирыстоны Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы социалон нысаниуæгджын объекттæ рæзы, уыдон арæзт кæй цæуынц гъæдджынæй. Дарддæр дæр УФ цæттæ у уемæ кусынмæ, цы фарстатæ уæм æвзæра, уыдон та скъуыддзаг кæндзыстæм оперативонæй æмæ эффективонæй».

Йæ рады Бибылты Анатоли та загъта: «УФ-йæ æрцæугæ уазджытимæ мах дзырдтам Инвестпрограммæ реализаци кæныны фарстатыл. Дзурдзыстæм паддзахадон æмбæстагон службæйы кусджытæн, бюджеты сферæйы чи кусы, уыдонæн дæр сæ куыстмыздтæ фæфылдæр кæныныл. Сразыдзинадыл къухтæ æрфысдзыстæм цалдæр боны æмгъуыдмæ. Къахдзæфтæ ма сарæзтам, Уæрæсеимæ арæныл уæзтæ æмæ товартæ ласыны æмæ транспортон фæрæзты цæуыны хъуыддаг фæрогдæр кæныны тыххæй. Нæ республикæ размæ кæй цæуы, уымæн та æвдисæн сты Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы инфраструктурæйы объекттæ, скъолатæ, сывæллæтты цæхæрадæттæ, фæндæгтæ арæзт æрцыд æмæ цæуы, уыцы цаутæ».

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.